Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуыргæнинæгтæ ауагътой хъæлдзæг ногазон мадзал. Мадзал бацæттæ кодта сæ къласгæс, скъолайы англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Зассеты Анжелæ сценари  «Ногазон лæвæртты къæрных»-мæ гæсгæ. Райдианы скъола-дзаутæ азарыдысты ногазон арфæтимæ зарæг «Тик-так». Мадзаламонæг Гæджиты Анжелæ ракодта ногазон арфæтæ æмæ назбæласы бынмæ рахуыдта Митын Дадайы. Уый фæстæ Митын Дада рахызт  катайгæнгæ æмæ загъта, кæй фесæфтысты йæ ногазон лæвæрттæ сабитæн æмæ йæ кæй хъæуы, чи йын баххуыс кæна се ссарынæн, ахæм æмбæлттæ. Равдысты равæрдмæ гæсгæ сценæмæ рахызтысты сценарийы персонажтæ – Кощей, Баба-Яга, Иванушка-дурачок, къæрныхтæ æмæ æндæртæ.

Мадзалы рæстæджы сабитæ се ‘ппæт дæр аив бакастысты æмдзæвгæтæ, азарыдысты хъæл-дзæг зарджытæ æмæ сæххæст кодтой алыгъуызон кæфтытæ, Баба-Ягайы роль æххæстгæнæг Бететы Джесикæ та азарыд зарæг «Потолок ледяной».

Кæй зæгъын æй хъæуы, ногазон назбæлас æмæ Митын Дадайæн уæвæн нæй æнæ Митын Чызгæй. Уый та, сценарийы равæрдмæ гæсгæ, адавтой къæрныхтæ æмæ йын бахъуыд баххуыс кæнын. Митын Чызджы ссæрибар кæнынæн Митын Дадайæн  баххуыс кодтой Иванушка-дурачок æмæ Баба-Яга.

Мадзалы кæрон Митын Дада æмæ Митын Чызг сценæмæ рахуыдтой аргъауы персонажты се ‘ппæты дæр æмæ сын бакодтой ногазон лæвæрттæ – адджинæгты ногазон фæлыст къоппытæ. Уый фæстæ азарыдысты ногазон хъæлдзæг зарæг.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.