Хицауады сæрдар Джусойты Константин ауагъта æмбæстæгты химæрайст сæрмагонд фарстыты фæдыл, кæцыйы рæстæджы байхъуыста 15 адæймаджы куырдиæттæм.

Химæрайсты рæстæджы уыдысты хицауады сæрдары æххуысгæнджытæ, афтæ ма хицауады аппараты къухдариуæггæнæг, кæцытæ лæвæрдтой æнæмæнгхъæуæг комментаритæ алы куырдиаты фæдыл.

Æмбæстæгты куырдиæтты фылдæр хай уыдысты бизнес сорганизаци кæнын, царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын, хæдзæртты алыварс территориты уавæр фæхуыздæр кæнынæн æххуыс бакæныны фæдыл.

Хицауады сæргълæууæгмæ бахатыдысты рационалон фæндимæ – столицæйы территори фæхуыздæр кæнын хъæуы, зæгъгæ.

Джусойты Константин банысан кодта, зæгъгæ, цæрджытимæ сæрмагонд фем-бæлдтытæ, æмбæстæгты куырдиæттимæ куыст, сты паддзахадон хицауады органты архайды сæйраг хай.

«Куысты ахæм формат фадат дæтты адæймагæн йæхицæй информаци фехъусын æмæ æмбарын, не ‘мбæстæгты цы тыхсын кæны, уый. Ахсджиаг у уый, уымæн æмæ адæм æрмæст сæрмагонд проблемæты фæдыл нæ бахатынц, фæлæ ма бавдисынц проекттæ, кæцытæ иумæйагæй актуалон сты республикæйы цæрджытæн. Нæ республикæйы фæрныгад бирæ бæрцæй баст у нæ адæмыл», – загъта Джусойты Константин.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.