Советон Цæдисы рæстæджы 1-æм май хуынд Фæллойгæнджыты дунеон æмзæрдæдзинады бон, адæм цыдысты демонстрациты, фæлæ куыдфæстагмæ фесæфта йæ политикон характер æмæ ныр та бирæ бæстæты 1-æм май нысан кæнынц, куыд дунеон бæрæгбон – Фæллойы бон, афтæ. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы 1-æм май уыд революцийы, къласон тохы символ, уыдис ын политикон нысаниуæг.  Адæм-иу демонстрациты куы рацыдысты, уæд-иу сæ цæсгæмттыл зынд цины æнкъарæнтæ, сæ уæхсчытыл-иу хастой сæ чысыл сывæллæтты. Фæлæ, нырыккон Уæрæсейы дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр 1-æм май нал у демонстрациты, лозунгты, тырысаты æмæ резинæйæ къориты бæрæгбон.

Уæрæсейы империйы 1-æм май фыццаг хатт нысан æрцыд 1891 азы Санкт-Петербурджы, уæд уагъд æрцыд кусджыты нелегалон æмбырд. 1897 азæй фæстæмæ та майы бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой массон демонстрацитæй. 1917 азы 1-æм май  фыццаг хатт æргомæй нысан æрцыд ацы бæрæгбон æмæ бæстæйы æппæт горæтты милуангай кусджытæ рацыдысты уынгтæм.

1990 азы 1-æм майы Советон Цæдисы æмæ Коммунистон партийы къухдариуæгад схызтысты трибунæмæ, цæмæй 1-æм майы цытæн демонстраци райстаиккой фæстаг хатт. 1992 азæй фæстæмæ адæмы уарзон бæрæгбон ивд æрцыд Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбонæй æмæ нымад цæуы улæфтбоныл. Фæлæ куыдфæнды ма хоной ацы бæрæгбоны, фæнды Фæллойгæнджыты æмзæрдæдзинады бон, фæнды Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбон, уæддæр бирæтæн 1-æм май традицион æгъдауæй у уалдзæджы символ. Ацы бæрæгбон йемæ æрхæссы егъау эмоционалондзинад, кæцы баст у æрмæст уалдзæджы æрдзы райхъалимæ нæ, фæлæ ма   куыд иумиаг цытджын бæрæгбон, афтæ, кæцы иу кæны æппæт уæрæсейæгты.

Фæстаг азты 1-æм майы адæймаджы зæрдæ барухс  вæййы Уæрæсейы столицæ Мæскуы æмæ уæрæсейаг æндæр горæтты адæм демонстрациты кæй рацæуынц, уымæй. Ацы аз дæр та 1-æм майы Мæскуы æмæ æндæр уæрæсейаг горæтты адæм фæнд кондтой демонстрациты рацæуын, фæлæ сын эпидемиологон уавæры тыххæй бар нæ радтой массон мадзæлттæ ауадзын. Фæлæ уæддæр пандемийы тæмæны ивгъуыд аз куыд уыд, афтæ ацы аз дæр уагъд æрцæудзысты онлайн-акцитæ. Уыдон уагъд цæудзысты «Социалон стабилондзинад æмæ аккаг царды тыххæй» иумиаг лозунгы бын.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.