26 январы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры ауагъдæуыд Хуссар Ирыстоны Боксы федерацийы æмбырд. Ацы æмбырды  Федерацийы ног президентæй æвзæрст æрцыд Уалыты Альберт. Æмбырды фæстæ Уалыты Альберты хайадистæй ауагъдæуыд пресс-конференци. Пресс-конференцийы хайад райстой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер, Хуссар Ирыстоны Боксы федерацийы вице-президент Сланты Витали, дунеон къласы спорты мастер Зæгъойты Игорь, æндæр тренертæ æмæ спортсментæ.

Йæ раныхасы райдиан Уалыты Альберт бузныг загъта боксы æхсæнадæн, кæй йыл баууæндыдысты æмæ йæ Федерацийы президентæй кæй равзæрстой, уый сæраппонд. Уый фæстæ радзырдта, Хуссар Ирыстоны боксы райрæзты тыххæй йæм цы фæндæттæ ис, уыдон фæдыл.

«Мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй æмбæлон мидисæй байдзаг кæнæм Боксы федерацийы æмæ бацархайдзыстæм спорты уыцы здæхт максималонæй райрæзын кæныныл. Уый тыххæй хъæуы боксерты инфраструктурæ фæхуыздæр кæнын, уымæн æмæ абоны бон уый у тынг ныллæг æмвæзадыл. Планы нын ис фылдæр спортивон скъолатæ саразын, алыгъуызон спортивон мадзæлттæ уадзын, афтæ ма æндæр спортивон æмæхсæнадтимæ æнгом æмархайд кæнын. Бокс райрæзын кæнынæн дарддæр дæр цы куыст бакæнын хъæуы, уый æмбарын. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ бирæ саразын бафтдзæн нæ къухы. Иудзырдæй, Хуссар Ирыстоны боксы популяризацийы тыххæй саразын хъæуы æппæт уавæртæ дæр», – банысан кодта Уалыты Альберт.

Дарддæр уый куыд радзырдта, афтæмæй уал иууыл фыццаг Спорты федерацийы хъæуы йæ архайды дырыс план саразын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй æппæт дæр уа нырыккон домæнтæм гæсгæ, уый тыххæй ацы организацийы куыст æрбæстон кæнын хъæуы. Уый фæстиуæгæн цыбыр рæстæг-мæ бакуыстæуыдзæн мадзæлтты планыл.

«Сæйраг у, цæмæй ацы организаци куса æххæст хъомысæй æмæ йæхи дарынхъом уа. Куыд уынæм, афтæмæй фæсивæды ‘хсæн бокс тынг спопулярон ис, æмæ нæ уый тыххæй хъæуы фылдæр кусын. Мах бацархайдзыстæм, цæмæй æппæт уавæртæ дæр саразæм сывæллæттæн», – загъта Федерацийы ног сæвзæрст президент.

Дзыллон информацийы фæрæзты фарстатæн дзуапп дæтгæйæ ма Уалыты Альберт бахахх кодта, зæгъгæ, Боксы федераци кусдзæн, цæмæй Хуссар Ирыстонæн уа йæхи промоутерон компани.

Йæ рады зынгæ тренер Сланты Витали раарфæ кодта Уалыты Альбертæн, Боксы федерацийы президентæй йæ кæй равзæрстой, уый цытæн æмæ уый дæр радзырдта Хуссар Ирыстоны боксы райрæзты тыххæй. Уый куыд загъта, афтæмæй фæстаг рæстæджы спортивон æмæхсæнад фылдæр хъусдард здæхта профессионалон боксертæм.

«Фæстаг азты мах фылдæр рæстæг хардз кодтам профессионалон боксертыл, уый фæстиуæгæн фæсвæд аззадысты сывæллæттæ. Ныр сæм хъус æрдарын хъæуы. Цæмæй размæ цæуой, уый тыххæй сын баххуыс хъæуы æппæтæй дæр. Нæ чемпионтæ Федерацийы ног президентæн дæр баххуыс кæндзысты куыд авторитетæй, афтæ материалон æгъдауæй дæр.  Иумиаг тыхтæй рæзын æмæ дарддæр цæуын æнцондæр уыдзæн», – банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт тренер Сланты Витали.

Гасситы Мурат æмæ Денис Лебедевы тох-реваншы тыххæй фарстæн Сланты Витали загъта, зæгъгæ, уыцы фарсты фæдыл цæуы бадзырдтæ.

«Тох уыдзæн уæд, кæд æмæ Денис Лебедев сразы уа йæ WBA-йы чемпионы роныл тох кæныныл. Уыцы тох уыдзæн иууыл цымыдисондæр æмæ  фенддагдæр. Ахæм тохтæ стæм хатт вæййынц. Ацы фæндоныл куынæ сразы уа Лебедев æмæ йæ рон куынæ æрæвæра, уæд хъæуы размæ цæуын æмæ Лебедевы ферох кæнын», – банысан кодта Сланты Витали.

Дарддæр Сланы фырт куыд радзырдта, афтæмæй 2016 аз хъæздыг уыд спортивон цаутæй. Фæлæ иууыл стырдæр æмæ ирддæр цау уыд Гасситы Мураты уæлахиз. Мурат дунейы чемпион куы ссис, уый фæстæ куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр рæзгæ фæлтæры ‘хсæн тынг спопулярон ис бокс.

«Гасситы Мурат æрмæст Дунейы чемпион не ссис, фæлæ ма Лас-Вегасы Джордан Шиммелимæ тохы фæуæлахизы фæстæ  дунеон рейтингы бацахста фыццаг бынат. Уыимæ иумæ ма уыцы тохы цы нокаут уыд, уый Америкæйы Иугонд Штатты территорийыл нымад æрцыд  2016 азы иууыл хуыздæр нокаутыл, дунейы та бацахста æхсæзæм бынат. Уыимæ иумæ ма Гасситы Мурат бахауд Уæрæсейы 10 хуыздæр спортсмены нымæцмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр стыр æнтыст у», – бахахх кодта зынгæ тренер.

Сланты Витали радзырдта Челохсаты Георгийы уæлахизы тыххæй дæр, афтæ ма, фæсивæдæй æмæ сывæллæттæй æн-тыстытæ кæмæн уыд, уыдоны тыххæй дæр.

Цæмæй нæ спортсментæ дунеон турнирты  Хуссар Ирыстоны номæй тох кæной, уый фæдыл фарстæн Сланты Витали ахæм дзуапп радта, зæгъгæ, «Хуссар Ирыстоны тырысаимæ тохмæ рацæуынц спортсментæ, фæлæ цæмæй нæ республикæйы номæй рахизой рингмæ, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны хъуамæ банымайа Иугонд Нациты Организаци. Уымæн æмæ ацы организаци Хуссар Ирыстоны нырма дæр нымайы Гуырдзыстоныл. Цæмæй нæ банымайой, уый фæдыл та хъæуы уæхскуæзæй кусын».

Дунеон къласы спорты мастер Зæгъойты Игорь дæр раарфæ кодта Уалыты Альбертæн, загъта йын йæ дарддæры куысты æнтыстыты фæндиæгтæ.

«Мæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй абонæй фæстæмæ уагъд цæуой фылдæр ерыстæ, фылдæр сывæллæттæ хайад исой республикæйæн æддейæ алыгъуызон турнирты. Хуссар Ирыстоны бокс кæддæриддæр уыд бæрзонд æмвæзадыл, æмæ мæ уырны, дарддæр дæр уыдзæн афтæ. Мах дæр хъуамæ балæууæм Альберты фарсмæ æмæ йын æппæт æгъдауæй дæр баххуыс кæнæм йæ дарддæры куысты», – загъта Зæгъойты Игорь.

Пресс-конференцийы рæстæджы æрæмбырдуæвджытæ иу минут æдзæмæй алæу-гæйæ, ссардтой, абон сæрæгас цы спортсментæ нал сты, уыдоны рухс нæмттæ.

Уалыты Альберт æмæ Сланты Витали сдзуапп кодтой журналистты æндæр фарстатæн дæр.

ОСИАТЫ И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.