Ацы аз Стыр Уæлахизыл 75 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд  ветерантæй бирæ бинонты фæнды, цæмæй сын нæ газеты фæрстыл æрымысæм сæ хæстонты рухс нæмттæ. Абон уæ зонгæ кæнæм Уанелы хъæуккаг Гаглойты Георги Газаны фырты хæстон цардвæндагимæ.

Æрæджы нæм редакцимæ фæуазæг йæ чызг Риммæ. Уый мын мæ разы æрæ-вæрдта, рæстæджы цыдимæ чи сбур сты, ахæм дыууæ тетрады, цыран фыст сты, йæ фыд Георги фыссæн сисæй йæхи къухæй ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон, афтæ ма йемæ æрбахаста йæ хъæбатыр фыды бирæнымæц хорзæхтæ дæр.

1920 азы Гаглойты Газан æмæ йæ цардæмбал Бежанты Екатеринæйæн уыд 18 сывæллоны. Æцæг уыдонæй цалдæр фæхъуыдысты чысылтæй алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ. 1920 азы гуырдзиаг фыдгæнджытæ Хуссар Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, ирон хъæутæ зынджы хай куы бакодтой, уæд Газаны дæр йæ бинонтимæ бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ алидзыны сæр. Фæлæ сыл фæндагыл æрцыд стыр бæллæхтæ.  Газан æмæ йæ цардæмбал галуæрдоныл сæвæрдтой цыдæр муртæ æмæ авдæны бастæй – сæ дзидзидай сабилæппуйы. Нары хидыл куы фæцæйхызтысты, уæд уæрдоны цæлхытæ фесхъиуæгау кодтой, авдæн æд саби уæрдонæй рахауд, цæугæдонмæ ныххаудта æмæ йæ аласта. Бæргæ ма архайдтой бинонтæ сæ сабийы аирвæзын кæныныл, фæлæ знæт доны ныхмæ ницы сæ бон бацис æмæ сабийы цард ууыл аскъуыд. Зæрдæрыст цардæмбæлтты æмæ сæ сывæллæтты Нары хъæуы цыдæр рæстæджы йæ хæдзары бавæрдта иу хуыцауысконд лæг. Уый фæстæ дарддæр цыдысты, фæлæ Газаныл дæр фæндагыл бахæцыд хæцгæ низ æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ.  Ныгæд æрцыд Зынцъары. Газаны цардæмбал Бежаноны æвджид баззадысты сæ сабитæ уыцы уæззау рæстæджы. Сидзæргæс мад цы фыдæбæттæ бавзæрста, ууыл дзурын уæлдай у, фæлæ уæддæр, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, цард дарддæр кодта æмæ хъомыл кодта йæ сидзæрты.

Хуссар Ирыстоны зæххыл советон хицауад куы æрфидар, уæд Бежанон йæ сывæллæттимæ фæстæмæ æрыздæхт Уанелмæ æмæ райдыдтой цардамæлттæ кæнын. Бахъомыл ис, абон мæ дзырды сæр кæуыл у, уый – Георги дæр. Æвзонг лæппу басгуыхт хорз кæстæрæй, йæ ныййарæг мадæн балæууыд стыр ныфсæй. Ахуырмæ разынд æвзыгъд æмæ йын кæд  уавæртæ нæ уыд, уæддæр тырныдта ахуырад райсынмæ. Георгийы хотæ Ксения æмæ Мани, афтæ ма йе ‘фсымæр Мухтар дæр цардысты Мæскуыйы æмæ Георгийы уырдæм акодтой. Лæппу Мæс-куыйы каст фæцис рабфак дæр. Фæнд кодта йæ ахуыр адарддæр кæнын, фæлæ йæ мад Бежаноныл азтæ сæ уæззау фæд  æруагътой, йæ бон ницыуал уыд æмæ йæм хъуыд кæсын. Уымæ гæсгæ Георги фæстæмæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ æмæ кусын райдыдта Уанелы колхозы бригадирæй. Уыцы рæстæджы Уанелы колхоз нымад цыд раззагон, нæргæ хæдзарадыл. Цынæ зад уæд Уанелы – уæдæ мæнæу, нартхор æмæ а.д.

1939 азы Гаглойы фыртмæ æрсидтысты службæмæ. Уырдыгæй 1940 азы бахауд æмæ хæцыд финаг хæсты. Уый фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ, фæлæ та иу  азы фæстæ бæстæ сызмæст. 1941 азы 22-æм июны фашистон Герман, хæст нæ расидгæйæ, гадзрахатæй æрбабырста Советон Цæдисмæ æмæ йын иу уысммæ йæ цæрджыты цард зындон фестын кодта. Æрмæст хæсты райдианы фыццаг бон фæмард 19 мин адæймаджы. Адæм зæрдæхъæрмттæ кодтой, базмæлыдысты… Райгуырæн бæстæ сиды йæ хъæбултæм, цæмæй йæ бахъахъхъæной немыцаг тугдзыхтæй. Хæстмæ цæуын хъæуы… Къусджыты, Уанелы, Ципраны, Тлийы сагсур фæсивæд тохы быдырмæ аивылдысты. Се ‘хсæн уыд Георги дæр. Уый дæр æндæр ирон лæппутау хæсты райдианы фæцыд фронтмæ æмæ фондз азы дæргъы, хъайтардзинæдтæ æвдисгæйæ, хæцыд бирæ бæстæты. Гаглойы фырт нæ уарзта йæ хæстон фæндаджы тыххæй дзурын, уыимæ ма уыд мадзура нæлгоймаг дæр, фæлæ-иу дзы уæддæр кæддæрты цыдæртæ радзырдта. Йæ хæстон фæндаг райдыдта Мæздæгæй. Уый фæстæ та хайад иста Украинæ, Румыни, Болгари, Австри, Венгрийы немыцаг фашисттæй ссæрибар кæныны тохты. Гаглойты лæппу хæцгæхæцын ныххæццæ суанг Берлины онг дæр. Румынаг горæттæ Яссы, Плоешти æмæ æндæрты ссæрибар кæныны хъуыддагмæ йæ хайбавæрды тыххæй уанелаг лæппу хорзæхджын æрцыд алыгъуызон хорзæхтæй. Георги ныфсхаст æмæ хъæбатыр хæстон кæй уыд, уымæ гæсгæ Австрийы та  нысан æрцыд Зильцбургмæ æввахс горæт Лидсы комендантæй. Советон æфсæдтæ Европæйы паддзахадты куы ссæрибар кодтой, уæд ирон хæстон йæхи цæстæй уыдта, ацы бæстæты адæмтæ сæ сæрибаргæнджыты размæ  цины цæссыгкалгæ куыд цыдысты, пъатæ æмæ сын хъæбыстæ куыд кодтой, уый.

Гаглойты Георги уæлдай тынгдæр басгуыхт Венгрийы зæххыл, горæт Папа æмæ Кецелы сæрыл тохты. Уый та уыдис афтæ: Георги цы батальоны уыд, уый хъуамæ размæ бырсын райдыдтаид, фæлæ сæ знæгтæ танкæтæй æхстой æмæ сын размæ цæуæн нæ уыд. Сæ алыварс пырх кодтой бомбæтæ, хаудтой сармадзаны нæмгуытæ. Полчы командир Георгийæн бардзырд радта, цæмæй скуынæг кодтаид знаджы танк. Взводы хæстонтæ ирон лæджы сæргълæудæй знаджы танкмæ чъылдымы ‘рдыгæй бацыдысты, йæ бынмæ йын гранаттæ баппæрстой æмæ танк ссыгъдис, куынæг æрцыд йæ экипаж дæр. Батальон размæ абырста, фæлæ ацы уæззау удуæлдай тохы Георги йæхæдæг дæр уæззау цæф фæцис. Ныппырх йе ‘фсæр, фæцæф сты йæ къухтæ æмæ къæхтæ дæр. Госпиталы йын йе ‘фсæрыл сарæзтой дыууæ операцийы. Йæ къухты æмæ йæ къæхты цæрæнбонтæм баззадысты нæмыджы схъистæ æмæ сæ хъизæмар кодта йæ амæлæты бонмæ. Венгрийы уæззау цæф куы фæцис, уæд йæ сау гæххæтт æрцыд йæ ныййарæг мад Бежанонмæ, фæлæ мады зæрдæ зонаг у, зæрдæйæ æнкъардта, йæ фырт сæрæгас кæй у, уый æмæ йæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст. Фæлæ Георгийæ афæдзæй фылдæр куы ницыуал хабар хъуыст, уæд ын бинонтæ хъуамæ хист скодтаиккой, зæхх ын рахицæн кодтой хъæуы уæлмæрды. Фæлæ æнæнхъæлæджы хист куывдмæ рахызт. 1946 азы Георги æрцыд йæ фыды уæзæгæмæ. Бежанонмæ хæрзæккурæггаг фæцис Гаглойты Чермен, дæ фырт сæрæгас разынд, зæгъгæ. Кæм ма уыд мады цинæн кæрон, цыма йæ азтæй цалдæр ахауд, уыйау рогæй змæлыд йæ фырты куывды. Георгийы риу хорзæхтæй нæ зынд. Цин ыл кодтой йæ бинонтæ, йæ хъæубæстæ. Райгуырæн бæстæ гитлерон фашисттæй сæрибар кæныны рæстæджы йæ равдисгæ хъæбатырдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалы»-йы орденæй, «За оборону Киева», «Фронтовик 1941-1945 гг», «За отвагу»-йы майдантæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны æмæ «Слава»-йы 3-аг къæпхæны ордентæй æмæ бирæ æндæр хорзæхтæй. Ссис афицер.

Хæсты фæстæ уый æрæвнæлдта йæ цард аразынмæ. Йæхицæн цардæмбалæн æркодта Содтиты Тамары. Зæнæгæй сын рацыд 6 сывæллоны – 3 лæппу æмæ 3 чызджы. Куыстой Уанелы колхозы æмæ афтæмæй хъомыл кодтой сæ сабиты. Георгийы иууылдæр бахъуыды кодтой куырыхон адæймагæй. Иннæ ахæм уымæн уыд æрдзæй ратгæ сфæлдыстадон курдиат, фæлæ йын кæронмæ нæ раргом. Фыста æмдзæвгæтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уырыссагау дзырдта сыгъдæг, æгæрыстæмæй, венгриаг æвзагыл дæр базыдта бирæ ныхæстæ.

Венгрийы зæххыл уæззау цæфтæ кæй фæцис æмæ йæхицæн сæрæгасæй аирвæзыны æнхъæл кæй нал уыд, уый тыххæй дæр ныффыста æмдзæвгæ, цыран ис ахæм рæнхъытæ: «Мæ ирон æмбæстаг, цыран дæ, зæгъ æй? Æз Венгрийы зæххыл куы лæууын дæргъæй, Мæ сау туг æнхъизы мæлæтдзаг цæфæй, Ирвæзæн мын нал ис мæ къона сæрæй, Дзæгъæл дæ нæ кæнын, нæ дзурын фæдис, Мæ риуы ныффидар æндоны  схъис, Бæгуыдæр фæрисдзæн мæ мады зæрдæ, Хъæбатырæй амард дæ лæппу, зæгъгæ. Æз алырдæм тохы сæ разæй цыдтæн, Мæнæн ныр цæттæ у æмбæлтты ингæн, Мæ цæстытыл ауад фыдæлты мæсыг, Фæндараст æрбау, нæ хъæуы цæссыг».

Йæ чызг Риммæйы ныхæстæм гæсгæ, йæ фыд æхсæв йæ фынты дæр хæстон цаутæ уыдта. Хатт, дам-иу йæ уаты фæбадæг ис фыртыхстæй. Азтæ, дам, куыд цыдысты, афтæ йæ тынгдæр хъыгдардтой йæ цæфтæ. Бандзыг, дам-иу сты йæ къухтæ æмæ къæхтæ. Фæлæ йæм уæддæр хорз каст уыд йæ хъæбулты ‘рдыгæй æмæ фæцард 96 азы. Уанелаг хъæбатыр хæстон цардæй ахицæн 2007 азы 26-æм сентябры. Рухсаг уæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.