XXI æнус нымад у Интернет æмæ мобилон бастдзинады æнусыл. Интернеты социалон хызæджы руаджы дунейы адæмтæ базонынц хъæугæ информаци, ныхас кæнынц,  ис сын кæрæдзиимæ бастдзинад, æнæзонгæтæ свæййынц æввахс хæлæрттæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Интернетæн ма ис æппæрццаг æндæвдад дæр, уæлдайдæр та кæстæр фæлтæр куы бахауынц йе ‘ндæвдады бын, уæд. Фæлæ уый бæрæгбæрцæй баст у, цавæр социалон хызæгæй пайда кæнай æмæ дын цы зондыл хæст мобилон æмгæрттимæ уа бастдзинад, уымæй.

Ныртæккæ æппæты фылдæр цы социалон хызæгæй пайда кæны дунейы æхсæнад, уыдонæй сæ иу у сайт odnoklassniki.ru. Куыд иннæ сайттæ, афтæ ам дæр ис куыд æппæрццаг, афтæ æвæрццаг миниуджытæ дæр.

Цалдæр азы размæ ам фæзынд æхсæнадон фарс «IUDZINAD страница ТВ канала», йæ сæйраг амонæг та у хуссарирыстойнаг лæппу Харебаты Мурат. Мураты кæд йæ цардвæндæгтæ дард ахастой йæ райгуырæн бæстæйæ, уæддæр уымæн йæ хъуыдытæ æппынæдзух сты йæ Ирыстонимæ, ам æрцæугæ æрвылбонон цаутимæ. Уыдоныл бындуриуæггæнгæйæ уый ссардта ахæм нырыккон фæрæз, цæмæй йæ уарзон Ирыстоны æхсæнадон цардмæ бахæсса иучысыл хайбавæрд. Уый сæраппонд Мурат сайт odnoklassniki.ru -йы, фарс «IUDZINAD страница ТВ канала»-йыл парахат кæны æмæ æппæт дунейы æхсæнады размæ хæссы Ирыстоны истори,  æрвылбонон культурон, политикон æмæ æппæт æндæр фадгуыты æрцæугæ цаутæ, нæ хъайтарты æмæ æндæр зындгонд гоймæгты нæмттæ зонгæ кæны дунейы æхсæнадæн.

Мурат йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы социалон фарс сæндидзын кæнын æнцон нæ уыд æнцон, уæлдайдæр та йæ скæнын, ныртæккæ йын  æхсæнады раз цы нысаниуæг ис, уыцы æмвæзадмæ. Уый тыххæй нын бæстондæрæй радзырдта Мурат йæхæдæг.

«Цалдæр азы размæ ме ‘рдхорд æфсымæр Кæсойты Аланмæ фæзынд идея, социалон хызæг YouTub-ы саразын ирон алæвæрдты канал. Уæд алæвæрдты амонæг уыд Карсанты Гурам. Ууыл бындуриуæггæнгæйæ мæнмæ фæзынд ахæм хъуыды, цæмæй ацы каналы алæвæрдтимæ зонгæ кæнон адæмы æндæр социалон хызæгтыл, уымæн æмæ уый ахъаз уыд Ирыстоны истори уæрæхдæр аудиторийы размæ рахæссынæн æмæ скодтон ацы фарс, рахуыдтон æй «IUDZINAD страница ТВ канала».  19 январы 20013 азы рацыд Хъуылымбегты Сосланы хайадистæй «Адæмон ныхас»-ы фыццаг алæвæрд соцхызæг уоutub-ыл. Уыцы бонты фæзынд мæ фарс «IUDZINAD» дæр» – радзырдта Мурат.

Ныртæккæ ацы фарсы кæсджыты нымæц у 5 000 адæймаджы бæрц.

«Мæн фæндыд, цæмæй дунейы цы ирон адæм ис, уыдонæн цавæрдæр амалæй уа бастдзинад, хуыздæр зонгæ кæной Ирыстоны историимæ. Уыцы хъуыдыйæн æз сфæнд кодтон, ацы фарсмæ ирон адæмы хонын. Сайты уавæртæ мын фадат лæвæрдтой ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн æмæ «Адæмон ныхас»- ы фыццаг алæвæрд Хъуылымбегты Сосланимæ кæй уыд, уый тыххæй хонын райдыдтон Хъуылымбегты мыггаджы минæвæртты. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, не сты æрмæст Ирыстоны территорийыл. Афтæмæй уыдонæй алчидæр йæ мыггаджы историмæ цымыдисгæнгæйæ æрбаиу стыр æхсызгонæй.  Афтæ уыд иннæ мыггæгты æрæмбырд кæныны истори дæр».

Сайт odnoklassniki.ru-йы ис ахæм уагæвæрд, кæцы фадат дæтты иу фарсы æрмæстдæр 5000 адæймаджы хæлардзинадæн. Уыцы уагæвæрд Муратæн нал лæвæрдта фадат йæ куыст дарддæр кæнынæн, йæ фарсмæ цымыдискæнджыты нымæц бирæ фылдæр кæй уыд, уый тыххæй.

«Æнцон нæ уыд, цæмæй мæ соцфарсмæ æппæт дунейы ирон адæмæй кæй фæнды, уыдоны æрбахуыдтаин. Уæлдай зындæр та мын уыд, сайты уагæвæрд мын бар куынæуал лæвæрдта 5 000 адæймагæй фылдæр æрбахонын, уæд. Бахъуыд мæ æндæр фарс аразын. Уый та у къорд  æмæ уый дæр хуыйны  «Ирон информацион-зонынады къорд IUDZINAD». Ацы къорды ис бирæ фылдæр уавæртæ, куыд мæхицæн, афтæ йæ хайадисджытæн дæр. Зæгъæм, уыдонæн ис фадат, цæмæй къорды фарсыл сæвæрой сæхи информаци; сæ хъус дарой, ам цы фыст цæуы дискусситы рæстæджы, уымæ. Ныртæккæ нæ къорды хайадисджыты нымæц та у 14 500 адæймагæй фылдæр.  Кæй зæгъын æй хъæуы, социалон хызæджы уыдзæн ахæм къордтæ, фылдæр хайадисджытæ кæм ис, фæлæ ацы къордæн йæ хайадисджыты 99% сты  нæ ирон дзыллæйы минæвæрттæ. Уыдон сты куыд Ирыстонæй, афтæ Уæрæсейы алы къуымтæй, Туркæй, Европæйы бирæ бæстæтæй, АИШ-æй, Украинæйæ æмæ бирæ æндæр бæстæтæй».

IUDZINAD æмæ йæ къорды фæрстыл цы информаци æвæрд цæуы ныртæккæ, уый Мураты хъуыдымæ гæсгæ у тынг цымыдисон,  Ирыстонæн æдде цы ирон адæм цæры, уыдонæн.

«Куыд ма загътон, афтæмæй, ацы фарс саразыны хъуыды баст уыд Кæсойты Аланы телеалæвæрдтæ парахат кæныны нысанæн. Фæлæ уый фæстæ мæнмæ фаг нæ фæкаст, æрмæстдæр ацы видеоалæвæрдтæ хæссын ирон адæмы размæ. Уæд райдыдтон мыггæгты историйыл кусын, аразын хъайтартæ æмæ зынгæ ирон адæмы фотоальбомтæ аразын. Уый уыд раст къахдзæф, уымæн æмæ бæрæг фæфылдæр ис фарсмæ цымыдисгæнджыты нымæц.  Уæд фидарæй бамбæрстон: дунейы алы къуымты уæвæг ирон адæм цымыдис кæнынц  Ирыстоны историмæ, фæлæ сын нæй сæ хъуыдытæ раргом кæнынæн иумæйаг бынат. Ахæм бынат уыдон ссардтой ацы   дыууæ соцфарсыл æмæ  ныртæккæ  фарс IUDZINAD æмæ къорд IUDZINAD-æн ис схонæн «ирон дискусситы бынат», цыран  æвæрд цæуы æппæт дæр Ирыстоны æмæ  ирон адæмы тыххæй информаци.

Мурат ссардта раст фæндаг йæ Ирыстоны истори дунейы æхсæнады размæ рахæссынæн. Уымæн æвдисæн сты  бирæнымæц арфæйы фыстæджытæ, бузныджы ныхæстæ, æдзух сæ Муратмæ æрвитынц ирон адæм, сайтты фæрстыл Ирыстоны историимæ бæстондæр чи зонгæ кæны, уыдон. Зæгъæм, æрæджы цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ Мурат не ‘рбахызт йæ сайтмæ æмæ уый фæстæ райста  бирæнымæц фыстæджытæ, цыран загъдæуыд: «Цы фæдæ нæ зынаргъ Мурат?!», «Курæг стæм, радæттут нын Ирыстоны ног хабæрттæ», æмæ æндæр ахæмтæ.  Уыд ма ахæм фыстæг дæр, фæсарæнты цæрæг ирон сылгоймаг фыста Муратмæ, йæ скъоладзау чызг Ирыстоны истори кæй ахуыр кæны ацы соцфæрсты руаджы.

Мурат уарзы йæ райгуырæн Ирыстон æмæ йæ нæ уадзы. Ахæм ирон адæймæгтæ тынг бирæ ис Ирыстонæн æдде, фæлæ Мурат архайы, йæ бон куыд у, афтæ йæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.