«Уырны мæ, кæй уыдзæни райсом

Рæсугъддæр, дзæбæхдæр нæ бон»

                                                                                                   Къоста

Нæ къæсæрыл та ис Ног аз, афæдзæй-афæдзмæ кæмæ фæбæллæм, уыцы аз. Алы Ирон лæг, алы Ирон хæдзар дæр уымæ бæлгæйæ фæзæгъы: «Хуыцау, нæ Ног азы къухты нæ дзæбæхæй бафтау».

Ирæн бирæ бæрæгбæттæ ис афæдзæй-афæдзмæ. Алкæцымæ дæр дзы фенхъæлмæ кæсы зæрдæйы рæсугъд фæндтимæ. Уыдон ‘хсæн нæ адæм сæйрагдæрыл нымайынц Ног аз.

Бæрæгбоныл куыд æмæ цæимæты сæмбæлын хъæуы, уый ирон лæгæн амонын нæ хъæуы. Алы ирон хæдзар дæр йæ Ног азыл æмбæлд, йæ къух æй куыд амыдта, афтæмæй. Царды уаргъ алкæуыл æмхуызон нæ уæз кодта, гъе, фæлæ зæрдæйæ та сæ бæрæгбæттыл æмбæлдысты сæ зæрдæты стыр бæллицтимæ.

Ног азы æрцыд, йе’рбалæудыл адæм куыд бацин кæнынц, кæрæдзийæн цы стыр арфæтыл схæцынц, ахæм диссаджы нывтæ нæ уынæм иннæ бæрæгбæтты рæстæджы. Ирон лæджы æмбарынад ахæм у: Ног аз адæмæн æрхæссы циндзинад, зæрдæйы ныфс, фидæны царды рæсугъд бæллицтæ. Уый сын уарзта Къостайы цæст дæр, æмæ алы ироны къæсæрæй дæр уымæн бадзырдта:

«Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!

Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ.

Уæ алы аз дæр хорзæй уынат!

Уæ фидæнмæ фæрныгдæр уат!»

Нæ фыдæлтæ Ног аз нысан кодтой 13 январы фæуды æмæ 14 январы райдианæй. Чырыстон кусарты æдде, адæм Ног азмæ сæрмагондæй зылдысты хуытæм. Нæ бæрæгбæттæ иу – Лæгтыдзуар – ахаста æнæхъæн къуыри. Ис ын райдиан, къуырийы фæстæ та йæ хуыдтой йе’рвитæн. Ноджы ма-иу уыцы рæстæ-джыты йемæ баиу сты Цыппурс, Бынаты ‘хсæв, Æртгæнæнтæ, Доны скъæфæнтæ.

Ног азы æхсæв алы хæдзар дæр æвæрдта хъæздыг-дзаджджын фынг. Уæдмæ-иу хæдзары алыварс хъуамæ æрзылдаит нæлгоймаг цыргъагæй хахгæнгæйæ, уæд, дам, йæ сæрты фыдбылыз нал æрбахиздæн. Хæдзары мигæнæнтæй сыхæгтæй, хъæубæстæй макæцы макæмæ баззадаит.

Ацы фынг æмæ хистæры ракуывдæн егъау нысаниуæг уыд. Кувæг йæ къухмæ дзаггарз райсгæйæ, лæугæйæ (лæууынц бинонтæ дæр), æппæты фыццаг ардта Дунескæнæг Иунæг Хуыцауы ном, æппæт чи сфæлдыста зæххон зæдæй, дуагæй. Ссардта-иу Уастырджыйы ном – Лæгтыдзуар у æмæ нæ лæгцухæй макуы ныууадзæд; фæндараст зæгъы зæронд Азæн – хорзæй нæ ныууадз, фыдбылызæй цы ис, уыдон демæ ахæсс; дзуры Нæуæг азмæ – æрхæсс нын хорздзинæдтæ, куры дзы, зæронд аз цы нæ радта хорзæй, уыдон нын нæ къухты бафтау, зæгъгæ.

Ногбон æхсæвы бадт дæргъвæтин вæййы, бинонты сæйраг бæллиц ма вæййы, сæ Цыкурайы фæрдыг фенын. Æвæрд вæййы сылгоймæгты къуымы зæлдæгты тыхтæй.  Уыцы æхсæв æй райсынц кад æмæ цытимæ, сæхи йыл бафæдзæхсынц æмæ та йæ уæзданæй йæ бынаты бавæрынц.

Ног азы æхсæвы фынг баззайы æвæрдæй дыккаг бонмæ. Уæд, дам, бæркæдтæ фылдæр йеттæмæ, къаддар нæ кæнынц.

Фынæйы размæ нæлгоймæгтæ рахизынц уынгмæ, райдайынц гæрæхтæ кæнын Мæйы ‘рдæм ахæм хъуыдыимæ: арвы калм æм ма æрбабыра, ма йæм февнала (хуыдтой ма йæ Мæйхортæ дæр).

Æгъдау домдта: райсом раздæр хъуамæ сыста бинонты кæстæр – чызг, кæнæ чындз, æнæдзургæйæ суадонæй æрбахæсса дон, бапырх дзы кæна къуымтæ.

Уыцы донæй-иу хистæр ныхсадта йæхи, ахызт-иу дуармæ, йемæ-иу æрбахаста хъæмпы гуцъула хæдзармæ æмæ-иу арфæтыл схæцыд.

 Æгъдау домдта, райсомæй сыхæгты кæрæдзимæ цæуын ногбонон арфæтимæ. Алы хæдзар дæр бæллыд, цæмæй сæм фыццаг сæмбæла нæлгоймаг, хорз зæрдæ, хорздзинæдтыл хæст чи у, ахæм.

Нæуæг азы дыккаг бон сыхæгтæ кæрæдзи рахон-бахон кодтой, кæрæдзийыл цин кодтой, уæд-иу бафидауын кодтой хыл сыхæгты.

Ногбоны фынгыл егъау уыд йæ нысаниуæг Æртхуронæн. Ацы егъау кæрдзынæй, бинонтæй дарддæр, хъуамæ мачи фæхъæстæ уыдтаит. Уазæг-иу куы сæмбæлд, уæд ын йæ размæ хастой æндæр уæлибыхтæ.

Абон Иры дзыхъхъы цæрджытæй алкæйы хъуыды дæр у, цæмæй нын амондджын аз фæуа 2020 аз. Фыдбылызæй цы  федтам, уыдон нын æгъæд уæт, Ног аз нын царды хорздзинæдтæ цы радта. Уыцы хорздзинæдтæ та сты: Ир цы баиу уа, фыдбылызтæ нæ зæххыл мауал цæуой, кæстæртæ æнæ фыдбылыз цы уой, хæст мауал уæт, сабырад зæххыл анхъæвзæт.

Иры сæйраг бæллиц у, цæмæй ныл æрцæуой Къостайы ныхæстæ. Къостайы бæллиц та уыд:

     «Æрхæссæд уын дуг амонд. –

      Æцæг лæгтæй уæ æдзух куыд арон, –

      Куыдæй уыдыстут мын зындгонд,

      Куыд куса, ныронгау, уæ зонд».

Мæхи тыххæй та цы зæгъон: Мæ зынаргъ Ирон адæм! Ног азы хорзæх уæ уæд, нæ Ног, 2020 аз нын æрхæссæд амонд, уарзондзинад, сабырад, цæмæй фыдæхдзинады  охыл нæ, фæлæ уарзондзинады фæдыл кæрæдзимæ цы дзурæм Цъалагоймаг, Къуыдайраг, Чысайнаг, Дыгурон. Иууылдæр стæм Ирæттæ æмæ нæ алчи дæр хъуамæ сæрыстыр уа, цы комæй, цы къуымæй рацыд, уымæй. Уый кады хъуыддаг куынæ уаид, уæд Къоста йæхи не схуыдтаит Нарон.

Зæгъын ма уый дæр, Къостайыл та фæцин кодтам æнæхъæн аз (2019 аз уыд Къостайы аз). Иунæг хуыцау нын радтæт уый бæрц амонд, цæмæй нæ зæрдыл лæууой Къостайы ныхæстæ, Къостайы фæдзæхстытæ. Уыдон та уыдысты: «Мæ адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут», стæй уæд: «Цæйут, æфсымæртау радтæм нæ къухтæ, Абон кæрæдзимæ Иры лæппутæ».

Мæ зынаргъ Ирон адæм – Уырызмæджы, Сатанайы, Сослан æмæ Батрадзы, Ацæмæз æмæ Дзерассæйы фарн нæ къухæй макуы ахауæт.

2020 азы нын  фарны аз фæуæт!

Йæ хæрзиуджытæй цы ныррухс уой Хуссар-Цæгаты фæзтæ мæ рæгътæ. Фидар, æнæниз, уæнгрог, зæрдæрухсæй цæрут мæ зынаргъ, мæ уарзон адæм!

Уæ дзæбæхдзинæдтæм бæллæг

ПЛИТЫ Гацыр – Цъалагоймаг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.