Ирон аив литературæйы къæбицмæ уæзгæ хуынтæ чи бахаста, фарны лæггæдтæ йын чи фæкодта æмæ абон дæр йæ поэтикон хъæлæс æрв-нæрæгау кæмæн нæры, нæ уыцы зындгонд поэттæй сæ иу уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, «Кады нысан»-ы орден, бирæ майданты æмæ Кады гармотæты аккаг чи ссис, ирон аив дзырды дæсны, адæмон поэт, тæлмацгæнæг, драматург, критик Дзугаты Георги.  Æрæджы уымæн йæ райгуырдыл сæххæст 110 азы.

Ацы бонты Анахарсисы номыл библиотекæйы дзæнæттаг поэты райгуырды боны фæдыл уыд мысæн изæр, «Уарзта Ир æнахуыр уарзтæй», ахæм номимæ.

Мысæн изæр бацæттæ кодтой библиотекæйы ирон æвзаг æмæ литературæйы сæргълæууæг Сланты Заирæ æмæ бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Тъехты Ингæ. Ардæм хуынд уыдысты сфæлдыстадон интеллигенцийы, зонады, æхсæнады минæвæрттæ, фысджытæ, студенттæ, горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ, ахуыргæнджытæ, библиотекæты кусджытæ, нæ чиныгкæсджытæ æмæ Георгийы бинонтæ.

Мысæн изæр цыбыр разныхасæй байгом кодта æмæ Георгийы сфæлдыстадон архайдыл чысыл афæлгæст сарæзта библиоте-кæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Тъехты Ингæ. Уый фæстæ Дзугаты Георгийы цард æмæ сфæлдыстадимæ мадзалмæ æрбацæуджыты лæмбынæгæй базонгæ кодта ирон æвзаг æмæ æмæ литературæйы хайады сæргълæууæг Сланты Заирæ. Йæ раныхасы уый банысан кодта Георгийы уацмыстæ сæ аивадон ахадындзинад æмæ поэтикон культурæйы руаджы кæй бацахстой зынгæ бынат ирон адæмон духовон царды. Йæ уацмыстæй бирæтæ хаст æрцыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæн чингуытæм.

Георги йæ фыццаг фæлварæнтæ поэзийы тыгъдады райдыдта, Ногиры скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Къоста æмæ Нигеры æмдзæвгæтæ йæ зæрдæмæ лæууыдысты тынг хæстæг. Уый æнæкæсгæйæ зыдта «Ирон фæндыр», ахуыр кодта ирон адæмон сфæлдыстады хъайтарты фæлгонцтыл, йæ фыд Хасæхъо-иу сын цы диссаджы хабæрт-тæ æмæ адæмон зарджытæ кодта даргъ зымæгон æхсæвты, уыдоныл. Георги стыр аргъ кодта йе ‘мдугон рæстуд адæймæгтæн, йæ Ирыстоны рæсугъд сомбоныл чи тох кодта, йæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы рæзты цæрайæ чи цард, уыдонæн æмæ сын сæ рухс ном ардта йæ поэтикон рæнхъыты. Куыд зонæм, афтæмæй фыссæгæн цард у  сфæлдыстадон суадон. Уыцы суадонæй йæ дойны суадзын цы фыссæгæн бантысы, уый чиныгкæсæджы зæрдæмæ ссары аккаг фæндаг. Æмæ уыцы хъуыддажы амондджын разынд Георги. Алы адæймаг дæр йæхицæн фæныв кæны ирд фидæн, Георгийæн дæр бирæ аразинæгтæ, бирæ фæндтæ уыд, фæлæ йæ лæджы кармæ куы бахызт, уæд ын 1985 азы апрелы мæйы, хъысмæт аскъуыдта йæ цард, банцад йæ зæрдæйы куыст. Амард æцæг ирон, уæздан лæг. Кæстæртæн буц хистæр, æмгæрттæн уарзон æмæ фæзминаг удгоймаг. Фæлæ йæ ном æнусты цæрдзæн йæ уацмысты, йæ хæлæртты æмæ чиныгкæсджыты зæрдæты фæлтæрæй фæлтæрмæ», – загъта Сланты чызг.

Мысæн изæры Георгийы тыххæй сæ хъуыдытæ загътой:

Плиты Гацыр, «Æз æй зыдтон мæ чысылæй фæстæмæ, нырма мæ фыды ныхæстæй. Уыдон ахуыр кодтой иумæ, Ручъы скъолайы æмæ-иу урокты фæстæ къласы дыууæйæ баззадысты сæ уроктæ цæттæгæнгæйæ. Сæ сихор та уыд, тæвд пецы фарсыл иу картофы лыггæгтæ æндæгътой æмæ сæ афтæмæй хордтой. Фæстæдæр мын мæ фыды тыххæй Георги йæхæ-дæг та загъта, зæгъгæ, хъисфæндырыл Нарты кадджыты афтæ рæсугъд заргæ никæй федтон.

Георги ирон аив дзырды зæрингуырд уыд. Курдиатджын поэт æмæ прозаик уыд. Драматургийы йын бирæ нæ бантыст, фæлæ цы сфæлыста, уыдоныл тынг бацин кодтой театрдзаутæ. Йæ романты, йæ радзырдты Ирыстоны царды аразын цы хъуыд æмæ дзы арæзт цы æрцыд, уыдон иууылдæр бæс-тонæй равдыста. Хæст æмæ сабыр фæллойы темæ, интимон лирикæ, сæйраг бынат ахсынц Георгийы сфæлдыстады. Стыр цымыдисаг сты чиныгкæсæгæн йæ эпиграммæтæ дæр. Уыдон хайджын сты юморæй æмæ сыл кæсæг æмбæлы мидбылхудтимæ. Георгийы ныхæстыл фыст зарджытæ зарыдысты æмæ абон дæр зарынц зарæггæнджытæ сæ концертон программæты. Дзугаты Георги йæ хъус дардта сывæллæтты литературæмæ æмæ сын фыста чингуытæ, рæзгæ фæлтæрæн дæр сфæлдыста дзæвгар мидисджын уацмыстæ. Георгийы цардвæндаг уыд вазыгджын.

Гæбæраты Юри, газет «Хурзæрин»-ы редактор. Уый арфæйы ныхæстæ ракодта мадзал бацæттæгæнджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æвæццæгæн, Георгийæн нæ разындзæн иу ахæм рæнхъ дæр, кæцыйы æз нæ бакастæн. Йæ роман «Карды комыл»-иу бакастæн, уый фæстæ райстон æмæ та иу æй ногæй райдыдтон кæсын. Георги тыхджын прозаик уыди. Йæ романтæ «Карды комыл» æмæ «Сыгъзæрин суадон» фаг сты, уый зæгъынæн. Фæлæ ирон литературæйы йæ ном иууыл тынгдæр сæрттывта поэзийы. Уымæн æмæ йе ‘мдзæвгæтыл фыст зарджыты тыххæй бирæтимæ цæфмæ æрцæудзынæ, афтæ сын куы зæгъай, зæгъгæ, Георгийы фыст сты, уæд. Уымæн æмæ сæ æнхъæлынц адæмон, афтæ тынг ныххызтысты сæ зæрдæты, ахъардтой сæ туджы.

Дриаты Нателæ, Культурæйы министрады библиотекæты фæдыл сæйраг специалист. Абон алчи дæр зоны, сывæллæтты библиотекæтæ цух кæй æййафынц ар-гъæуттæй, æмдзæвгæтæй æмæ хорз уаид, куыд Дзугаты Георгийы, афтæ-иу æндæр фысджыты уацмыстæ дæр ногæй рауагъд куы æрцæуиккой. Дзугаты Георгийы сфæл-дыстад чиныгкæсджыты зæрдæмæ ссардта стыр фæндаг. Цæвиттон, мæхæдæг йæ музыкалон æмдзæвгæ «О, уыцы дыууæ сау цæсты», æнхъæлдтон адæмон зарæг, фæлæ куыд фехъуыстон, афтæмæй уыцы æмдзæвгæ Георги ныффыста йæ цардæмбал Калоты Фатимæйыл.

Къадзты Филипп, Культурæйы министры хæдивæг. Йæ раныхасы уый æрымысыд 1977 азы ахуырæй куы æрыздæхтысты, уæд сæвæрдтой Георгийы аргъау сывæллæтæн «Арсы уазæг» куы сæвæрдтой, уæд  текстмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бахастам чысыл ивындзинæдтæ дæр, æмæ нæ репетици куы фестæм, уæд ныхъхъус стæм æмæ афтæмæй æнхъæлмæ кастыстæм Георгийы хъуыдымæ, цы зæгъдзæн, уый базонынмæ. Фæлæ, уый уæздан бахудгæйæ загъта, зæгъгæ, цы уын зæгъон. Тынг хорз у, мæн ма æрбацæуын бахъæудзæн премьерæмæ. Уыцы ныхæстæ та дзурæг сты Георгийы рæсугъд удыхъæды миниуджытыл.

Йæ раныхасы Плиты Серго дæр банысан кодта Георгийы поэзийы уæлтæмæнад. Иу хатт дзæнæттаг Нафи афтæ бакодта, мæ-нæн, дам, дзул, кæрдзынæй адджындæр у. Сывæллонæй – хъæбул зæгъын бирæ ад-джындæр у. Афтæ Георгийы ном дæр æндæр поэтты æхсæн куы фехъуысы, уæд зæрдæйы дуæрттæ фегом вæййынц æмæ йæм рухсы тынтæ бакæлынц. Æз никуы фехъуыстон, Георгимæ исты æвзæр миниуæг уыдис, уый тыххæй. Йæ фырт Къоста дæр цы фæндагыл ныллæууыд, уымæй мах абон стæм сæрыстыр. Ам залы бады Къостайæн йæхи фырт Батрадз дæр æмæ сын Хуыцау Георгийы хæрзиуджытæй стыр хай бакæнæт, йæ фарнæй та фæрнджын уæд.

Мадзалы скъоладзаутæ кастысты Георгийы фыст æмдзæвгæтæ.

Георгийы æмдзæвгæйыл фыст зарæг «О, уыцы дыууæ сау цæсты» зарæггæнæг Æлборты Малхаз афтæ аив азарыд æмæ йын залы бадджытæ стыр къухæмдзæгъдæй дзуапп радтой. Мадзалы ма азарыдысты зарæггæнджытæ Багаты Шота æмæ Сана-хъоты Алан.

Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ дæр æрымысыд Георгийы царды нывтæй цымыдисон историтæ æмæ йæ раныхасы кæрон раарфæ кодта скъола-дзаутæн, Георгийы æмдзæвгæтæ афтæ дзæбæх кæй кастысты, уый тыххæй. Уæлдай арфæтæ ракодта библиотекæйы кусджытæн ирон фысджыты сфæлдыстад кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы йæ хæстон архайдтыты тыххæй лæмбынæг радзырдта йæ фырт Къоста æмæ йæ фыды  æмдзæвгæтæй бакаст цалдæр.

Мадзалы кæрон библиотекæйы сæргъ-лæууæг Кокойты Валерия скъоладзаутæн, мадзал бацæттæгæнджытæн æмæ мысæн изæрмæ æрбацæуджытæн, æппæт Георгийы сфæлдыстадæн табугæнджытæн раарфæ кодта æмæ скъоладзаутæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.