Нæ адæм рагæй фæстæмæ кæмæн куывтой, уыцы зæдтæ æмæ дауджыты ‘хсæн сæрмагонд бынат уыдис Уастырджийæн. Уыдонæн сæ сæйрагдæрыл нымад кæй цыд, ууыл  дзурæг у уый дæр æмæ йæ бынат кæй уыдис Хуыцауы фарсмæ. Хуыцауæн уыдис кадджын минæвар арвæй зæххы æхсæн æмæ зæххыл цытæ цыдис, уыдон ын хъусын кодта, ома уыдис хабархæссæг адæм æмæ Хуыцауы æхсæн. Зæдтæ æмæ бардуæгтæй æрмæстдæр уый зыдта Хуыцауы цæсгомæй цæсгоммæ, иумæ бадтысты тæрхоны дæр æмæ æвзæрстой дунейы раст æмæ æнæраст хъуыддæгтæ. Раст лæгæн уыдысты æххуысгæнæг, зылынджын адæмы та æфхæрдтой. Йæ коймæ дæр уайтагъд ирон лæгæн йæ цæстытыл ауайы урс бæхыл бадгæйæ, асæй стыр, урс пæлæзы. У хъæбатыр æмæ хæларзæрдæ. Зæххон адæммæ йæхи æргомæй никуы æвдыста, сæ размæ цыд зæххон адæймаджы хуызы æмæ кæддæриддæр æххуыс кодта мæгуыр æххуысхъуаг адæймагæн. Карзæй сæ ныхмæ цыд чи сæ æфхæрдта, уыдонæн. Йæ хъус дардта адæмы цардмæ æмæ Хуыцауæй куырдта, цæмæй адæмæн æххуыс кæна æмæ сыл хæрзиуджытæ тауа. Уымæн йæ удхæссæг уыдысты къæрныхтæ, сайæгойтæ, лæгмарджытæ. Намысджын адæмæн та уыдис сæ сæрхъызой, фæлæ уæддæр иууыл тынгдæр аудыдта бæлццæттыл æмæ хæстонтыл. Иудзырдæй, уый уыдис нæлгоймæгтыл аудæг æмæ йæ уымæ гæсгæ сылгоймæгтæ йæ номæй нæ хуыдтой æфсæрмы бынаты сын уыдис, табу йын кодтой æмæ йæ хуыдтой Лæгтыдзуар.

Балцы цæуыны агъоммæ ирон лæг кæддæриддæр скуывтаид Лæгтыдзуарæн æмæ йын йæхи бафæдзæхстаид, цæмæй йæ фæндараст фæкæна æмæ йæ йæ фæндагыл ма фæтыхсын кæна. Афтæ кодтой хæстонтæ дæр. Уыдон ын куывтой канд хæстмæ цæугæйæ нæ, фæлæ хæсты тохгæнгæйæ дæр. Цæвиттон, фыццаг дунеон хæсты рæстæджы ирон хæстонтæ уæрæсейы æфсады сконды уæвгæйæ сæхи знаджы нæмыгæй бахизыны тыххæй Карпаты сæхицæн сарæзтой кувæндон. Уыцы хæсты хæстонтимæ чи уыд, уыдон, дам, сæхи цæстæй уыдтой, ирон лæг-иу размæ абырсыны агъоммæ Уастырджийæн сæхи куыд фæдзæхстой, куыд иу æм куывтой.

Ирыстоны алы къуымты цыдæриддæр Лæгтыдзуары номыл кувæндæттæ ис, уыдонæн сæ фылдæр хай фыццаг дунеон хæсты рæстæджы арæзт дæр, зæгъгæ, уымæн æрцыдысты. Абайты Уасойы хъуыдымæ гæсгæ ныртæккæ ирон адæм цы æгъдæуттæ æмæ цардуагон фæткæвæрдтæ кæнынц сæ хæдзарадон-культурон царды æмæ кæддæр скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ цы æгъдæуттæ æмæ ритуалон фæткæвæрдтæ арæзтой, уыдонæй бирæтимæ сты бынтон æнгæс. Аммиан Марцвелин дæр афтæ фыста йæ дуджы, зæгъгæ, алантæ куывтой хæсты бардуагæн,  æхсаргарды хуызы. Æндæр ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ Уастырджийы стырбоны цы æгъдæуттæ аразынц ирон адæмæн, уыдон æмæ Аланты Хуыцауы æхсæн ис дзæвгар æнгæсдзинæдтæ, æгæрыстæмæй йæ уыцы Хуыцауы прототип дæр рахуыдтой. Уый афтæ кæй у, уымæн ма æвдисæн сты, Рекомы кувæндоны цы алыгъуызон хотыхтæ æвæрд ис, уыдон дæр. Ирыстоны уыййас хотыхтæ иунæг кувæндонмæ дæр нæ хастой. Дыууæ ирон лæппуйы иу Рекомы кувæндоны бахордтой ард, сæ кæрæдзийыл хæсты быдыры гадзрахатæй кæй никуы рацæудзысты.  Ардхæрды нысанæн иу сæ хæцæнгæрзтæй истытæ баивтой, кæнæ та иу фат йæ астæуыл ацъæл кодтой æмæ иу ын йæ саст Рекомы кувæндоны къулыл басагътой. Уый та нысан кодта, хæсты быдыры кæрæдзи кæй хъуамæ хъахъхъæной, чи фæмард уа, уымæн йæ мард хъуамæ иннæ баныгæна.

Ирон адæмæн Уастырджи сæ уарзон бардуаг кæй уыдис, æдзух æххуысагур уымæ кæй куывтой æмæ сын кæй æххуыс кодта, уый ирдæй зыны ирон адæмы сфæлдыстады дæр, сæйраджыдæр, та Нарты кадджытæ æмæ аргъæутты. Уастырджи фæдисонау уади тæхгæ æмæ нæргæйæ йæ урс бæхыл. Зæххон адæммæ йæхи æргомæй æвдыста æрмæстдæр кусæг лæджы хуызы. Бахъуыды заман иу фестад фыййау, хуымгæнæг, хосгæрдæг, фæндаггон. Чи йæм куывта, уыцы кусæг адæмы архайдтытæй зыдта алцыдæр æмæ æнцонæй зылди адæмыл, хъуыста æмæ сын кастис сæ царды уагмæ. Куыд æваст иу фæзындис адæммæ афтæ-иу фæцыдæр. Диссагæн баззад, иу хатт нарты Сатанайы мæлæтæй куыд фервæзын кодта, уый. Сатана зондджын, сæрæн кæй у, уый тыххæй йæм Нарты сылыстæг тынг мæсты кодтой æмæ сфæнд кодтой йæ амарын. Æртымбыл сты æмæ адджын ронг нуазын райдыдтой. Нозта Сатана дæр семæ æмæ банозтджын. Семæ уыд хингæнæг усы чызг æмæ фелвæста йæ сыгъзæрин æнгуырстуан, уымæй баназæм, зæгъгæ. Сатанайæн куы адардтой, уæд æнгуырстуан йæ хъуыры бахауди æмæ амарди. Уарстырджи йæ базыдта, бацыдис æм, рахъил æй кодта æмæ æнгуырстуан йæ хъуырæй рахаудис. Фервæзт Сатана.

Гъе, ахæм ахъаз уыдис Уастырджы зæххон адæмæн.

Иухатт, дам, Уастырджи сфæнд кодта балцы ацæуын æмæ йæ дыууæ усæн афтæ зæгъы: Æрцæттæ мын кæнут рæвдздæр фæндаггæгтæ. Устытæй хистæр кæстæрæн афтæ, нæртон Мæргъуыдз куынæ у нæ лæг, уæд дзы цæй тынг тæрсыс. Æмæ адæм нæ лæгæй куы хæрынц ард, уæд ма уымæй хуыздæр чи уыдзæнис. Диссаг фæкаст уыцы ныхас Мæргъуыдзмæ æмæ ацыдис йе ‘фсургъыл Нарты Мæргъуыдзы агурæг. Куы йæ федта, уæд фæджихау, цæмæ йæм бабæллыдис йæ ус, йæ фындз дæр хауд куы у. Фæлæ куы ацыдысты хæтæнты, уæд бамбæрста Мæргъуыдз æппæтæй дæр æххæст кæй у, уый.

Уæдæ, Уастырджи зæххон адæмæн канд сæ зыны, сæ куысты, сæ цины нæ уыд, се ‘ххуысгæнæг, фæлæ ма йæ номыл цы бæрæгбон нысан кæнынц, уый та у – сæ иугæнæг.

Æрмæгыл бакуыста БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.