– Клуб «Къоста»-йы хæс у, цæмæй уарзын кæна Ирыстоны, ирон æвзаджы, нæ фыдæлтæ нын кæй ныууагътой, уыцы  хорз æмæ тæхудиаджы æгъдæуттæ. Ахæм дзырдтимæ 27 ноябры клуб «Къоста»-йы радон рабадты ралæууыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр. Рабадт уагъд цыд университеты æмбырдгæнæн залы. Хайад дзы райстой ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Дзырд цыдис Уастырджыйы бæрæгбоныл.

Ныхасгæнæг  банысан кодта, зæгъгæ, нæ фыдæлтæ бирæ бæрæгбонтæ нысан кодтой. Уыдоны фæрцы æрхæццæ сты махмæ æмæ сæ мах дæр ма хъуамæ ферох кæнæм. Аразгæ та сæ æрмæст уымæн нæ кодтой, æмæ дзаджджын фынгтыл фæбадой, фæлæ ма ахæм мадзæлттæ адæмы бастой кæрæдзийыл. Уымæй дарддæр ма бæрæгбонты адæймаг хуыздæр æнкъардта, йæ разы цы хæстæ ис æмæ йæхи куыд хъуамæ дара, уыдæттæ. Нæ бæрæгбонтæй стырдæр нысаниуæг кæмæн дæттæм, уыдонæй иу у Уастырджыйы бæрæгбон. Уастырджы у нæлгоймæгты бардуаг æмæ йын сæхи фæдзæхстой æмæ фæдзæхсынц нæлгоймæгтæ. Гацыр ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, нæ фыдæлтæ иу рæстæджы Хуыцау æмæ Уастырджыйæн кодтой æмхуызон аргъ æмæ кад.  Цины фынгтыл дæр сæм куывтой иумæ, фæлæ дунейы адæм Хуыцауы банымадтой сæйрагдæрыл æмæ ирон адæмы зондахасты дæр ацы фарсты тыххæй æрцыдис ивындзинæдтæ. Ныр нæ цины фынгтыл Хуыцау æмæ Уастырджыйæн фæкувæм хицæнтæй æмæ, зæгъгæ, уый у растдæр.

Ирон адæмæн Уастырджыйы бæрæгбон у иумæйаг, фæлæ йæ рагæй фæстæмæ уæрæхдæрæй аразынц Цæгат Ирыстоны. Раздæр-иу уыцы бонты Хуссарæй Цæгатмæ йæ нысан кæнынмæ цыд бирæ адæм. Дарддæр ма раныхасгæнæг  раарфæ кодта студенттæн, йæ цæст сын бауарзта, цæмæй уой æнæниз, ахуырмæ æнæзивæг æмæ æвзыгъд.

– Адæймаджы хъуамæ уырной, уырнинаг цы ис, уыдон. Æрдз афтæ у, æмæ фыццаг фæзыны цыдæр, уый фæстæ та – йæ ном. Цы нæ уа, уымæн ном дæр нæ вæййы. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ кæд ис ном Уастырджы, уæд ис йæхæдæг дæр. Уый нæу мæгуырау миниуæг. Уымæн æмæ истæмæй ныфс чи авæры, уыдонæн цæрын у æнцондæр. Сæхи фæхатынц ныфсджындæрæй æмæ се ‘нтыстытæ дæр вæййынц фылдæр æмæ хуыздæр.

Ахæм хъуыдытæй рабадты йæ ныхас райдыдта университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы доцент, филологон зонæдты кандидат Хъазиты Мелитон. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстонмæ æндæр бынæттæй чи ‘рцæуы, уыдон сæ цæст нал фæисынц нæ æрдзы рæсугъддзинад, нæ бæрзонд хæхтæй. Нæ адæм фыдæлтæй фæстæмæ зæдтæн куыд кад кæнынц, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ сæ арæзтой, нæ уазджытæ сæ цæст цы хæхтæй нал фæисынц, уыцы бæрзонд бынæтты. Бирæ кувæндæттæм кæд вæййы зынвадат ссæуæнтæ, уæддæр сæм фæцæуынц, фæфæдзæхсынц сæхи æмæ се ‘ввахс адæмты. Зæдтæм, Уастырджымæ кувынæн ис йæхи хорз миниуæг. Уымæн æмæ кувæг фæсыгъдæг æмæ фæхъæлдзæгдæр кæны йæ зæрдæйы уаг. Кæмæн фæкувы  уыдон та бауадзы ныфс. Уастырджыйы бæрæгбонтæн ма ис æндæр хорз миниуæг дæр. У афæдзы кæройнаг бæрæгбон. Адæм сæ æркæнгæ тыллæг фæвæййынц æфснайд æмæ бæрæгбоны фынгтæ дæр вæййынц дзаджджындæр.

Уастырджыйы къуыриты тыххæй университеты райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæйы кафедрæйы сæргълæууæг Хуыгаты Илья та банысан кодта, зæгъгæ, нæ бæрæгбонтæй никæцы ферох кодтам, фæлæ рæстæг цæуы æмæ сæм уый хæссы ивындзинæдтæ. Уыцы ивындзинæдтæй иутæ сты ахæм, æмæ раздæр æлхæнгæ кусæрттаг æмæ æлхæнгæ æртæ фæрскæй ничи куывта. Нæдæр уæливыхтæ æлхæдтой, зæдты номыл сæ алчи дæр кодта æмæ арæзта йæхæдæг. Уастырджыйы бæрæгбонмæ сылгоймæгтæ нæ цыдысты. Фынгмæ ма нæ цыдысты æрыгон фæлтæр дæр, уыдонæн уыд сæхи хæстæ æмæ сæ æххæст кодтой.

Йæ раныхасы ирон литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго та банысан кодта, зæгъгæ, Уастырджы кæй ис, уый у уырнинаг. Уымæн æмæ 23 ноябры 1989 азы Уастырджы не ‘взонг æмæ æвæлтæрд лæппутимæ куынæ уыдаид, куынæ сын уыдаид æххуысгæнæг, уæд, гæнæн уыдис, æмæ сæ бон ма бауыдаид цалдæр мин хотыхджын гуырдзиаджы горæтмæ æрбахизæны ныууромын.

  Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.