Хъæууон цæрæджы цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл кусы Цхинвалы районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад (йæ хистæр Хъотайты Барис). Ацы хæдзарады фæллой кæны 40 адæймаджы, кусынæн сæм ис цалдæр иуæджы алыгъуызон техникæ æмæ сын уыдон фæрцы æнцондæр у, сæ разы цы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг куыстытæ вæййы, уыдон рæстæгыл æмæ гъæдджынæй ахицæн кæнын. Фæлæ зæгъын хъæуы, цы иунæг бульдозер сæм ис, уый арæх кæй хæлы æмæ уымæ гæсгæ иуæй-иу куыстытæ рæстæгыл сæххæст кæнынæн вæййы ныхдуртæ. Хъæууон цæрæджы проблемæтæ дзæвгар сты æмæ сын сæ ацы хæдзарад æвæрццагæй куы аскъуыддзаг кæны, уæд уымæй сæ æрвылбонон аудинæгтæ фенцондæр вæййынц.

Нуазыны дон амæйразмæ æруагътой Сацхенеты хъæумæ Мармазетæй æмæ доны тыххæй ныр нал тыхсдзысты цæрджытæ. Доны ацы хаххы куыстытæ сæх-хæст кодтой 2 километры дæрддзæгæн. Афтæ ма æввахс рæстæджы нуазыны доны фарст æвæрццагæй скъуыддзаг æрцæудзæн Чугуты хъæуы дæр, ацы хъæуы цæрджытæ дæр тынг тыхсынц, дон сын кæй нæ фаг кæны, уый аххосæй. Ацы хъæумæ та доны хаххы дæрддзæг уыдзæн 1700 метры. Хъæуы цæрджытæ кæрæдзимæ дæрдты цæрынц, уымæ гæсгæ уал нырма иу сыхмæ бауагътой доны хахх. Иннæмæ дæр нырмæ дæр уагъд æрцыдаид, фæлæ та хæдзарады кусæн техникæ кæй фехæлд, уымæ гæсгæ куыстытæ фæлæууыдысты. Куыддæр срæвдз уа, афтæ бавналдзысты цæрджыты иннæ сыхы домæнтæ дæр сæххæст кæнынмæ. Нуазыны доны хъуагдзинад æййафы Присы хъæу дæр æмæ уырдæм та æруадздзысты, Ирыхъæуы сæрмæ цы нуазыны доны гуырæн ис, уырдыгæй. Доны уыцы хаххæн та йæ иумæйаг дæрддзæг æдæппæт уыдзæн 4 км. Доны фарстмæ æркæсын хъæудзæн Икъортайы хъæуы дæр, уыдон дæр нæ баззайдзысты рохуаты. Къостайы хъæуы цалдæр уынгмæ къуылымпытимæ хæццæ кодта нуазыны дон, кæй нæ фаг кодта, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ цæрджы-ты ацы къорд æвзæрстой зындзи-нæдтæ. ЦКХ-йы разамынд фарст сахуыр кодта, бахынцыдта цæр-джыты рæстагон домæн æмæ сæм рауагътой, хъæуæн ныгуы-лæнæрдыгæй цы доны гуырæн ис, уый, йæ гъæд та у хорз. Хъо-тайы фырт ма куыд загъта, уымæ гæсгæ сæрдыгон тæвд рæстæджы цæрджыты иу хай цух æййафынц доны хъуагдзинад. Уый та у, архы дон нæ, фæлæ нуазыны донæй кæй фæдонхæр кæнынц сæ зæххы фадгуытæ. Ахæм цаутæ вæййы Дменис, Сатихъар æмæ æндæр хъæуты.

Районы хъæуты цæрджытæ къаддæр тыхстдзинад не ‘ййафынц, сæ фæндæгтæ мæгуырау уавæры кæй сты, уый тыххæй дæр, фæлæ уыцы фарст дæр ро-хуаты нæу районы разамынд æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæй. Цæвиттон, Хелцуа-Арцеу-Громмæ фæндагæн йæ иумиаг дæргъ у 15 км бæрц. Ацы фæндаджы арæзтадыл бакуыстæуыд, райдианы уал дзы цы куыстытæ сæххæст кодтой æмбæлон техникæйы фæрцы, уыдоныл. Уыд дзы дзæвгар лæбырд бынæттæ æмæ уыдон сраст кодтой. Дон цы бынæтты тымбыл кодта, уым та æвæрд æрцыдысты доны хæтæлтæ. Тынг мæгуы-рау уавæры уыд Ходы хъæумæ фæндаг дæр, уымæ гæсгæ дзы канд транспорт нæ, фæлæ зын цæуæн уыд фистæгæй цæуджы-тæн дæр. Уавæр æрбæстон кæ-ныны тыххæй цæрджытæ домд-той, цæмæй сын æркæсой сæ рæстагон хъастмæ, ныр уыдонмæ дæр ЦКХ-йы æрдыгæй здæхт æрцыд хъусдард. Фæндаг уал арæзт фæфæуы Тыбылтыхъæумæ, уымæн йæ иумиаг дæрддзæг у 4 км æввахс. Рохуаты нæ баззайдзæн сыхаг Кърозы хъæумæ фæндаг дæр. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын ацы фарст æххæст куы æрцæуа, уæд дзы но-гæй æрцæриккой иуæй-иу æм-бæстæгтæ. Сæ фæндаг фæхуыз-дæр кæныныл бацархайдтой Сарабучъы хъæуы дæр. Рохуаты нæ баззайдзысты районы иууыл дæрддагдæр хъæутæ Бихъар, Бендер æмæ Вилдайы фæндæгтæ дæр. Хæдзарад ма арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ кæны Зары хъæуы бæстыхайы, уымæн бамбыдысты йæ астæрдтæ æмæ сæ раивдзысты ногæй. Уы-дзæн дзы хъæрмадон системæ æмæ зымæджы уазал бонты нал тыхсдзысты. Иугæр куы сцæттæ уа, уæд дзы æрбынат кæндзысты хъæууон администраци, клуб æмæ библиотекæйы уагдæттæ. Кусджыты ныфс ис, арæзтадон куыстытæ кæй фæуыдзысты августы мæйы кæронмæ, уымæй. Арæзтадон цалцæггæнæн куыстытæ ма кæнынц Дменисы клубы дæр, стæй иуæй-иу скъолаты та кæнынц косметикон цалцæг.                                                    Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.