Гуыцмæзты Алеш — 70 азы

(Скъуыддзаг монографийæ)

Ныртæккæ нæм кæй стыр лæджыхъæды кой уыдзæнис, уыцы лæгау-лæг цардмæ кæугæ цæмæн фæзынд æмæ, йе ˊнусон дунемæ араст уæвгæйæ, йæ фæстæ бынтон æввахс хæстæджытæ, хиуæттау, Ирыстоны адæмы мингæйттæй дзыназгæ цæмæн ныууагъта, уыцы хъуыддаг сусæггаг никæмæн у. Дардмæ цæуын нæ нæ хъуыд æмæ нæ хъæуы. Искæй дæр нæ рафæрс-бафæрс кæндзыстæм. Алцæмæн дæр нæхæдæг уыдыстæм æмæ стæм æвдисæн. Йæ райгуырдæй Ирыстонæн 1951-æм азы рухæны мæйы 10-æм бон фарнæн æцæгæй ныззарыд йæ хъус. Уый æнæхъæн Ирыстонæн. Не Сфæлдисæг нын йæ парахат зæрдæйæ, цыма никуы æмæ ницы — балæвар кодта, йæ комулæфтæй æцæгæй кæй уæнгтæ батæлфыдысты, ахæм бæллиццаджы кæстæр. Сыгъдæг æмæ рæдау зæрдæйы хицау, Ирыстоны сæрвæлтау удуæлдай æмæ зонды цæстæй æппæт уынæг, аив дзырдыл тайæг æмæ руайæг, фæлгонцты дунемæ йæ бæллицты фæдыл фæрныг хæтæнты цæуæг — нæ Фыдыбæстæ, нæ адæмы амондæн æппæтзонæг, — Уæллаг ахæмæй сфæлдыста ирон лæг, фыссæг Гуыцмæзты Алешы.

Фæлæ адæймагæн йе ’ппæт уыцы æвæрццæгтæ йæ удæгасæй нæ фæзынынц æддæмæ æмæ сæ æцæгæй куы фенæм, уæд нæхи фæрæстытæ кæнæм алы æфсæнтты. Зæгъæм, афтæ: «Алеш, ныр куыд дзурæм?.. Дзуринæгтæ — бирæ, фæлæ де ‘рвгъуыз цæстыты æгуыппæг цымыдис куы нæ уынон, дæ бæзджын æмæ уæззау хъæлæсы зæливæнтæ куы нæ хъусон, уæд цы уыдзæн нæ ныхас?.. Ӕнæад æхсыст донау. Ӕрхуым, æндæгъд цъуйы цупалау… Ӕниу дзы хуыздæр амал цы ис?..», — загъта Нафи.

Ау, адæймаджы, йæ тæккæ тыхыл куы уа, иу рæстæмбис æртæуæладзыгон хæдзары, бон, иууыл къаддæр, æртæ хатты кæуыл æмбæла, уыйимæ йæ иу хатт зæрдæйæ-зæрдæмæ аныхас кæнынмæ куыннæ хъуамæ равдæла?

Фæлæ мах никуы февдæлы — уæд та, цалынмæ уыимæ ныхас кæнон, уæдмæ мын исты кусинаг куы аирвæза, стæй — исты бæллиццаг хъуыды мæ куы сирвæза æмæ йæ уый куы ацахса? Ӕмæ афтæмæй нæ уыцы æнæбары «уæдта»-тæй батонæм нæ царды бонтæ. Стæй нæ сæр куы бахъæуы нæ кæцыдæр цардцухæй хорз зæгъыны тыххæй, уæд, де ‘взаг цы кæрда, уыдæттæн сæ бæстытæ суадз æмæ, сырх дæр ма фæу, афтæмæй дзур алцы дæр: «Поэт йæ риуæй бамбæрзта Фыдызæхх. Ныддæлгом ыл йе ‘мбæрцæй æмæ йæ туг йæ быны смал. Уый Алеш у. Æнахуыр диссаджы поэзи у йæ прозæ, поэт æй уымæн хонын. Уый поэт уыд зæрдæйæ, зондæй, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадæй. Дзыллæ зын уавæры куы бахауы, тыхы дуг куы скæны, уæд тохы быдыры поэт амæлы фыццаг. Афтæ бакодта нæ кæстæрты хуыздæр Гуыцмæзты Алеш», — сæрыстыр æмæ катайгæнгæйæ дзырдта нæ сылгоймаг-фысджыты хуыздæртæй иу, Хостыхъоты Зинæ.

Алеш хæдæфсæрм ирон лæппу уыдис æмæ йæхицæй ахæм ныхæстæ куы фехъусы, уæд хæрзаг ныссырх вæййы æмæ йæ +12 кæсæнцæстытæ асæрф-асæрфæн бахъæуы. Мæ бон у цыфæнды кувæндоны дæр ард бахæрон, Алеш нæ фыдбоны сыхæгты ‘рдæм иунæг нысанæхст кæй никуы фæкода, æрмæстдæр-иу пикетты кæй лæууыд æмæ дзæнæты цъæх нæууыл æхсад цæсгомæй кæй æрæвæрдта йæ къах, уый тыххæй. Ӕнæуый хæцæнгарзмæ кæй бæллыд, уымæн дæр дæн удæгас æвдисæн.

Уыцы хъуыддаг йæ удæгасæй чи нæма зыдта, — мах адæймаджы рæстæгыл базонынмæ никуы батагъд кæнæм, — «Лæджы хуызæн лæг нæм — ыстæм» — уыдонæн дæр, нæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау не знæгты танкты æхстмæ фондзуæладзыгон хæдзары уæлхæдзарæй, университеты ирон æвзаджы ахуыргæнæг Хуыгаты Ильяимæ, йæ трагикон адзалæй æркалдысты нæ комæйкургæ фыссæджы чи зыдтой, уыдон уæнгтæ. Куыннæ дзынæзтаиккой! Сылгоймæгтæ куыннæ тыдтаиккой сæ дадалитæ!

Фæлæ кæддæр йæ райгуырдæй чызгкæстæр хæдзар хистæрæй-кæстæрæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй фырцинæй хæрдмæ хаудтой, Уæллагæн цырæгътæ сыгътой. Афтæ сæм каст, Хуыцау йæхицæн ницыуал ныууагъта, иууылдæр сæ скодта уыдон разæй. Лæппуйы райгуырдмæ иу удау кæй æнхъæлмæ кастысты, уымæн афтæ хъуыды кодтой. Æмæ сыл бахудæн нæ уыд — Ирыстон рагæй фæстæмæ хæстон къахыл лæуд у, лæппуйы райгуырд нæм кæддæриддæр фарнхæссæг уымæн уыдис. Лæппу кæмæн райгуырдаид, уыдон ма-иу нæм кæмдæрты лæппуйы «хъалон» дæр фыстой — фыццаг куадзæны фыццаг къуырисæры-иу бинонтæ фынг сæвæрдтой сæ хиуæттæ æмæ хъæубæстæн, уæларвонтæн-иу фæдзæхстой сæ тыры.

Гуыцмæзты ноггуырд лæппу та йæ цъæхахстæй арвы хæдон арæдывтытæ кæнынмæ хъавыд, цыма хистæрты се ˊгæрон цины охыл фæдзæхста, зæгъгæ: «Уæ цин кæддæр кæуынмæ расайдзæн, зонут æй. Æгæр ма кæнут, мæ къонатæ», — фæлæ йын йæ кæуын хъæлæсæй чи æмбæрста йæ куырыхон хъуыды. Ахæм рæстæджы, — æгæрон цины æмæ масты, — алкæй йæхи койаг вæййы. Стыр хъуыды дæр никæй уал фендавы.

Афтæмæй, развæлгъау-иу куы зониккам ноггуырды ныхыфыст, уæд: «Алы æцæг нывгæнæг дæр у стæм æмæ æнахуыр, æнæнхъæлæджы фæзынд. Æнахуыр уыд Алеш-дзырднывгæнæджы курдиат, йæ фыссæны иу фесхуыстæй-иу хуымæтæджы ирон дзырдтæ къæссавæлдæхт фесты, цæхæртæ-иу скалдтой, æрттывтытæ-иу байдыдтой сæ алы фæрстæ. Иу бакастæй хуымæтæджы хабары хуызæн чи вæййы, уый йæ сæрмагонд фæлгонцон нывæсты руаджы райсы арф цардон мидис, философон хъуыды».

Хъуамæ йын йæ иу æнтысты фæстæ цин кæниккам йæ иннæ æнтыстыл. Мах та… «Печаль, словно осенняя туча на взгорьях, теснит душу и погружает её в какой-то мир безмолвия и луносветия. И лишь из невидимой дали скифских степей слышу тишайший голос неведомой пес-ни… А мне чудится, что это голос Алеша: «Спойте, ребята, осетинскую песню…», — зæгъы Джусойты Нафи æмæ уый у, Алешы чи зыдта, йе сфæлдыстадимæ йын зонгæ чи у, уыдонæй бирæты хъуыды.

Не стырзæрдæйæ, нæ фарсмæ чи фæлæууы, уыдон нæм хурæргомы рæстмæ нæ фæзынынц, стæй, æнæнхъæлæджы куы фæтары вæййынц, уæд нæ удты фыдæнæн фæвæййæм джитæнтыл:

Сынты уæлхъус дын фæстаг хæрзбон зæгъон,
æмæ дæ мæхи нымæры агурын цæстæнгасæй —
Алешимæ бацæуæм.

Сау дыл бакæнон,
æмæ дæ мæхинымæры агурын цæстæнгасæй —
Алешимæ сæ бакæнæм.

Сисæм дын дæ табæт бæрзонд,
æмæ дæ мæхинымæры агурын цæстæнгасæй —
Алешимæ йыл схæцæм.

Алеш…

Ау, æцæг нæй фыдæлты гаккæн ивæн? Хъуамæ йæ æцæг хæссæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ, фыдæй-фыртмæ, цæмæй-иу уыйфæстæ фæсмоны æнкъарæнтæй хæрæм нæхи? Æмæ уæд афон нæма у, цæмæй иу хатт фæхудæм нæхиуыл, цæмæй æнустæм дзылыйæн дзылыйы хай дæттын райдайæм, мылыйæн — мылыйы хай?

Кæд нæ фыдæлты фарн ферох кодтам æмæ нæ хъуыды нал ахсы нæ рагон нæртон æмбисонд: «Нартау æмвæнд — уæларвмæ фæд», — æмæ нæ уæлæрвтимæ нал æндавынц нæ сæртæ дæр?

Уыдæттæ стыр хъуыдыйаг фарстытæ сты нæ Ирвæдæны æмæ нæ удыгæстимæ æппынæдзух нæ мæрдтæ дæр лæууой нæ зæрдыл, цæмæй нын ацы фыддуджы мацы хуызы уа цыфæнды знаджы тугахуырст карды бын дæр фæцудæн, æндæра никуы аскъуыйдзæнис нæ дудгæ хъарæджы таг, додойгæнгæ хиздзæн иу мæлинæгтæй иннæмæ, афтæмæй æгады скъуыд акæндзæнис нæ таг.

Цæмæй макуы макæй раз фæцудæм, ууыл уыдис æппынæдзух Алешы сагъæс, уыцы дудаг рис ын хордта йæ уд æмæ уый адæргæй никуы фæрæзта йæ зæрдæйы дзаг сулæфын. Уый охыл атагъд кодта йе ‘нусон дунемæ дæр зæрдæрыстæй, кæд нырма йæ тæккæ сфæлдыстадон тыхы уыдис, æппынæдзух йæхи размæ, ног аивадон уæлахизтæм æппæрста, уæддæр. Нæ хæлар, нæ поэт Таймуразы загъдау: «фæмард Ирыстоны сæрвæлтау гуырдзиаг лæгмартимæ…» — ома, хæсты дуджы. Уæд разыны нæ рæдыд æмæ ныййазæлы дардыл не ˊгомыг, цæссыгдзаст ниуын, кæд кæуынæй ничи удæгас кæны, мæрдвæндаг дзы рæсугъддæр цы кæны, æндæр.

Уыйхыгъд, нын баззадысты: «…сфæлдисын ын цы бантыст, уыцы бынтæ, цæугæ хæзнайау хиздзысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Йæ фæлгонцтæ цæрдзысты адæмимæ æмæ адæмимæ дзурдзысты Алешы æвзагæй,» — уымæн зæгъы Гæбæраты Юри.

Фæлæ уымæй дæр зæрдæйæн нæ кæны æнцондæр. Уымæн æмæ Алеш нæ нывæфтыд литературæйæн Уæллæгæй рантыст цæугæ мæсыг æмæ лæугæ хохæн. Ирыстоны ном хъуамæ айхъуысын кодтаид дардыл. Фæлæ нын Хуыцауы цæст уыцы амонд кæронмæ радтын нæ бауарзта, æмæ цы кæнæм. «Лæг райгуыры лæгау цæрынæн, Лæг райгуыры лæгау мæлынæн. Æмæ нæ бакуымдтай лæгау æмбæхсын. Ныккалд дæ туг — ирон мæсыг ныхасæн,» — зæгъы Касаты Батрадз.

«Ард ард у, кад та кад у», — зæгъы ирон æмбисонд. Алешæн йæ сомыгæнæн Ирыстон уыд. Йæ сæр хуыздæр кæй тыххæй æрхастаид нывондæн. Мах та, мæгуыр уæрццæн зад хуымы хизын нæ фидауы, æмæ нын нæ фæдисоныл цы хъæцгæ нæй. «Æвæццæгæн, дæ ныхыфыст афтæ амыдта: дæ уарзон адæмæн дæхи бауарзын кæн фыссæгæй, стæй уæд РАЙГУЫРÆНЫ сæрвæлтау дæ уд нывондæн æрхæсс хæстонау…» — зæгъы Кокайты Тотрадз.

Фæлæ Алешы уды фарн раргом кæнын, фæстейæ кæй ныууагъта, нæ уыцы фæлтæртæм хауы. Уыцы хъуыддаг цы фæлтæрты къухы бафта, кæстæрты йæ рафæлгъауыныл чи фæцалх кæна, уымæй, кæд абон нæ, уæддæр райсом райгонд уыдзыстæм. Уый кæд бафта нæ къухы, уæд Алешæн иузæрдыг æмбæстæгтæн, нæ Фыдыбæстæйы сæрыл цахæмфæнды тохы удуæлдай æмцегтæн бæздзыстæм. Хуыцауы цæст нын æй бауарзæд! Нæ ирон адæмæн хуыздæр арфæйæн хуымæтæджы нæ баззадысты лæппугуырды арфæтæ: «Лæппу дын райгуырæд», «Лæппухъæбыс бау», «Дæ хъус ныззарæд» æмæ бирæ æндæр зæрдæбын арфæтæ. Цух нæ уыдис йæ рæстæджы Гуыцмæзты хæдзарвæндаг дæр. Ӕмæ сæхи, сæ адджын адæмы куывдтытæ фехъуыстысты Бæрзондыл бадæг Хуыцаумæ. Куыд загътам, афтæмæй Гуыцмæзты Алексийы фырт Алеш райгуырд 1951-æм азы рухæны мæйы 10-æм бон Ирыстоны хуссар хайы, Цхинвалы районы Ортъеугомы, Гуыцмæзты хъæуы. Йæ фыд зæхкусæгæй службæгæнæг фылдæр уыдис: алы æмæ-иу алы хъæусоветты куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты — хæдзарыдзаг бинонты дарын хъуыд. Лæппу сæрибарæй рæзт, чысыл уæлбырц хъæуы сæрæй-иу хъæуы бынмæ йæ илæлæй хъуысти. Фæлæ дæ æппæтуынæг, æппæтзонæг фыды фыд дæхи бар цæрын макуы ныууадза. Дæбе цæйау загъта: «Мады ныхмæ цæуын худинаг у». Раст у, фæлæ фыды ныхмæ цæуын та — ноджы худинагдæр. Йæ кæстæрты, уæлдайдæр, лæппуты ахуыр кодта йæхи удыхъæдмæ гæсгæ. Искæй къахы сæ сындз фæныхст æмæ, — скæуыны кой ма чи кæны, — æрбадт йæ сæлвасыны тыххæй, уæд ын æнæ бауайдзæф нæ фæуыдаид: «Ӕ-æ, дæлдæр макуы фæуай, уый тыххæй æрлæууыдтæ? Дæ къах зæххыл ахаф æмæ дарддæр æйтт кæн!».

Уыдæттæ фидæны фыссæгыл йæ райгуырцæй фæстæмæ æнæ æндавгæ нæ уыдысты, кæд сæ гыццыл хъæуæй дардмæ никуыдæм-ма æфтыдис, уæддæр. Йæ хъæу ын уыд дуне. Ахæм цæстæй йæм каст. Афтæ йæ ныв кодта. Фыдæлтæй нын баззад, цалдæр къæсы дæр нæм хъæуы ном фæхæссынц. Раст, Алешæн йæ чысыл аив уацау «Урс фынтæ»-йы куыд у, афтæ. Ӕмæ кæд æвиппайд нæ зæрдыл æрбалæууынц Коцойты Арсены радзырд «Цуанонтæ»-йы хъайтартæ Тедо æмæ Симон, уæддæр фыссæгыл уайтагъд фæтых вæййынц йе ‘мхъæуккæгты хурæргом хъуыддæгтæ. Уыдон та бынтон иугъуызон никуы вæййынц. Ӕмæ табу Хуыцауæн. Чиныджы хабæрттæй уайтагъд ахизæм, фыссæг йæхæдæг кæй федта, кæй бавзæрста, йæ уды чи сфыхт, уыцы ирон, хъæууон хабæрттæм.

Цыма сæ кæмдæр нæхи цæстæй федтам. Æмæ цæстытыл ауайы, Алешты æдзæрæг хъæуы ма, нæ фыдбоны сыхæгтимæ не ссæдзазон хæсты размæ, бæрцæй цалдæр хæдзары куы баззад, уыцы рæстæг. Фæлæ сæм раздæр райдайæн скъола уыд. Алы хæдзары авд — дæс рæзинаджы куы уа, уæд уый фарныл дзурæг у æмæ нæ дарддзæст фыдæлтæ зыдтой фарны хъуыддæгтыл хæцын. Фæкæсыны фыдæй сæ нæ ауагътаиккой сæ къухæй æмæ цыфæнды фыдæвзарæнты дæр сæ бон уый тыххæй бацис сæ хъæстæ бавæрын. Фæлæ рæстæ-джытæ, хъыгагæн, тагъд ивынц. Алекси куыд уыдаид уый æнхъæл, йе ’ртæ фырт æмæ чызджытæй, сæ цоты цотæй йæ йедзаг хæдзар искуы федзæрæг уа, кæд æй афтæмæй дæр фæкæсынцух нæ уагътой, уæддæр. Хæдзарæй зæгъын.

Уæд та, бирæ цæрдхъом сабитæ дын уа, уæлдайдæр, лæппуарæх кæстæртæ, уый кадыл нымад уыдис. Нæ фыдæлтæ кæстæрарæхæй хуымæтæджы, мыййаг, нæ барстой сæ амонд. Алчи сæ цард уæрæхдæргæнæг къабаз вæййы. Æмæ Алексийы уыцы къабæзтæй иу — Алеш чиныгæн кæй райгуырд, уый, хæрз саби ма куы уыд, уæд фæбæрæг. Гайлаг родæй бæрæг кæны, мæнгæй нæ акæнынц адæм. Тыбылты Алыксандр нæ уымæн фæдзæхста: «Æвæрын хъæуы ног фысджыты».

Гуыцмæзты хъæумæ астæуккаг скъола дард уыдис — Уанатмæ цæуын сæ хъуыд, æмæ-иу сæ ахуырдзау фæсивæд, фæнда дæ, нæ дæ фæнда, уæддæр-иу æхсæвыгæтты баззадысты интернаты.

Ныййарджыты цæстæнгасæй иппæрд кæстæр фылдæрхатт дзæгъæлгæнаг у, фæлæ иуæй уæды рæстæджы æгъдау уыдис нымад, иннæмæй та фидæны фыссæг йæ карсæттæн азты дæр ахæм æгъдауыл хæст уыд æмæ йе ’фсымæр, бæрцæй дзы иу аз кæстæр чи уыдис, уый йæ цуры хъазгæйæ тамако сдымын дæр нæ уæндыд. Йæ амæлæты фæстæ йын нæ кæстæр хæлар Гæбæраты Юри, ардхæрæгау, уымæн зæгъы: «Цæрдзынæн дæ уды фарнæй, дæуыл хъуыдыгæнгæйæ, демæ ныхасгæнгæйæ…».

Афтæмæй Гуыцмæзы-фырт астæуккаг скъола æнтысгæйæ каст фæцис 1968-æм азы. Уæд йæ аивадон уацмыстæ мыхуыры фæрæзты зынын райдыдтой, афтæмæй, абон дæр мæм диссаг кæсы, куыннæ бахаудта нæ паддзахадон педагогон институтмæ?! Йæ бон та уыд, йæ фарсмæ хуыздæрæн ахуырмæ кæй райстой, ома, уыдон хуыздæр цæттæ сты, уыдонæй сæ фылдæрæн ахуыргæнæг уыдаид. Фæлæ йæм амонд нæ бахудт йæ мидбылты. Зæрдæмарынæн аивгъуыдта йæ иувæрсты. Уæддæр фæстæмæ хъæумæ нал аздæхт. Сау тых æмæ рухс бæллицтæй арæзт уыдис. Баззад горæты. Кодта алыхуызон физикон куыстытæ заводы, мебелон дуканийы. Дардта йæхи æмæ йæ хъусдард æнæхъæнæй здæхта сфæлдыстадон куыстмæ. Фæлæ йæ ахуыр адарддæр кæныны хъуыды нæ цух кодта йæ сæрæй. Физикон куыст дæр кодта, сфæлдыстадон куыст дæр. Æцæг фыссæгæн куыд æмбæлы, йæ чиныг нæ хаудта йæ къухæй. Æмæ 1972-æм азы йæ хъул сах абадт, сæххæст йæ рухс бæллиц — ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы М. Горькийы номыл литературон институтмæ. Уый та алы æвзонг фыссæгæн дæр у бæллиц.

Уæддæр дын Хуыцау цы нæ дæтта, уый тыхæй раскъæфгæйæ нæу. Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ йын нæ бантыст институт фæуын. Растдæр зæгъгæйæ та — иу изæр, уыцы институты фæндзæм курсы студент Хаджеты, ома, Джусойты Таймуразимæ фæфæнд кодтой дуканийы нозт райсын, цæмæй се ‘хсæв арвыстаиккой сæ зæрдæты фæндиаг. Дуканийæн та æхгæнын афон уыд. Ӕмæ Таймураз, тæлтæг, горæты гæды хъуыддæгыл ахуыр лæппу, фæцис дуарæн мидæгæй. Алеш аззад æддейæ. Сæ капеччытæ уымæ уыдысты. Уымæн та æхца бадæттыны тыххæй дæр дуар нæ кодтой. Афтæмæй æнæрцæф лæппутæн милицæйы кусджытимæ загъдмæ асайдта. Загъд кæм вæййы, уым тъæппытæм дæр æрцæуынц æмæ сæ милицийы куы амидæг кæниккой.

Таймураз фæндзæм курсы кæй ахуыр кодта, уый йын феххуыс, стæй йæ хистæр æфсымæр Нафи уырыссаг зындгонд поэт æмæ тæлмацгæнæг Лев Озеровимæ хæларæй цард æмæ уый фæрцы æвыдæй раирвæзт. Алешæн сæрылхæцæг нæ фæцис. Ӕмæ мæгуыр лæппуйæн йæ курдиат ницыуал феххуыс кодта — иу афæдзы фæстæ æрыздæхт фæстæмæ. Фæлæ раздæрау æнæсдзырд, къæмдзæстыггæнаг нал уыд. Йæхи æвдыста дзырдхъомæй. Афтæмæй æрбынат кодта Цхинвалы. Цард адæмы хæдзæртты æххуырсты; стæй та Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады фæрцы — Хуссар Ирыстоны пединституты студентты æмдзæрæны æд бинонтæ, цалынмæ кæддæр куы уыдис, уæд ын Фысджыты цæдис хæдзар нæ радта, уæдмæ.

Уæддæр, — табу Хуыцауæн, — йæ ныфс никуы асаст. Брытъиаты Елбыздыхъойы æхсарæй йæ ныфс къаддæр нæ уыд: «Цалынмæ мæ зонд кæрда, ме уæнг змæла, мæ тугдадзин цæва, уалынмæ мæнæн мæ фæндаг гуырысхо кæнæн дæр нæй, аивæн дæр мын æй нæй.» Ӕмæ уый дæр лæууыд уыцы хъуыдыйыл. Йæ тых æй куыд амыдта, афтæ æгасæй аныгъуылд сфæлдыстадон куысты. «В мире не так уж мало художников слова, которые устаревали в одночасье. После первой книги, талантливой книги, они отдаются самоповторенью и кружатся на одной высоте, тщетно пытаясь одолеть ее. Алеш был художником иного склада души и таланта… чувствовал себя молодым пахарем, едва проведшим первую борозду на весеннем поле», — зæгъы Нафи. Хуымæтæджы нæ. Хорз зыдта Алешæн йæ курдиат дæр, йæ тых дæр.

Уыцы хъуыдыйыл хæцы Цыгъойты Хазби дæр: «Алеш хуымæтæджы фыссæг нæ уыд. Хæдбындур, ирд æмæ хъомысджын сфæлдыстадыл хæст уыд. Йæ прозæ никæцы фыссæджы сфæлдыстадимæ фæхæццæ уыдзæн. Секъа, Цомахъ æмæ нын Арсены уацмыстæ куыд басгуыхтысты, афтæ æнæмæнг басгуыхтысты… уыдон дæр. Уымæн æмæ сæ Алеш сфæлдыста йæ хæрз æмæ раст зондæй, сасирæй луарæгау сæ ауагъта йæ зæрдæйы, фæхайджын сæ кодта йæ адæмуарзон зæрдæйы хъарм æмæ хæлардзинадæй. Уымæ гæсгæ сæ тæлфынц рæстаг адæймаджы æнкъарæнтæ, царды рæстдзинад». Фæлæ Ирыстоны нæ ирон фысджытæй сфæлдыстадон куыстæй йæхи никуыма ничи фæдардта, уæлдайдæр, æвзонг автортæй. Гуыцмæзы-фырты бахъуыдис хуымæтæджы куыст уæддæр ссарын. Уымæн та хъуыдис æнцæйттæ. Фæлæ алкæмæ гуырцæй не ’рхауы уыцы амонд.

Иухатт иумæ уыдыстæм, Советон Цæдисы Фысджыты цæдисæн Пицундæйы цы сфæлдыстадон хæдзар уыдис, уым. Ӕз цалдæр боны раздæр рацыдтæн æмæ чингуыты рауагъдады куы æрæййафин редакторы бынат афтидæй. Мæхæдæг дæр уым куыстон. Тæвдкалгæ смидæг дæн хицаумæ, зæгъын, афтæ æмæ афтæ уыцы бынат хауы Алешмæ; макæмæн дзы бавæрай ныфс — а-дыууæ боны зындзæнис. Радтон æм тел æмæ ныууагъта денджыз, æртыккаг райсом æрхæццæ. Фæлæ ма цы — æхсæвы мын загътой, бынаты æндæр чидæр кæй райдыдта кусын. Алеш æргомдзырд кæй уыдис, уый нæ цыдис хистæрты зæрдæмæ. Афтæмæй нæхи рæстдзинады фæдисонтæ фæхонæм. Лæг — уæлæрвтæйкургæ курдиат та аззад арвæй зæххы æхсæн иунæгæй. Нæ уыдис хицæуттæн къухылтухгæ, нæ лæууыдис сусæгкуыстгæнæг органтæн дзырдхæссæгæй. Уæд ахæмтæм цы марджы цæстæй кас-тысты, уый мæ къона зоны. Советон цардæвæрд йе ’ппæт æвæрццаг миниуджытимæ 90-æм азты куы ныппырх код-той, уæд сæ цас фæкуырдтон мæ хъуыддæгты сусæгæвæрæн папкæ! Хъуыддаг дæ нæй?!. Тбилисмæ, дам æй ахастой.

Алешы дæр стыр бынат нæ хъуыд. Йæ бинонтимæ цыппарæй маамæлайы къæбæрæй кæй фæрцы цардаиккой, ахæм бынат уæддæр. Æмæ йæ бирæ хъизæмæртты фæстæ ссардта тых æмæ фыдæй областы культурæйы хайады зонадон-методикон центры — айстой йæ методистæй. Ахæм фыссæгæн бынат ма уа йæ райгуырæн зæххыл! Бынатылæгтæ æмæ-иу, мыхуыр цы æцæгæлон адæмы къухы уыдис, уыдон курдиаты цур æвзæрстой, дыгай мæдтæ чи дадтой, ахæм сабыр «уæрыччыты». Алеш æмæ уый хуызæттæ, бынатылæгты куыд фæндыдис, афтæ нæ кафыдысты. Уæддæр, курдиатджын фыссæг æрмæстдæр 1988-æм азы бацис, йæ зæрдæмæ чи цыд, ахæм куысты «аккаг» — нысан æрцыд журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редакторæй. Æмæ дзы куыста цæсгомджынæй. Йæ бон уыдис автортимæ иу æвзаг арын, профессионалон уынаффæтæ сын дæттын сæ уацмыстыл хуыздæр кусынæн. Нæ зонын, Барахъты Гинойы хъуыды: «Фыссын ахæм æгъдау æмæ хабарыл хъæуы, арæх кæнæ фылдæр хатт чи ’рцæуы, æрмæст бамбарын кæнын хъæуы, цæмæн афтæ æрцæуы,» — цас бæрцæй фæцыдаид йæ зæрдæмæ, фæлæ-иу ын йæхи чидæртæ куыд ахуыр кодтой — «ацы цард цæрыны аккаг нæу, лæгау-лæг хъуамæ йæхи амара», «ма цæра», цæмæй йыл стæй иу номарæн æмдзæвгæ ныффыстаид æмæ-иу сын сæ былтæ куы бакъуырдтон, уæд-иу цæхгæр æндæрырдæм куыд ныззылдысты, Алеко йæ кæстæртæн йæ сæрмæ ахæмтæ «амонын» никуы бахастаид. Афтæмæй фæстæ-дæр ссис журналы бæрнон нымæрдар æмæ дзы фæкуыста, — йæ цард фæцыбыргæнджытæ йын мæрдты бæсты урскъах бæхтæй фæцæуæнт, — йæ адзалы уысммæ — 1992-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 25-æм бонмæ. Уæд ыл, кæимæ уыд — филологон зонæдты кандидат, ХИПУ-ы доцент Хуыгаты Илья куыд зæгъы, афтæмæй кастысты фондзуæладзыгон хæдзары уæлхæдзарæй, нæ фыдбоны сыхæгты танктæ нæ куыд æхстой, уымæ æмæ йæ тæккæ цур бетон рудзынджы тигъыл сæмбæлд танчы нæмыг… йæ марджытæ дæр, — зæронд устыты загъдау, — фæуæнт ахæм лыстæг уæнгсæстытæ. Ӕгæр сæм куы æввахс кодтой, уæд Илья хабар бамбæрста:

— Ахизæм, — адзырдта Алешмæ æмæ асиныл бынмæ фæхизæг.

Амондскæнæг… Æвзæртæ йын фæлдыст зæгъæм… Æмæ нын æй йæ цæст кæй бауарзта, уый дæр цасы аргъ у. Æви ахизæн нæй Джыккайты Шамилы хъуыдыйы сæрты æмдзæвгæ «Амонд»-ы?

Фæлæ уанцон нæу иу æмæ дыууиссæдз аздзыдæй ахæм курдиатджын фыссæг ахæм ныфсимæ!.. Æви нын уый хъысмæты гакк у? Уæдæ, Аксо, Къоста, Цомахъ, Мысост, Бестауты Гиуæрги, Дзаболаты Хазби, Хаджеты Таймураз… Адæмон уырнынадмæ гæсгæ сæ нымайын нæ фæччы. Уæд, дам фылдæр фæкæнынц. Хъуыды уæддæр йæхион кæны.

Сабийæн та цæй куырм æмæ цæй цæстджын тъанг хъуамæ уа. Уæддæр иу бæрæгбоны мæ тæн рахизæрдыгæй, бичъы акомкоммæ куы райдаид цæфтæ æмæ риуыгътытæ кæнын. Дохтыртæ йын базыдтой йæ аххосаг — йæ куырмтъанг аскъуыйдзæнис. Радæргъ мæ кодтой операцион тæрхæгыл. Судзин мын сарæзтой, фæлæ хатын хирурджы алы змæлд дæр. Мæ тъæнгтæ мын скалдта мæ риуыл. Размæнт-базмæнт сæ кæны. Йæ резинæ æрмкъухты уыцы зæрдæскъуынæн хъыс-хъыс кæнынц. Зæронд æндзыггæнæн хос не скуыста æмæ мæ нозтджын дохтыр дыууæ сахаты мардта фыдудæй.

Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд æппæты фыццаг мæ ныхмæ æвæрд сынтæгыл мæ цæст скъуырдтон мæхицахъхъæн лæппуйыл. Хуыздзыд. Ныфссаст. Хаудцæст. Зæрдæ дзы мæгуыр кодта.

Уый дæр фервæзт йæ куырмтъангæй. Фæлæ, дам, мысы йæ зæронд Дадайы. Æнæ уый, дам ын цард ад нæ кæны. Фæлæ йæм æй нæ кодтой. Хæдзары, зæгъгæ, йæ лæппуйы, лæппуйы, лæппуйы, лæппуйы, лæппуйы авдæ-ныл йæ къух куынæ ныдзæва, уæд, дам, сывæллон нæ фынæй кæны.

Фæлæ иуахæмы мæ чысыл сыхаг куы базмæлид. Куы рабадид æд хъæццул. Куы бахудид йæ мидбылты. Æхцон, зæрдæбын мидбылхудтæй. Епхиты Тæтæри мæнгæй нæ загъта: «Сывæллæттæ зæдтæ… сты».

— Дада æрбацæуы — æнæхъæнæй фестад хъустæ æмæ цæстытæ.

Æцæг, кæддæр куы уыд, уæд дуар байгом сабыргай. Ноджы сабыргайдæр дзы ризгæ къахдзæфтæй æрбазынд, йæ низ кæмæн айсæфт, уыцы гыццыл лæппуйы фыды, фыды, фыды, фыды фыд — даргъгомау цæсгомджын, урс зачъеджын, ныффæлмæнтæгонд лæг Хъороты Агор. Æмæ лæппу йæ хъæццулимæ фæхаудта хæрдмæ. Цæй операц æмæ ма цæй цыдæр:

—Дада! — зæххы цъарыл иууыл амондджындæр хъæбул йæхи баппæрста йæ æвддæс æмæ авдыссæдзаздзыд дадайы хъæбысмæ.

Алеш та… Циу, Хуыцау адæмы фарнæн кæй рафæлдыста, уымæн иу æмæ дыууиссæдз азы рацæрын? Уы-мæй дæр… уæлдайдæр, нæ фыдбоны сыхæгтимæ хæсты тугкæлдтыты фыдтухиты цардæй тыхст, уырыд бонтæ судзгæ нæмыджы размæ тонгæйæ… Уыцы азты-иу йæ сæр фыдохы æнкъуыст уымæн кодта:

— «Ехх, искуы ма гæххæтмæ куы баирвæзин!..»

ХЪАЗИТЫ Мелитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.