8-æм июны нæ республикæмæ иубонон кусæгон балцы æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков. Уымæн йæ балц рауад æндыгъд. Райдианы уазæджы йæхимæ райста республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, ХПÆ-йы паддзахадтæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты Управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин, банысангонд управленийы сæйраг уынаффæгæнæг Алексей Филатов.

Президент бузныг загъта Владислав Сурковæн йе ‘рцыды тыххæй æмæ банысан кодта, сæ фембæлдæн кæй ис кæрæдзиимæ базонгæ уæвыны нысан дæр. Уыимæ ма йын бузныджы ныхæстæ загъта къорд азты дæргъы йæ хъус кæй дары Хуссар Ирыстоны проблемæтæм, уый тыххæй.

«Цалдæр азы ды кусыс Хуссар Ирыстоны проблемæтыл. Мах уынæм, ды Хуссар Ирыстоны инфраструктурæ, йæ экономикæйы рæзтыл кусын куы райдыдтай, уæдæй фæстæмæ кæй ис фæстиуджытæ. Мæн фæнды дæуæн бузныг зæгъын, Хуссар Ирыстонмæ цы лæмбынæг хъусдард здахыс, уый тыххæй. Уый хауы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдмæ, кæцы реализаци цæуы æнтысгæйæ. Ацы бадзырдмæ уæлæмхас сразыдзинæдтыл дæр къухтæ фыст æрцыдысты», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент раарфæ кодта Владислав Сурковæн æрбалæугæ бæрæгбон – Уæрæсейы боны сæраппонд æмæ загъта, зæгъгæ, Уæрæсейы паддзахадæн стыр кад кæныны нысанæн ацы бон Хуссар Ирыстоны дæр у улæфты бон. Афтæ ма йæм бахатыд, цæмæй бузныджы ныхæстæ зæгъа Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн, Хуссар Ирыстоны проблемæтæм цы хъусдард здахы, уый тыххæй.

Владислав Сурков дæр йæ рады президентæн бузныг загъта, хорз æй кæй райста, уый тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, йæ фарсмæ кæй уыдзæн республикæйы рæзты фæдыл пълантæ æххæст кæныны.

«Дæу фæнды бæрæг коррективтæ бахæссын экономикæйы рæзтмæ, Уæрæсеимæ интеграцимæ, паддзахадон арæзтады æндæр здæхтытæм æмæ мах æргом стæм диалогмæ, æруынаффæ сыл кæнынмæ», – загъта Сурков.

БАБÆРÆГ КОДТОЙ

АРÆЗТЦÆУÆГ

ОБЪЕКТТÆ

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ УФ-йы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков азылдысты нæ горæты объекттыл, кæцытæ арæзт цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Семæ ма уыдысты ХПÆ-йы паддзахадтæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты Управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин, Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги, РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали, го-рæт Цхинвалы администрацийы сæргъ-лæууæг Коцты Алан æмæ æндæртæ.

Райдианы уал уыдон бацыдысты Сывæллæтты республикон рынчындоны бæстыхаймæ. Ацы хосгæнæн уагдоны сæйраг дохтыры хæстæ æххæстгæнæг Плиты Агуындæ радзырдта, цы медицинон ифтонггæрзтæ дзы æвæрд æрцыдысты, уыдоны тыххæй, зæгъгæ, æххæстæй дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн.

Владислав Сурков бацымыдис кодта, кадртæй рынчындон куыд ифтонг у, уымæ æмæ банысан кодта бынæттон кадртæй пайда кæныны ахсджиагдзинад.

Плиты Агуындæ куыд загъта, афтæмæй сæм æрхонгæ специалисттæ кусынц реанимацийы хайады æмæ эндоскопийы кабинеты, иннæтæ сты бынæттон кадртæ, фæлæ нырма нæ фаг кæны авд специалисты бæрц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кадрты фарст æввахс рæс-тæджы скъуыддзаг æрцæудзæнис.

Владислав Сурков цымыдис кодта Уæрæсейæ æрхонгæ специалистты куысты уавæртæм, цы сæ баразæнгард кодта Хуссар Ирыстонмæ æрцæуынмæ, уыдæттæм. Онколог-хирург æмæ эндоскопист Илья Суровцев куыд радзырдта, афтæмæй йæ Хуссар Ирыстонмæ, сæйраджыдæр, æркодта йæ профессионалон цымыдисдзинад – ног клиникон фæлтæрддзинад, афтæ ма, зæгъгæ, хъуыды кодтон, цасдæрбæрцæй зын уавæры чи бахаудысты, нæ уыцы коллегæтæн баххуыс кæнын. «Республикæйы æххæстæй цæуы эндоскопион басгæрст æмæ нæ пациентты нал хъæуы æндæр клиникæтæм цæуыны сæр», – загъта уый.

Дарддæр азылды хайадисджытæ бацыдысты Цхинвалы центры арæзтцæуæг аргъуанмæ. Ам сыл сæмбæлд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонид. Уый сæ базонгæ кодта, аргъуаны арæзтад цы темптæй цæуы, уыимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, аргъуаны аразын райдыдтой ивгъуыд азы октябры мæйы æмæ кæронмæ хъуамæ фæуа 2-3 мæймæ. Хæрзарæзт æрцæудзæн йæ алыварс территори дæр. Фæлæ куыд загъта, афтæмæй йæ мидæгæй снывæфтыд кæныныл ацæудзæн афæдзы бæрц. Нывæфтыд æй кæндзысты хуыздæр специалисттæ византиаг стилы.

Азылды хайадисджытæ ма бацыдысты æмæ зонгæ кодтой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты бæстыхæйтты комплексы арæзтадимæ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Тедеты Вадим куыд радзырдта, афтæмæй объекты куыстытæ цæуынц графикæй тагъддæр æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы аз.  Бибылты Анатоли та банысан кодта, зæгъгæ, нæ хъæуы тагъд кæнын, архайын хъæуы æппæт куыстытæ дæр гъæдджынæй бакæныныл.

 

БАЗОНГÆ СТЫ ХИЦАУАДЫ СКОНДИМÆ

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Хицауады ног скондимæ æмæ сæ базонгæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков, ХПÆ-йы паддзахадтæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты Управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин æмæ банысангонд Управленийы сæйраг уынаффæгæнæг Алексей Филатовимæ.

Хицауады ног скондимæ сæ зонгæ кæнгæйæ, Президент банысан кодта, Хицауады уæнгтæ æмæ нысангонд кæй æрцыдысты.

«Фехъусæн вæййы «зæронд командæ» æмæ «ног командæ», æз дæн уыцы ныхæсты ныхмæ. Махæн ис иу командæ æмæ сæ нæ дих кæндзыстæм «ног» æмæ «зæрондыл», махæн нæ архайд хъуамæ уа иумæ», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта Владислав Сурковы архайд нæ бæстæйы размæцыды тыххæй.

«Владислав Сурков у ахæм гоймаг, кæцы фидар цæгтæй бæтты Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны. Ацы адæймаг сарæзта алцы дæр, цæмæй 2013 азы арæзтадон организациты куыст æркодтаид фæткмæ, бацархайдта Республикæйы инфраструктурæйы размæцыдыл.

Владислав Сурков дæр йæ рады бафиппайдта, уый дæр кæй нæу, адæмы «ног» æмæ «зæронд» командæтыл чи дих кæны, уыдоны фарс.

«Бузныг зæгъын мæ фæнды, уыцы адæймæгтæн, кæцытæ раздæр дæр стыр куыст бакодтой, Уæрæсеимæ финансон фарстытæ кæимæ скъуыддзаг цыдысты, уыцы структурæтимæ. Нæ зæрдыл ма хорз лæууы 2013 азы, уыдоны куыд æрурæдтой æмæ сæ фыдæбæт-тимæ куыд райстой, уый.

Уыцы æнтыст та бафтыд Пухаты Эрик, Зæгъойты Эдуард æмæ Хæбæлаты Азæйы хъæппæрисон архайды руаджы. «Мах стæм иу командæ æмæ иумæ дзуапп дæттæм нæ куысты фæстиуджытæн æмæ хорз хъуыддаг у ног Хицауад арæзт кæй æрцыд рæстæгыл. Æмæ уый раст у, уымæн æмæ мах хъуамæ бакæнæм стыр куыст, скъуыддзаг æрцæуой, цы фарстытæ ма лæууы нæ разы, уыдон», – загъта йæ ныхасы кæрон Владислав Сурков.

 

НОГ УАЗÆГДОН САРАЗЫНЫ ФАРСТ СКЪУЫДДЗАГ ÆРЦЫД

Уыцы бон ма Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æм-бырд ауагъта горæты центры уагдон «Ирыстон»-ы реконструкцийы фарстыты фæдыл дæр. Æмбырды куысты хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков, Президенты Админист-рацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, цæгатирыстойнаг амалиуæггæнæг, уазæгдоны арæзтады проекты автор Бердиаты Вадим, ХПÆ-йы паддзахадты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономи-кон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты Уп-равленийы хистæры хæдивæг Денис Травин æмæ банысангонд Управленийы сæйраг уынаффæгæнæг Алексей Филатов.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй уазæгдон хъуамæ арæзт æрцæуа бæрзонд æмвæзадыл, уа, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм. Арæзт та хъуамæ æрцæуа гъæдджынæй. Райст æрцыд уынаффæ 4-стъалыйон уазæгдон саразыны тыххæй. Йе ‘ддаг хуыз хъуамæ баззайа æнæфæивгæ. Зæгъойты Эдуард куыд банысан кодта, афтæмæй бацархайдтой ацы арæзтадмæ паддзахады бадзырды бындурыл инвесторты æргом раздахын. Уый у Бердиаты Вадим, кæцы йæхи равдыста хорз фарсæрдыгæй. Паддзахадон бадзырды бындурыл бадзырд арæзт æрцыд. Уазæгдон арæзт æрцæудзæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты æмæ йæ хъæуæг инвентарь æмæ хъæдын дзаумæттæй та сфæлындздзæн инвестор.

Бердиаты Вадим йæ рады банысан кодта, кæй бацархайдзысты уазæгдон бæрзонд æмвæзадыл саразыныл, уымæн æмæ уый у ахсджиаг объект республикæйæн.

БЕСТАУТЫ Валя

__________________________________________

ФЕМБÆЛД ПАДДЗАХАДОН УНИВЕРСИТЕТЫ СТУДЕНТТИМÆ

Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурков фембæлд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимæ. Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырды тыххæй дзургæйæ Сурков банысан кодта, зæгъгæ, йæ сæйраг нысаниуæг у, цæмæй Хуссар Ирыстонимæ арæн фæстагмæ байгом уа, кæнæ та бынтондæр ист æрцæуа.

«Интеграцийы тыххæй бадзырд æххæстæй реализаци цæуы арф интеграцийы æмвæзадыл. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад интеграци кæны Хуссар Ирыстоны æфсæддон хайы уникалон æмвæзадыл. Æнгомдæр кæны мидхъуыддæгты министрады æмгуысткæны-над иумиаг информационкоординацион центр саразынæй. Мах ма афтæ фылдæр кæнæм социалон бафыстытæ æмæ фæлварæм  куыст-мыздтæ æмæ пенситæ уæрæсейаг регионты æмвæзадмæ скæныныл.

Ацы бадзырды бындурыл Уæрæсе фыццаг хатт сфæнд кодта медицинон фæдзæхсты ифтонгад æмæ ныртæккæ ацы вазыгджын фарстыл куыст цæуы», – банысан кодта Владислав Сурков.

Æргом диалоджы рæстæджы университеты студенттæн фадат уыдис УФ-йы Президенты æххуысгæнæгмæ фарстытæ радтынæн.

Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæмон Республикæимæ Хуссар Ирыстоны æмгуысткæнынады перспективæты тыххæй фарстæн Владислав Сурков фыццаджыдæр бузныг загъта республикæйы разамынадæн йæ саразгæ къахдзæфты – ацы республикæты хæдбардзинад банымайыны тыххæй.

“Хуссар Ирыстоны ахастытæ  Донецк æмæ Луганскы Республикæтимæ систы политикон æгъдауæй ахсджиаг. Уый у иунæг бæстæ, кæцыимæ ацы дыууæ республикæйы аразынц официалон экономикон æмæ финансон ахастытæ. Растдæр Хуссар Ирыстонимæ гом официалон æмгуысткæнынад баххуыс кодта уым гъæдджын финансон системæ саразын. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уæ республикæты æмгуысткæнынады перспективæтæ сты зынгæ, уымæ гæсгæ финансон æмæ товарон æрзылд кæрæдзийæн уыдзæнис пайда”, – банысан кодта уый.

Студентты цымыдис кодтой куыд политикон, афтæ хисæрмагонд характеры фарстытæ дæр. Фарст: «цæй мидæг ис æнтысты формулæ?», зæгъгæ, уымæн УФ-йы Президенты æххуысгæнæг дзуапп радта юморимæ афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, йын ныхас «æнтыст»-мæ ис скептикон ахаст æмæ йæхи «æнтыстджын» -ыл нæ нымайы.

«Ис бирæ адæймæгтæ, кæцытæ нымад цæуынц стыр гоймæгтыл æмæ уыдон сæ рæстæджы арæзтой иу кæнæ иннæ бæстæйы истори, фæлæ сæ æнтыстджын рахонын раст нæ уаид.

Адæймаг размæ куы цæуы, уæд æнтыстытимæ фылдæр кæнынц аудинæгтæ дæр. Уымæ гæсгæ ныхас «æнтыст» мæнæн хицон нæу», – мидбылхудгæйæ загъта уый.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ ма базыдтой, куыстæй сæрибар рæстæджы Владислав Сурков кæй уарзы фæхсбандоныл абадын æмæ æр-дзы уындæй æхцондзинад исын.

Ныхасы рæстæджы УФ-йы Президенты æххуысгæнæг Вячеслав Сурков ма дзуапп радта, куыд студентты, афтæ ахуыргæнджыты бирæ æндæр фарстытæн дæр.

Фембæлды кæрон æй студенттæ фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 80 азы юбилеймæ.

ДРИАТЫ Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.