Уыцы уæлвæз хъæуæн ма йæ ном Угъелтъехæй цы баззад, уый йедтæмæ дзы ныр цъиузмæлæг дæр нал ис. Æрмæст ма дзы фендзынæ хæлд хæдзæртты бынæттæ, амыты-уымыты иугай æнæзылд, цæнкуыл дыргъбæлæстæ, рагон уæлмæрдтæ… Иудзырдæй, адæймаджы зæрдæ цæмæй фæрисса, æрмæстдæр ахæм нывтæ. Афтæмæй та кæддæр Ленингоры районы ацы хъæу нæргæ хъæуыл нымад цыд. Æниу цы кæддæр – 60-70 азы размæ. Цардысты дзы цыппар мыггаджы: Дриатæ, Хуритæ, Бибылтæ æмæ Дудайтæ. Се ‘ппæт дæр цардысты иу бинонтау, се ‘ппæт дæр иу хъыг, иу цинау. «Бынаты царв» дæр дам-иу æнæкæрæдзи нæ истой. Иу иннæмæн – æфсымæр, хо, хæлар. Кадджын хистæртæ. Хъæлдзæг æмæ хъаруджын фæсивæд цард ацы хъæуы. Чи сæ рамбылдтаид хъазты кафынæй, куысты – фердæхтæй! Кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр уыдысты арт æмæ цæхæр…

Куыд дзырдтой уымæ гæсгæ, дам, афтæ уыдысты хæсты быдыры дæр. Фæлæ уал – сæрæй. 1941 аз. Сæр бахъуыд Иры фæсивæды дæр æмæ фæстæ куыд хъуамæ фæлæуыдаиккой. Æхсар æмæ лæджыхъæд ирон лæгæн йæ удварны сты. Иры дзыллæ та ногæй райста йæ фыдæлты тохы лозунг: «Кæнæ сæрибар, кæнæ та – мæлæт». Ивылдысты Иры сахъгуырд фæсивæд æмæ хæсты лæгдзинæдтæ æвдыстой. 1944 азы газет «Правда» фыста: «Фыдыбæстæйон хæсты азты, Ирыстоны хъæбатыр фырттæ немыцаг фашистты ныхмæ тохы равдыстой цæвиттойнаг лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад».

Ирыстоны алы къуымтæй, уыцы нымæцы Ленингоры районы Цъинагары хъæусоветы Угъелтъехы хъæуæй дæр фæсивæд кæрæдзийы фæстæ ивылдысты хæстмæ. Цыма, дам, сæ исчи барæй равзæрста, уыйау амæй-ай хæрзконддæр æмæ хъаруджындæр  лæппутæ уыдысты. Чи сæ зыдта, уыдон-иу сæ арæх æрæмысыдысты, сæ кой-иу арæх кодтой, фынгтыл-иу сын сæ ном, æнæмæнг ссардтой. Арæх-иу мын кодтой сæ хорзы кой мæ хицау æмæ ме ‘фсин  Мæргъион дæр. Сæ хорзы койæ-иу не ‘фсæстысты. Уыимæ хæсты быдыры баззадысты мæ хицауы  дыууæ æфсымæры. Уыдон дæр ацы хъæуæй æрлыгъдысты Гдулеты хъæумæ.

Дыууæ-æртæ мæймæ цард цæджджинагау цы хъæуы фыхт, уый абыгъдæг. Ацæр-гæтæ, æнæфæразонтæ ма «цума» кæмæн загътаиккой, ахæм лæджы бындзæфхад дзы нал баззад. Æртын фондз хæдзарæй атахтысты цыппор цæргæсы! Хъæуы цæрджытæ дам-иу арæх æрæмысыдысты, зæгъгæ, мах, ацæргæтæ, дам, кæугæ кодтам, уыдон та  заргæ кодтой хæстмæ куы цыдысты, уæд. Иннæ ахæм та, дам, сæ зæрдæскъуынæн ныхæстæ уыдысты: «Хъæубæстæ, нæ фæстæ, уæм фарн æрцæуд. Фидар лæуут. Фæлæ цынæ вæййы, кæд-иу хæсты быдырæй нал æрæздæхæм, уæд-иу мах бæсты дæр сымах фæцæрут!». Ех, хъæбултæ, хъæбултæ, кæд, зæгъ, æнæ сымахæй фарн нæ вæййы æмæ цард, дæр, – фæндараст сæ кодтой хъæубæсты цæрджытæ!

Бонтæ куыд цыдысты, афтæ хæсты быдырæй Угъелтъехы хъæумæ тахтысты ныфсы фыстæджытæ, се ‘ппæты мидис дæр уыд иу: «Тæрсгæ ма кæнут, Советон Æфсад ныфсхаст æмæ тыхджын у!». Æмæ æвдыстой угъелтъехаг лæппутæ дæр лæгдзинад тохы быдыры, æмæ афтæмæй дæрæн кодтой немыцаг тыхæйисджыты.

Хъæубæсты зæрæдтæ, æнахъомтæ дæр сæхи цæттæ кодтой сæ хæстонты æрцыдмæ, чысылæй стырæй дывæр тыхтæй куыстой колхозы, æххуыс кодтой фронтæн.

Фæлæ рацыдысты ноджыдæр бонтæ, мæйтæ æмæ… мæнæ, сау халæттау, кæрæдзийы фæстæ кæддæры нæргæ  хохаг хъæумæ тæхын райдыдтой  хъæубæсты ныфсыты сау гæххæттытæ: иу, дыууæ, æртæ – хæсты кæронмæ баисты 27 сау гæххæтты! Иу хъæуæй 27 хæстоны нал сæмбæлдысты сæ фыды уæзæгыл æмæ афтæмæй афтид, æнæтабæт 27 ингæны бафтыд хъæуы уæлмæрдыл. Кæддæры хъæлдзæг хъæуæй худын нал райхъуыст, уый хыгъд хæстонты идæдзтæ, мæдтæ, хъæбултæ сæ цæссыгæй сæхи æхсадтой æмæ кæд сæ сау гæххæттытæ æрцыдысты, уæддæр сæм æнхъæлмæ кастысты, фæлæ… æнæхъуаджы. Сæ уарзон æвадат уæзæгыл нал сæмбæлдысты Бибылты цыппар æфсымæры Гриша, Къола, Сикъо æмæ Митъуша, æфсымæртæ Хуриты Закара, Гида æмæ Цамелы фæйнæ дыууæ фырты Егна, Иликъо, Серги, Зарди, Алекси æмæ Димо. Хуриты Карум æмæ Гыгыйы дыууæ фырты Зарбег æмæ Хетæг, Карумы æфсымæр Парса. Хæсты быдырæй нал æрæздæхтысты Дудайты Уасо, Алекси, Хуриты Иордан, Дриаты Миша, Лексо, Андро, дыууæ æфсымæры лæппутæ Дриаты Амиран æмæ Георги, Бибылты Беса æмæ æндæртæ. Æдæпптæй дыууын авд ирон сахъгуырды! Æдæппæтæй Ирыстоны, хъæубæсты  27 ныфсы!

Æниу ма ацы хъæуы лæппутæй æгас хæдзар чи ссардта, уыцы 13 лæппуйы дæр æрæздæхтысты зæрдæдзæфтæ æмæ цæнкуылтæй. Уыдон нымæцы ордентимæ æрæздæхтысты Дриаты Илуша (уый уыд Цъинагары совхозы раззагон кусæг), Аршак, Дудайты Алекси. Абон сæ удæгас ничи уал у.

Хъæубæсты ма чи баззад, уыдон дæр æвадат уавæртæй стыхстысты æмæ хæрзбон загътой сæ райгуырæн уæзæгæн æмæ фæлыгъдысты хуыздæр цардагур æндæр рæттæм. Ныр хъæуы цъиузмæлæг дæр нал ис. Æмæ ма иу диссаг: раздæры нæргæ хъæумæ кæддæрты чи бафты, уыдон куыд дзурынц, уымæ гæсгæ канд адæмæй нæ, фæлæ зæгъæн ис афтæ, æмæ хъæууат федзæрæг мæргътæй дæр, скадавар сты кæддæры зараг рæсугъд мæргътæ дæр, нал хъуысы раздæрау сæ цинхъæлæс зарæг, раст цыма раздæры нæргæ хъæу кæй федзæрæг, ууыл хъынцъым кæнынц, уыйау. Скадавар иннæ хъæддаг цæрæгойты нымæц дæр. Æвæццæгæн раст у æмбисонд: мыдыбындз кæм ис, мыд дæр, дам, уым ис… Æдзæрæг хъæумæ мæргътæ дæр нал тæхынц, мæргътæ!

Ех, кæддæры нæргæ хъæу Угъелтъех æмæ йæ хъаруджын цæрджытæ!..

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.