Нæ уарзон, хæстæфхæрд горæтæн гас кæнынц йæ уæззау хъæдгæмттæ. Æмæ кæд нырма бирæ хæдзæртты æмæ уагдæттыл зынынц хæсты уæззау фæдтæ, уæддæр ахæм бæстыхæйтты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Уырны нæ, æввахс рæстæджы сæ хъæдгæмттæ кæй байгас уыдзысты уыдонæн дæр. Æцæг нæ республикæйы цæрджытæй йæ хъæбулты, йæ хиуæтты чи фесæфта хæсты рæстæджы, уыдоны зæрдæйы хъæдгæмттæ никуы байгас уыдзысты, фæлæ уæддæр цард дарддæр кæны, афтæ у æрдзы хъуыддаг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты уынгты абоны уавæрæн абарæн нæй, иу-цалдæр азы размæ дæр ма цы æдзæллаг уавæры уыдысты, уыимæ. Табу хуыцауæн! Ныр азæй-аз фылдæр кæны нæ горæты хæрзарæзт уынгты нымæц. Нæ уарзон, хæстæфхæрд горæт йæ хуыз ивы, бæрæг фæрæсугъддæр нæ цæстыты раз. Цалцæг æрцыдысты бирæ уынгтæ. Цалдæр азы размæ хæрзарæзт æрцыд Октябры уынг дæр. Уынг афтæ тынг рафидыдта æмæ ссис нæ горæты цæрджыты уарзондæр уынгтæй сæ иу. Æцæг нæ горæты цæрджытæ æмхуызонæй нæ аудынц уынджы рæсугъддзинадыл, фæлæ уый тыххæй радзурдзыстæм æндæр хатт. Изæрыгæтты дзы фæтезгъо кæныц  куыд æвзонг, афтæ хистæр кары адæймæгтæ дæр. Иудзырдæй, иу цъус рæстæг ма æмæ нæ уарзон горæт-хъайтар æрцахсдзæн йæ кæддæры рæсугъд хуыз. Уынгтæ хæрзарæзт куы æрцæуынц, уæд та сæ фæхъæуы цъæхфæлыст скæнын, алыгъуызон декоративон бæлæстæ æмæ сæ дидинджытæ ныссадзын, цæмæй ноджы рæсугъддæр фидауой. Ацы хъуыддагмæ се стыр хайбавæрд хæссынц нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ ландшафт-дизайнер Пæррæстаты Иринæйы сæргълæудæй. Ацы хайады кусджытæ цы удуæлдай æмæ стыр куыст кæнынц нæ горæты рæсугъддзинады тыххæй, уымæн стыр аргъ кæнын хъæуы, уæлдайдæр та фондз æвзонг сылгоймагæн, кæцытæ нæ горæты уынгты тауынц алыгъуызон дидинджытæ, садзынц декоративон къутæртæ.

«Нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ горæты уынгтæ афтæ срæсугъд кæнæм сæ уындæй æхцондзинад куыд исæм. Цæмæй нын фылдæр бакусын бантыса, уый тыххæй фæкусæм райсомы авд сахатæй изæрдалынгтæм, бакусæм улæфтбонты  дæр. Нæ горæты уынгтæ æмæ сквертæ хъуамæ æркæнæм æмбæлон уагмæ», – загъта Пæррæстаты Иринæ.

Æмæ, æцæгæйдæр, хæрзарæзтады комбинаты кусджытæн улæфтбонтæ дæр нæй. 1-æм майы  Исахъы æмæ Сталины уынгтæ кæм иу кæнынц, уым цы сквер арæзт æрцыд, уыцы бынаты кусгæ баййæфтам хæрзарæзтады комбинаты кусджыты, кæцыйы цыбыр рæстæгмæ фестын кодтой зæдбадæны хуызæн. Фæлæ афтæ æфс-найдæй цас ахæсдзæн, уымæн та æвдисæн уыдзыстæм нæхæдæг. «Бафснайдтам сквер, байтыдтам дзы кæрдæг дæр. Цалдæр боны размæ та Хъайтарты уынджы уый размæ азты цы къутæртæ ныссагътам, уыдонæн сæлвыдтам сæ уæлдай къалиутæ. Нæ горæты уынгтæй бирæты ныссагътам уар-дитæ, бзатæ, декоративон бæлæстæ – сумахтæ. Джиоты Аланы проспекты уынджы дыууæ фарс дихгæнæг фадыджы фæнд кæнæм ногæй алыгъуызон дидинджытæ ныссадзын, фæлæ нæ куыст къуылымпы кæны коронавирусы аххосæй карантин кæй ис, уый тыххæй. Кæд горæты администрацийы сразы уой нæ фæндыл, уæд ацы уынджы дæр ныссадздзыстæм декоративон къутæртæ. Уыдон иуæй æнцондæр архайд сты, иннæмæй та сæ алы аз садзын нæ хъæуы. Стæй æнæуый дæр асламдæр сты, дидинджытыл фылдæр финанстæ хардз цæуы», – загъта Пæррæстаты Иринæ.

Бæлæстæ дæр хæсты хайадисджытæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ уыдон дæр æвыдæй нæ аирвæзтысты знаджы дæрзæг къухтæй, бирæтыл дзы сæмбæлдысты знаджы нæмгуытæ æмæ  нæмыгдзæфтæй цасдæр фæлæууыны фæстæ бахус сты. Бæлæстæй бирæты уидæгтæ та хъыгдард баййæфтой канализацион хæтæлтæ ивыны рæстæджы. Горæты уынгты ма æнæхъæнтæй цы бæ-лæстæ баззадысты, уыдон та мæгуыргъуызтæй кастысты, раст цыма æнæмсæр хæсты фæмардуæвæг Ирыстоны æдзард зынгхуыст хъæбултыл хъынцъым кодтой, уыйау. Уымæ гæсгæ  хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ дыууæ къуырийы размæ нæ горæты уынгты цы бæлæстæ бахус сты, уыдоны бынæтты ныссагътой 300 сусхъæд бæласы, кæцыты сын радта нæ республикæйы хъæды хæдзарады управлени.

Афтæ ма уыдон дидинджытæ ныссадздзысты нæ горæты Къостайы скверы,  кæм хъæуа, уыцы уынгты та байтаудзысты кæрдæг. Пæррæстаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, æгæрыстæмæй нæ горæты иуæй-иу æдзæсгом цæрджытæ дидинджытæ адавынц Къостайы скверæй дæр!

    «Иудзырдæй тынг нæ фæнды нæ горæт срæсугъд кæнын æмæ ууыл зæрдæбынæй архайгæ дæр кæнæм, фæлæ нын цæрджытæй бирæтæ нæ куыстæн бынтондæр нæ аргъ кæнынц. Иуæй давгæ акæнынц нæ сагъд дидинджытæ, иннæмæй та газонтыл ахизынц æмæ афтæмæй сæ къæхты бын ныцъæл кæнынц дидинджытæ æмæ кæрдæг, æххуысы бæсты нын нæ куыстæн фыдаудæн кæнынц. Иумиаг тыхтæй нын фылдæр бантысид саразын, фæлæ нын кæд æххуыс нæ кæнынц, уæд нын нæхи фыдæбон  уæддæр куы ныууадзиккой. Ноджыдæр мæ  иу хатт уæ газеты фæрцы фæнды цæрджытæм бахатын, цæмæй нын нæ куыстæн фыдаудæн ма кæной, мах дæр сæ уыдоны тыххæй аразæм», –  радзырдта ландшафтдизайнер.

Пæррæстаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ райгонд сты хæрзарæзтады комбинаты хистæр Габуты Иналæй. «Йæ хъус нæм дары æмæ нын исты проблемæ  куы вæййы, уæд æй æвæстиатæй аскъуыддзаг кæны».

 4-æм майы та хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ æфснайдтой Тæболты Сергейы æмæ Октябры уынгты газонтæ. Ацы комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджыты руаджы рафидыдта нæ горæт, сæ къухты æрмдзæф ирдæй зыны нæ горæты уынгты æмæ сын сæ куыстæн аргъ кæнын махæй алкæйы хæс дæр бæргæ у, фæлæ…

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.