Улæфты фæстæ йæ куыстмæ æрæвнæлдта.  Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодта театры пресс-службæ. Уыдон нын куыд радзырдтой, афтæмæй ивгъуыд цыппæрæмы артистты æрæмбырд кодта паддзахадон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан æмæ сын фехъусын кодта, ног театралон сезоны кæд æмæ цæмæй бакæндзысты, стæй сæ разы цы хæстæ лæууы, уыдæттæ.

Театры аивадон къухдариуæггæнæджы фæндонмæ гæсгæ ног театралон сезон хъуамæ байгом уа сентябры мæйы æмбисы æмæ уæд хъуамæ театрдзаутæн равдисой Саулохты Мухтары пьесæмæ гæсгæ æвæрд комеди «Усгур Гаци». Ног театралон сезоны ма уыдон фæнд кæнынц режиссер Джелиты Хъазбеджы спектакль «Усгуртæ»-йыл бакусын æмæ йæ сæвæрыныл. Уымæй дарддæр ма сæ планы ис театры репертуар Токаты Асæхы зындгонд пьесæйæ баххæст кæнын, кæцы Советон дуджы уыд популярон, фæлæ уымæн никуы уыдысты аргъгæнджытæ хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæ. Уымæ гæсгæ бацархайдзысты ууыл, цæмæй йемæ базонгæ кæной хуссарирыстойнаг сценæмæкæс-джыты дæр.

Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Радæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ рæхджы, фæсивæдæн хъуамæ бацæттæгонд æмæ æвæрд æрцæуа аргъау-мюзикл «Æфсымæртæ», зæгъгæ, ахæм номимæ æмæ йæ бахæс кодта театрæн, цæмæй йыл уым бакусой æмбæлон æмвæзадыл. Уымæн йæ тексты автор у драматург Остъаты Алан, музыкæ та йын фыссы композитор Плиты Мурат. Министры бахæсмæ гæсгæ мюзикл йæ фыццаг сценæмæкæсджытыл хъуамæ сæмбæла ацы аз декабры мæйы.

                                                                  Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.