Хуссар Ирыстоны лыжæтæ æмæ сноуборды Федерацийы сæргълæууæг Тедеты Лери ацы къуыри нæ республикæйы кæстæр фæлтæр спортсментæй 2019 азы ерысты уæлахиздзаутæ чи систы, уыдонæй сарæзта къорд æмæ сæ акæндзæнис Цæгат Ирыстон-Аланийы Цъæйы коммæ, улæфынмæ.

«Ацы бынат у уарзон канд туристтæн æмæ альпинисттæн нæ, фæлæ ма зымæджы æрдзы хъæбысы улæфын чи уарзы, æппæт уыдонæн дæр. Комы ис улæфджыты хохмæ чи ласы, ахæм канатон фæндаг. Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма лыжæтыл бырæн фæндаг тæссаг у, æрæджы ацы хуызы спортæй архайын чи райдыдта, уыдонæн, фæлæ ам алцыдæр хынцыд æрцыд сæ æдасдзинады тыххæй.

Ивгъуд къуыри та Цъæйы комы уыдысты Дзауы скъола-интернаты сывæллæтты къорд. Уыдоны Тедеты Лери акодта æмæ сæ баулæфын кодта Президенты финансон æххуысæй. Уым сыл, Цъæйы фембæлд Къуайсайæ рацæугæ нæлгоймаг – Джиоты Андрей æмæ интернаты сывæллæттæн бакодта  фи-нансон æххуыс 25 мин сомы. «Сывæллæтты зæрдæмæ тынг фæцыд Цъæйы. Æрдз у æнахуыр рæсугъд, уымæ гæсгæ ам сæрдæй, зымæгæй баулæфынц Уæрæсейы алы рæттæй æрцæуæг улæфджытæ. Интернаты сывæллæт тæй бирæтæ базыдтой лыжæтыл бырын», – зæгъы Тедеты Лери.

Цæмæй нæ рæспубликæйы спорты ацы хуыз райтынг уа, уый тыххæй Цъоны дæр арæзт цæуы уавæртæ, фæлæ уæддæр нырма ам хъæуы дзæвгар бакусын. Уый тыххæй Тедейы фырт агуры спонсортæ йе ‘ввахс æмбæлтты ‘хсæн. Зæгъынц, зæгъгæ, ацы бынатмæ ныридæгæн фæзынд цалдæр цымыдисгæнæг фæрæзджын адæймаджы.

«Цалынмæ Цъоны æмбæлон уавæртæ арæзт цæуа, уæдмæ æз архайдзæн спорты ацы хуызы архайын кæй фæнды, уыдонæн æххуыс кæныныл. Зæгъын хъæуы уый æмæ ныридæгæн мæ зæрдæ кæй дарын цалдæр ахæм æрыгон адæймагыл», – загъта Тедеты Лери.

Цы къорд хъуамæ ацæуа Цъæйы коммæ, уый тыххæй та Федерацийы сæргълæууæг афтæ зæгъы: «Цалдæр боны уал уыдон баулæфдзысты, сæхи цæстæй фендзысты Цъæйы рæсугъддзинад, цайдагъ сæ кæндзынæн лыжæтыл бырыныл æмæ уый фæстæ  чизоны, уыдонæй чидæртæ рахиза спорты ацы хуызы архайынмæ дæр».

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.