23 ноябры 27 азы æххæст кæны Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны æргом агресийы райдайæн боныл. 27 азы цъус рæстæг нæу, фæлæ абон дæр нæ рох кæны, уыцы бонты цытæ цыд, уый йæхи цæстæй чи федта, уыдонæй, уыцы цаутæ нæ адæмы зæрдæты баззадысты уæззау уаргъæй æмæ сæ абон дæр æрымысынц æнкъард зæрдæйы уагимæ.

Уыцы æмгъуыды сæрты акæсгæйæ, адæймаг æрцæуы ахæм хатдзæгмæ, Хуссар Ирыстоны адæмы иууыл хуыздæр миниуджытæ рабæрæг вæййынц уæззау рæстæджыты, уæззау  фыдæвзарæнты адæмæн райхъал вæййы иудзинады æнкъарынад.

Гуырдзиаг националист Звиад Гамсахурдия Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы «сабырадон митинг» ауадзынвæнд куы скодта, уæд райдыдта гуырдзиæгтæ æмæ хуссайраг ирæтты 20-азон ныхмæлæд, кæцы фæцис 2008 азы августы хæстæй æмæ  Хуссар Ирыстоны  хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй банымайынæй.

27 азы размæ 23 ноябры цаутæ куыд цыдысты, уый тыххæй цасдæр рæстæджы фæстæ радзырдтой, йæхи цæстæй сæ чи федта æмæ гуырдзиаг абырджыты бирæминон «сабырадон митинг» цы æвзонг лæппуты къорд æрурæдта, уыдонæй цалдæр.

Джуссойты Васили:

23 ноябры бонæй, адæм Театралон фæзуатмæ куы æмбырд кодтой, уæд базыдтам æввахс хъæуты гуырдзиæгтæ Богирийы кæй æмбырд кæнынц. Æз æмæ сæм Цхуырбаты Тимур ацыдыстæм, семæ ныхас кæныныл архайдтам, бафарстам сæ, цы хабар у, зæгъгæ, фæлæ нын уыдон ницы загътой. Уыцы рæстæджы Театралон фæзуатмæ æрбайхъуыст, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ æрбацæуынц. Мах атындзыдтам турбазæйы   ‘рдæм. Чи ныл æмбæлд, уыдонæн дзырдтам, цæмæй турбазæйы ‘рдæм рацæуой.

Згъудеры бынмæ куы бахæццæ стæм, уæд федтам гуырдзиæгты бирæминон колоннæ, сæ разæй цыд автобус «Икарус». Уалынмæ нæ æрбаййæфтой иннæ лæппутæ дæр, иууыл иумæ баистæм авд лæппуйы. «Икарус» æрлæууыд æмæ йæ разæй рацыдысты сау æмæ урс «Волгæ»-тæ. Урс машинæйыл уыд Гуырдзыстоны Мидхъуыддæгты министр Шота Горгодзе, сауыл та – йæ хæдивæг Варлам Хадури.

Шота Горгодзе рахызт машинæйæ, æрбацыд нæм æмæ нын загъта: «Фæндаг ссæрибар кæнут». Мæнмæ тынг æввахс æрбалæууыд æмæ йæ  асхуыстон æмæ йæ бафарстон: «Ды чи дæ!?» – Æз инæлар дæр, – сдзуапп кодта уый. Æз мæ къух фæхъил кодтон, хъуамæ йæ ныццавтаин, фæлæ мæм Хуыбылты Валери æрбалыгъд, мæ  къух мын ацахста æмæ афтæ зæгъы: «Афтæ раст нæу». Инæлар æмæ йæ хæдивæджы машинæтæ фæстæмæ ацыдысты, фæлæ Икарусæй рахызтысты милицийы кусджытæ æмæ домдтой, цæмæй сæ æрбауадзæм горæтмæ. Мах фидар лæууыдыстæм. Уыдон æртхъирæнтæ кодтой, зæгъгæ, бархийæ иуварс куынæ алæууат, уæд уыл балæгæрддзыстæм. Нæ лæппутæй мæны йедтæмæ гуырдзиагау ничи зыдта æмæ семæ дзырдтон æз.

– Уæдæ рацæут æмæ ныл алæгæрдут! – загътон сын æз. Уыдон тæрсгæ дæр кодтой, ома, ацы стыр коллонæйы раз цалдæр лæппуйы куыд хъуамæ лæууа, Присы къуыппæй сын æххуысгæнæг куынæ уа, уæд.

Цалынмæ милиционертимæ дзырдтам, уæдмæ æрбацыдысты гуырдзиаг æнæформалтæ дæр, уыдон фылдæрæй фылдæр кодтой. Сæ иу нæ бафарста: «Кæм сты уæ лидертæ». «Махæй лидер ничи у, алы ирон дæр йæхицæн лидер у», – загътам сын мах. Уыдон хъавыдысты тыхæй æмæ нæ æртхъирæнтæй аиуварс кæнын, фæлæ мах нæ састыстæм, фидар лæууыдыстæм.

Уалынмæ нæм æрбалыгъдысты нæ лæппутæ, сæ фæдыл ноджы æндæртæ æмæ уыдон дæр нæ фарсмæ æрлæууыдысты, лæууыдыстæм дыууæ рæнхъæй. Гъе, уæд ныххæцыдыстæм нæ рæмбыныкъæдзтæй кæрæдзийыл, уæд сарæзтам удæгас къул. Гуырдзиæгтæ-иу ныл æрбанцадысты, фæлæ сæ  мах урæдтам. Уæдмæ нæ фæстæ адæм æрæмбырд сты. Фæзынд сæм тырысатæ дæр. Бирæ æртхъирæн æмæ хъæлæбайы рæстæджы нын гуырдзиæгтæ дзырдтой, цæмæй сæ горæтмæ æрбауадзæм Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадимæ бадзырдты тыххæй. Уыдон фæндыд 15 адæймагæй æрбацæуын, фæлæ æрбауагътам æрмæстдæр 5 гуырдзиаджы –Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр, фыццаг секретарь æмæ æртæ æнæформалы.

Абон бирæтæй ис фехъусæн, ома, уыдон дæр фыццаг рæнхъы лæууыдысты æмæ фыццаг уыдон æрлæууыдысты гуырдзиаг колоннæйы раз. О, фыццаг рæнхъыл уыдысты бирæтæ, уымæн æмæ цымыдис кодтой разæй цы цæуы, уымæ. Фæлæ фыццаг мæ фарсмæ лæууыдысты Цхуырбаты Тимур, Козаты Ростик, Дзуццаты Коко, Гæбæраты Витали.

Гуырдзиæгтæ уыцы бон горæтмæ куы æрбаирвæзтаиккой, уæд абон мах куыд наци, афтæ Хуссар Ирыстоны нал уыдаиккам, ам чи баззадаид, уыдон тугæй чизоны ирæттæ уыдаиккой, фæлæ удыхъæдæй – нæ.

Цхуырбаты Тимур:

23 ноябры райсомæй адæм хъус-хъус кодтой, гуырдзиæгты стыр колоннæ горæтмæ кæй æрбацæуы, уый тыххæй, фæлæ мæ уырнгæ дæр нæ кодта, уымæн æмæ махæй алкæмæн дæр уыд гуырдзиаг хæлæрттæ, æмгæрттæ, сыхæгтæ. Уыцы бон сихорæрдæм мах тезгъо кодтам Театралон фæзуаты. Иннæ бонтæй хъауджыдæр уыцы бон уым уыд фылдæр адæм, уыдон кæрæдзи фарстой гуырдзиæгты митингы тыххæй, фæлæ бæрæг бæлвырд ничи ницы зыдта. Уæд мах араст стæм Богирийы æрдæм æмæ ныл уым фембæлдысты гуырдзиаг лæппутæ. Уыдонимæ аныхас кæнын афæлвæрдтам, фæрсгæ дæр сæ акодтам, фæлæ нын уыдон дæр ницы загътой. Уæд мах араст стæм турбазæйы ‘рдæм. Уым дæр лæууыдысты адæм. Уалынмæ чидæр ныхъæр кодта «Æрбацæуынц!», зæгъгæ. Мах акастытæм æмæ федтам гуырдзиæгты бирæминон колоннæ, сæ разæй сау «Волгæтæ», афтæмæй æрбацæйцыдысты горæты ‘рдæм. Мах алыгъдыстæм Згъудеры бынмæ. Уым цалдæр лæппуйæ лæууыдысты гуырдзиæгты раз æмæ мах дæр æрлæууыдыстæм сæ фарсмæ. Мæнмæ æввахс лæууыдысты Харебаты Ацæмæз, Дзуццаты Коко, Цхуырбаты Къоста, Гасситы Алан (Тули), Джиоты Станислав, Цхуырбаты Вася, Пухаты Алан, Козаты Солтан, Багаты Альберт – иууылдæр цхинвайлаг  хуымæгæг лæппутæ.

Бирæнымæц гуырдзиагтæ нæм куы æрбацæйæввахс кодтой, уæд лæппутæй чидæр фæхъæр кодта, «Амæлдзыстæм, фæлæ фæстæ нæ фæлæудзыстæм!»

Иу гуырдзиаг йæхи афтæ æвдыста, цыма йæ разы ничи ис, Дзуццаты Кокойы раз æрлæууыд æмæ йыл фæхъæр кодта: «Ва!!! Шен вина хар? Гаматъаре, гаматъаре!» Коко йæ бынатæй нæ фезмæлыд, афтæмæй йын уырыссагау афтæ бакодта: «Ну, пройди если сможешь». Мах лæууыдыстæм дæларм-уæларм хæцгæйæ. Разæй цы гуырдзиæгтæ лæууыдысты, уыдонмæ фæстийæ чи лæууыд, уыдон хъæр кодтой, ома «цæмæ лæуут, аиуварс сæ кæнут!» Уыдон дæр-иу ныл æрбанцадысты, фæлвæрдтой адæймæгтæй конд рæхыс аскъуынын, фæлæ йæ, æвæццæгæн, æмбæрстой, нæ бынатæй кæй нæ фезмæлдзыстæм, æмæ-иу сæм ахъæр кодтой: «Уæхæдæг рацæут æмæ сæ сымах аиуварс кæнут!»

Уаз Уастырджи нын баххуыс кодта уыцы бон дæр æмæ уый фæстæ 20-азон ныхмæлæуды рæстæджы дæр. Мах уæд республикæ нæ арæзтам, мах æй хъахъхъæнгæ кодтам. Абон та нымад паддзахад стæм æмæ хъуамæ райрæзын кæнæм адæмон хæдзарады æппæт къабæзты дæр æмæ нæ адæмы цардуагон уавæртæ  фæбæрзонддæр кæнæм.

Бестауты Бала:

-1989 азы 23 ноябры горæтыл айхъуыст, зæгъгæ, дам, Гурæй Цхинвалы ‘рдæм рацæуынц машинæты стыр колоннæ. Ног хиды цур сыл кæй сæмбæлдзысты, уый дæр дзырдтой. Æз дæр цалдæр лæппуимæ ацыдтæн хиды цурмæ. Хидыл лæууыдысты агуырийæ йедзæг дыууæ КамАЗ-ы æмæ трактор «Кировец». Машинæтæ æмæ тракторы æрбакæнын кодта Пухаты Алихан.

Мах дæр æмæ машинæтæ дæр цыдыстæм тæрхондоны бæстыхайы цурмæ. Уыцы рæстæджы «хъайтар», «ныфсхаст» нæ хъуыдыйы дæр нæ уыд, нæ дæр тæрсгæ кодтам, тарстыстæм æрмæстдæр, звиадисттæ горæтмæ куы æрбаирвæзой, уымæй. Махмæ нæ уыд хæцæнгæрзтæ, æгæрыстæмæй нæм кæрдтæ дæр нæ уыд. Алчи дæр æй æмбæрста, «рæхыс» гуырдзиæгтæ куы «аскъуыной», уæд нæ ныццæгъддзысты, фæлæ ууыл ничи хъуыды кодта, ничи дæр паникæ кодта.

ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады мидæггагон æфсæдтæ слæууыдысты, мах æмæ гуырдзиæгты ‘хсæн нæ, фæлæ мах фæстæ. Уæды областы официалон къухдариуæгад та уым зынгæ дæр нæ ракодта.

Абон мæ бирæтæ фæфæрсынц, ома, рæхысæй цы лæппутæ слæууыдысты, уыдон чи уыдысты. Чи кæй фарсмæ лæууыд, уый сбæрæг кæнгæйæ, сæ ис базонæн. Мæнæн мæ фарсмæ лæууыд Плиты Алик, уый куыд загъта, афтæмæй йæ фарсмæ та лæууыдысты Тедеты Гена æмæ Къæбысты Инал (Инче). Мах архайдтам, куыд арæхстыстæм, афтæ, фæлæ нæ архайд афтæ рауад, цыма рагæй зыдтам, цы аразын хъуыд. Уыцы цаутæ æрцыдысты Джеоргуыбайы бонты æмæ, фæстæдæр куыд бамбæрстон, афтæмæй нын баххуыс кодта Лæгты Дзуар.

Уыцы бон знагимæ ныхæй-ныхмæ цы лæппутæ лæууыдысты, уыдон иууылдæр систы мæ хæлæрттæ æмæ уый фæстæ дæр активон хайад истой Гуырдзыстоны гæрзифтонг агрессийы ныхмæ тохты.

 

***

Диссаг у, фæлæ лæппутæ сæ бынатæй нæ фезмæлыдысты, ССР Цæдисы мидæггагон æфсæдтæ ныхмæлæуджыты ‘хсæн сæууын куы сфæнд кодтой, уæд дæр. Афтæ æнæ хæцæнгæрзтæй лæууыдысты  разæй ирон лæппутæ, сæ фæстæ – гæрзифтонг æфсæддонтæ, æфсады фæстæ та горæты цæрджытæ.

Гуырдзиæгтæ куы бамбæрстой горæтмæ сæ ничи бауадздзæн, уæд фæстæмæ аздæхтысты. Уый фæстæ гуырдзиаг информацион фæрæзтæ фыстæй, ома, дам нын ирæттæ нæ разы æрлæууын кодтой сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты æмæ, зæгъ, æрмæстдæр уый тыххæй раздæхтысты «сабырадон митингуадзджытæ» фæстæмæ. Цы гæнæн ис, мæнгныхас æмæ цæстмæхъус ныхасмæ нæ сыхæгтæ кæддæриддæр дæсны уыдысты.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.