1991 азы 7 январь Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы фыст æрцыд «Тугæйдзаг Цыппурс»-æй. Уымæн æмæ уыцы аз 5-æм январæй 6-æм январмæ æхсæвы Гуырдзыстоны афтæхуыйнæг «милицийы дæлхæйтæ» сусæгæй æрбацыдысты Цхинвалмæ. Уый уыд звиадистты раздæр бацæттæгонд провокаци.

5-æм январы горæт Гуры Гуырдзыстоны Мидхъуыддæгты министрады æмбырды аскъуыддзаг чындæуыд «хисæрмагонд тыхтæй Цхинвалы фæтк æрæвæрын». Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддаг фехъусгæйæ, хуссарирыстойнаг адæм батыхстысты, фæлæ Хуссар Ирыстоны æнцойад чи хъахъхъæдта, ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады мидæггагон æфсады инæлар Генрих Малюшкин адæмы æрсабыр кæныны нысанæн фехъусын кодта, цæмæй æдыхст уой.

Уый фæстæ Малюшкин йæхи раст кодта, ома, уыцы бон уый тел райста ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министр Борис Пугойæ, цæмæй горæт Цхинвалмæ æнæбакъуылымпыйæ æрбауагъдæуой гуырдзиаг милицийы дæлхæйтты.

5 январы Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады нæ бафæрсгæйæ, ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады æфсæддон дæлхæйтты бакодтой казармæтæм æмæ райсомы 4 сахатыл Цхинвалмæ æрбафсæрстой гуырдзиаг милицийы дæлхæйтты 6 минон къорд æд куыйтæ æмæ хæстон техникæимæ. Уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты, уыцы цауы тыххæй ахæстæттæй цы абырджыты, лæгмарты æмæ наркоманты рауагътой, уыдон, кæцытæ уыдысты милицийы дарæсы. Худæг уый уыд, æмæ се ‘хсæн уыд ахæмтæ, кæцытæн сæ пагæттыл уыд æндæр æмæ æндæр чины нысæнттæ.

Диссаг уыд уый дæр, æмæ 5-æм январы Цхинвалы цæрæг гуырдзиæгтæ иу стæмтæй дарддæр, сусæгæй ацыдысты горæтæй.

Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны милици уыдысты æнæ хæцæнгарз, уымæн æмæ 4-æм январæй 5-æм январмæ Мидхъуыддæгты управленийæ гуырдзиаг милици æнæзакъонæй аластой, цы хæцæнгæрзтæ сæм уыд, уыдон, уыцы нымæцы табелон хæцæнгæрзтæ дæр.

Гуырдзиаг «милици» æрæхгæдта фæндæгты, бацахста горæты централон хай. Уыдон горæты цæрджытыл куыйты ардыдтой, надтой сæ. Райдианы уал æхстой уæлдæфы.

Гуырдзиаг «гуыппырсæртæ» æнхъæлдтой, уымæй ирæтты фæтæрсын кæндзысты, фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Диссаг сты нæ адæм, бахъуыды рæстæджы æвæстиатæй æрбангом вæййынц, сæ хъару вæййы се ‘мзонд, сæ æмвæндондзинады. Ацы хатт дæр та сæ хъарутæ æрбамбырд кодтой æмæ æрлæууыдысты знаджы ныхмæ.

Горæты сæйраг уынгтæ кæм иу кæнынц, уымыты горæт хъахъхъæнджытæ аразын райдыдтой барикадæтæ, арæзтой «Молотовы коктейлтæ». Автоматты æхстытæ арæхæй арæхдæр кодтой. Изæрмæ фæзындысты фыццаг амæттæгтæ æмæ цæфтæ. Гуырдзиаг лæгмарты къухæй фæмардысты Цхинвалы Мидхъуыддæгты горæтон хайады кусæг Коцты Григори, Бæгъиаты Вячеслав æмæ Тасойты Инал. Уæззау цæф фæцис историон зонæдты кандидат Цхуырбаты Иван дæр. Кæд нæмыгæй нæ, уæддæр уыцы райсом зæрдæскъуыд фæцис Колыты Илья дæр. Уый, Сталин æмæ Исахъы уынгтæ кæм иу кæнынц, уырдыгæй чысыл дæлдæр цард,  райсомæй æддæмæ рахызт æмæ куы федта, гуырдзиаг бандиттæ горæты байдзаг сты, уæд хæдзармæ бахызт æмæ ма йын зæгъын бантыст цалдæр дзырды: «хъуыддаг æвзæр у, горæт гуырдзиæгтæ бацахстой», стæй зæрдæскъуыд фæцис. Колыты Ильяйы та баныгæдтой йæ хæдзары раз.

Нæ лæппутæ гуырдзиаг бандитты горæты кæцыдæр уынгтæй расырдтой, фæлæ бандиттæ æрфидар сты Театралон фæзуаты æмæ Сталин æмæ Мæскуыйаг уынгтæ кæм иу кæнынц, уым. Паддзахадон театры, уазæгдон «Ирыстон»-ы,  Обкомы, Облæххæсткомы, Мидхъуыддæгты управленийы æмæ Паддзахадон æдас-дзинады комитеты бæстыхæйттæ дæр уыдысты сæ къухы.

7-æм январы æмбисбон та гуырдзиæгтæ баррикадæты ‘хсын куы райдыдтой, уæд нæ лæппутæ аскъуыддзаг кодтой гуырдзиаг бандитон баиугæндтыл атакæйы рацæуын æмæ сæ цалдæрæрдыгæй æхсын райдыдтой. Гуырдзиæгты хъаруйæ Хуыцау кæй фæцух кодта, уый та фæбæрæг уæд дæр. Цыбыррæстæгон тохы фæстæ уыдон ныууагътой сæ куыйты дæр æмæ паникæйы сæ  сæртæ æфснайынмæ фесты.

Горæт хъахъхъæнæг лæппутæ басыгътой Гуырдзыстоны бандитон милицийы БРДМ æмæ хъомысджын донæхс машинæ.

Бандитты æрдыгæй дæр уыд бирæнымæц цæфтæ æмæ мæрдтæ, фæлæ сæ цæмæдæр гæсгæ, сæ адæмæн бирæ рæстæг нæ хъæр кодтой.

Гуырдзиаг бандитон баиугæндты горæтæй бæргæ фæсырдтой нæ хъæбатыр лæппутæ, фæлæ агрессор горæтыл æрхъула кодта æмæ ахизæнтæ никуыдæмуал уыд, уыцы нымæцы Згъудеры уæлмæрдмæ дæр.

10-æм январы горæты цæрджытæ сæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой сæ хъайтар лæппуты – Коцты Григори, Бæгъиаты Вячеслав æмæ Тасойты Иналы. Згъудеры уæлмæрд знæгты къухы кæй уыд, уый тыххæй сæ баныгæдтой Цхинвалы   5-æм астæуккаг скъолайы кæрты.

Ууыл нæ банцадысты гуырдзиаг бандиттæ, уыдон алы бон дæр ТЭК-æй æхстой горæты цæрджыты. Нæ ауæрстой нæдæр сабитыл, нæдæр зæрæдтыл æмæ нæдæр сылгоймæгтыл. Афтæмæй, фæндзæм скъолайы кæрты цы уæлмæрд сырæзт, уый уæрæхæй уæрæхдæр кодта.

Фæивта дуг, ныппырх Советон Цæдис дæр,  Уæрæсейы къухдариуæгадмæ дæр æрцыдысты ног адæймæгтæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны хъысмæт скъуыддзаг не ‘рцыд, цалынмæ Уæрæсейы Федерацийы сæргъ Владимир Путин æмæ Дмитри Медведев æрлæуыдысты, уæдмæ. Уыдон 2008 азы августы Гуырдзыстоны радон агрессийы рæстæджы мæлæтæй аивæрзын кодтой  хуссайраг ирæтты æмæ сын банымадтой сæ паддзахадон хæдбардзинад. Уымæй Хуссар Ирыстоны зæххыл æрбиноныг сабырдзинад.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.