Хæст. Цымæ цы ис адæймагæн уымæй знагдæр æмæ æлгъагдæр. Уый ахæссы ацы дунейæ адæймаджы цард, нæ хатыр кæны рæстагон æмæ ницыгæнæг, æнæаххос адæймæгтæн. Йæ тых æмæ йæ бон калы алкæуыл дæр, кæуылфæнды дæр бамбæлæд, алкæмæн дæр ныххуыссын кæны йæ ирд æмæ рухс бæллицтæ, йæ бирæ   фæндтæ  æмæ йæ тырнындзинæдтæ. Хæст æгъатыр у, мæлæтхæссæг, цардцыбыргæнæг, зæрдæйы фæндиаг бæллицтæ сафæг æмæ куынæггæнæг. Хъыгаг уый у, æмæ йæ цырынгæнæг кæй вæййынц, знæтдæр æмæ æлгъагдæр адæймæгты къордтæм чи хауынц, уыдон. Ахæмтæ сæ быцъынæг скъуынынц, цæмæй æндæртæ цагъды кæной, бæстæтæ хæсты цæхæрæй хъæрзой æмæ дзыназой, цæмæй сæхицæн та сæ сомбон фæрныг уа. Фæлæ нæ, искæй туг ныккалынæй нæй рæсугъд цард саразæн, уыцы азарæй кæддæр басудзынц сæхи сæртæ. Афтæ у нæ сыхаг гуырдзиаг адæмы тох дæр рагæй фæстæмæ ирон адæмы ныхмæ, тонынц æмæ нæм бырсынц, алы хъизæмæрттæ æвзарын кæнынц рæстагон æмæ ницыгæнæг адæмæн. О, афтæ уыд ивгъуыд æнусы 20-æм азты, афтæ райдыдта хæсты пиллон 90-æм азты, ноджы фыддæр та уыд 2008 азы августы хæст.

Стыр хъæуæн йæ тых æмæ йæ авналæнтæ дæр фылдæр æмæ уæрæхдæр вæййынц. Уый та куыннæ æмбæрста знаг æмæ фылдæр тыхтæ лæбурдтой   сабыруарзаг Цхинвалы районы Къостайыхъæумæ. Раст у, хъæуы лæппутæ æрбахизæнты лæууыдысты æмæ хъахъхъæдтой сæ райгуырæн уæзæг, ахъаззаг цæфтæ дæр-иу сæмбæлд фыдгулыл. Фæлæ уæддæр уыдонæн сæ тыхтæ фылдæр уыдысты, æмæ æдзухдæр йæ быцъынæг скъуыдта мидæмæ баивæрзыныл, цæрджытæн исты знаггад ракæныныл. Знагæн уыцы æлгъаг фыдракæндтæ ба-кæнын дæр бантыст æмæ судзгæ нæмыгæй аскъуыд цалдæр адæймагæн сæ цард, знаджы азарæй басыгъдысты цардбæллон гуырдтæ, йæ рухс сомбоныл чи хъуыды кодта, ахæм лæппутæ. Зын у уыдон тыххæй дзурын, уымæн æмæ уыдоныл сайдæй разылд сæ хъысмæт æмæ сын нæ бантыст зæрдæйы фæндиаг рацæрын. Ахæм цардбæллон лæппу уыд Томайты Æхсар, сабыр æмæ æгъдауджын, бонзонгæйæ йæ зыдтой сыхбæстæ æмæ хъæуы цæрджытæ. Тыхсти йæ фидæны цардыл, бинонтæ æркæнын, йæ ныййарджыты зæрдæ хорздзинæдтæй срухс кæныныл. Хъыгагæн, уыцы бæллицтæ йын æмбойны æрбаскъуыдта фыдызнаг. Ирыстоны хъахъхъæнджыты рæнхъы лæууыд æмæ йæ хæстæ æххæст кодта цæсгомджынæй. Фæлæ иугæр куы фехъуыста, знаг хъæуы æнæауæрдонæй дæрæн кæны, уæд горæтæй рараст йæ хъæуы бахъахъхъæнынмæ, йæ ныййарджыты æмæ хоты бæрæг кæнынмæ. Хæрз æввахс уыд сæхимæ, фæлæ йын сæ фенын нал бантыст – знаджы нæмыгæй бацарæфтыд ис. Æхсаримæ ма фыдбылызы бахауд йе ‘мхъæуккаг Мæлдзыгаты Джемал дæр. Раст у, Джемал йæ цæрæн бынат фæивта æмæ рагæй цард Цæгат Ирыстоны. Фæлæ бæзæрхыг æмæ уæйгуытæконд гуырд йæ сæрмæ никуы схаста, Хуссар Ирыстон арты пиллоны судзы, æмæ уый та æнцад-æнцойæ бада. Ныр дæр рараст йæ райгуырæн хъæу æмæ Ирыстоны бахъахъхъæнынмæ, фæлæ уымæн дæр кæронмæ нæ бантыст знагæй йæ маст райсын.

Сылгоймаг царддæттæг, сабиты хъомылгæнæг у. Уый хæст нæ хъæуы, фæнды йæ, цæмæй нæ сæрмæ арв кæддæриддæр уа сыгъдæг æмæ йæ быны кæстæртæ цæрой æмæ рæзой хъæлдзæг æмæ æнæмастæй. Ууыл у йæ æрвылбонон хъуыды æмæ сагъæс. Фæлæ фыдгулæн уыдæттæ йæ фæсонæр-хæджы дæр не сты, нæ йæ æндавы мад-хъомылгæнæджы мæт, сисы цыргъ кард æмæ цæгъды æмæ куынæг кæны, йæ разы кæй баййафы, уыдон, æгæрыстæмæй, нæ батæригъæд кæны сылгоймагæн дæр. Афтæ куыннæ уаид, уæд цы гæнæг уыд ацы хъæуы цæрæг, уæздан æмæ хæларзæрдæ сылгоймаг Джиоты-Елбачиты Насти. Уый куыстæй æхцондзинад иста, йæ зæрдæйы дзæбæхæн кодта фæллой, ради йæ кæстæрты цинæй. Дзæвгар уыдысты амондджын царды сæраппонд ацы сылгоймагæн дæр йæ хъуыдытæ, фæлæ гуырдзиаг хотыхджынтæ уымæн дæр нæ батæригъæд кодтой æмæ йын йæ бæллицтæ йæ хъуыры фæбадын кодтой.

Бинонты ныфс, кæстæртæн зондамонæг æмæ раст уынаффæтæ хæссæг хистæр кары нæлгоймаг вæййы. Уымæн дзæвгар вæййынц йæ аудинæгтæ, цæмæй бинонтæ уой раст зондыл хæст, царды алы фадгуыты уой раззагдæрты рæнхъыты, хызт уой æвзæрдзинæдтæй – æппæт уыдæттыл вæййынц йæ мæт æмæ сагъæс, йе ‘рвылбонон аудинæгтæ. Æмæ йын, зæгъгæ, уыцы амындтытæ æмæ хæстæ æххæст кæныныл нæ зивæг кæнынц кæстæртæ, уæд арвмæ сырæзы, йæхицæй амондджындæр никæйуал фенхъæлы. Нæлгоймаджы æвæрццаг миниуджытæй хайджын уыд Къостайыхъæуы цæрæг Мамиты Петр дæр, уыд куыстуарзаг, хæдзардзин æмæ хорз кæстæрты хицау. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн, растдæр зæгъгæйæ та, гуырдзиаг лæгхортæ æмæ хæстæндзарджытæн, кæцытæ ацы нæлгоймагæн дæр фæцыбыр кодтой йæ цард, нæ йын бауагътой йæ рæсугъд нывæстытæ кæронмæ сæххæст кæнын.

2008 азы августы хæсты гуырдзиаг хотыхджынты азар басыгъта ацы хъæуы цæрджытæ Джиоты Аслан, Мамиты Тамарæ æмæ Хуыбиаты Вадикы, йæ фыдæвзарæнтæ æмæ хъизæмæртты бахаудтой ацы хъæуæй Джиоты Вадик, Сабанты Гурам, Мамиты Къоте, Мæлдзыгаты Юри, Хуыбиаты Георги, Къудухты Шамил, йе ‘мкъай Зарæ æмæ сæ фырт Алан, Кобесты Нодар, æвзонг лæппу, ныр дзæнæттаг Бæззаты Ацик, Хуыбиаты Мити, Хаситы Бабули, Козаты Марго, Æлборты Павел æмæ бирæ æндæртæ.

Æмæ канд æмбæстæгты марын æмæ цæгъдынмæ не ‘рхъавыдысты хотыхджын лæбурджытæ. Уыдонæн сæ нысан сси, цæмæй хъæу бынтондæр æрцæуа дæрæн, хорздзинадæй дзы цы уæвынад кодта, уыдоныл нæ ауæрстой. Фæндзай азы дæргъы цы скъола фæлæггад кодта рæзгæ фæлтæрæн, аккаг кæстæртæ хъомыл кæныныл йæ уд чи хъардта, уыцы рухсадон артдзæстыл дæр нæ бацауæрстой. Адæймаг тынгдæр цæуыл фæфыдæбон кæны, йæ иууыл ахсджиаг æмæ сæйрагдæр нысæнттæй иу вæййы цæрæн хæдзар саразын. Иугæр дзы бинонтæ бацардысты, сæ зæрдæйы дзæбæхæн дзы æрвитынц сæ цард, уæд уымæй амондджындæр цы хъуамæ уа. Фæлæ та знагмæ нæ бахъардта адæймаджы куыст æмæ фыдæбон, уыцы хæрзиуæгыл дæр та ауыгъта йæ къух. Æмæ милмæ иста хъæуы цæрджыты иу хæдзар иннæйы фæдыл, хъомысджын æхстытæй пырх, дæрæн æмæ сыгъд цыдысты Мамиты Валикъо, Петр, Гæджиты Маир, Бигъуылаты Ефим, Мамиты Дуду, Бекъойты Ефим, Мамиты Æхсар, Тегкаты Лев, Бигъуылаты Славик, Мамиты-Арсенидзе Етери, Хуыбиаты Альберт, Тедеты Владимир, Тыджыты Георги, Джиоты Мурат, Лохты Вилен, Хаситы Матронæ, Джиоты Шалва, Джусойты Ахмæт, Лохты Вова æмæ æндæрты хæдзæрттæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ, стыр Уæрæсейы комкоммæ æххуыс æмæ аудындзинад æмæ нæ республикæйы разамынды фæрцы ногæй сæндидзыдта Къостайыхъæу, стæмтæй дарддæр пырх æмæ сыгъд хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты.

Зын у 2008 азы августы хæсты цаутæ мысын, зæрдæ æнкъард æмæ мæгуыр кæны, гуырдзиаг хотыхджынты сырдон митæ та никуы ферох уыдзысты нæ адæмы зæрдæтæй.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.