Югославийы ныхмæ НАТО-йы хæстон агрессийыл сæххæст 20 азы

Ацы бонты дунейы мысынц 20 азы размæйы цаутæ, кæцытæ фехæлдтой дунеон барады нормæты æппæт системæ. 1999 азы 24 марты НАТО Цæдисон Республикæ Югославийы ныхмæ æнæ ИНО-йы Æдасдзинады Советы санкцитæй райдыдта æртæмæйон уæлдæфон-размæбырсæн операци «Союзническая сила», зæгъгæ.

РАЗÆУУÆЛТÆ

Хæстон операцимæ разæууæлтæ сæвзæрдысты уартæ Югославийы нып-пырхы рæстæджы. Уæд сербæгты, боснийаг пысылмæтты æмæ хорватты ‘хсæн æхсæн-национ ныхмæлæудтытæ кæй фæкарздæр сты, уымæ гæсгæ федерацийы скондæй рахизыны тыххæй фехъусын кодтой æхсæз республикæйæ цыппар: Босни æмæ Герцеговина,Словени, Хорвати æмæ Македони. Чи ма дзы баззад уыцы республикæтæ – Серби æмæ Черногори 1992 азы апрелы расидтысты Цæдисон Республикæ Югослави, 2003-2006 азты – паддзахадон æмæхсæнад Серби æмæ Черногори, 2006 азæй  хæдбар республикæтæ.

Социалистон Федеративон Республикæ Югославийы ныппырхы процессы рæстæджы уыд республикон æмæ федералон хицауадтимæ конфликттæ æмæ æхсæнэтниколн хæстытæ. Уæлдай карздæр характер уыдонæн уыд Хорватийы 1991-1995 азты æмæ Босни æмæ Герцеговинайы 1992-1995 азты. 1990 азты кæрон конфликт фæкарздæр Сербийы сконды автономон край Косовойы сербаг æмæ албайнаг цæрджыты ‘хсæн.

БАЛКАЙНАГ КРИЗИСЫ НАТО-ЙЫ ХАЙАДИСТ

«Союзническая сила»-йы размæ НАТО ауагъта къорд операцийы раздæры Югославийы территорийыл. 1992 азы альянсы æфсæддон наутæ авиацийы æххуысæй æххæст кодтой контроль ИНО-йы Æдасдзинады Советы резолюцимæ гæсгæ, кæцы эмбарго бакодта раздæры Югославийы республикæтæм хæцæнгæрзтæ ласыны тых-хæй. 1995 азы НАТО æнæ ИНО-йы Æдасдзинады советы резолюцийæ бомбæ-тæ æрызгъæлста боснийаг сербæгты позицитыл. Уыдон уыдысты альянсы историйы фыццаг хæстон архайдтытæ. Иууыл фыццаг НАТО тырныдта регионы йæ позицитæ сфидардæр кæнынмæ, уым уæрæсейаг æндæв-дады фæкъаддæр кæныны фоныл.

КОСОВОЙЫ УАВÆР

НАТО-йы къухдариуæгад «Союзническая сила»-йы сæйраг нысан схуыдта «Косовойы албайнаг цæрджыты геноцид аиуварс кæнын». 1980 азтæй косовойаг албайнæгтæ раразмæ кодтой автономи рауæрæхдæр кæныны тыххæй домæнтæ, æмæ 1990 азты та хæдбардзинады сæрыл тохы тыххæй уыдон сарæзтой «Косовойы сæрибаргæнæн æфсад». 1998 азы конфликт рахызт сербаг полици æмæ «Косовойы сæрибаргæнæн æфсады» боевикты ‘хсæн ныхмæлæудтытæм, афтæмæй фактон æгъдауæй райдыдта æмбæстагон хæст. Кризис æрбæстон кæнынмæ бафæлвæрдтытæ арæзтой ИНО, Евроцæдис, ЕÆÆО, афтæ ма контактон къорд хицæн бæстæты минæвæртты скондæй, уыцы нымæцы Уæрæсе æмæ АИШ дæр. 1999 азы февралы Парижы цур Рамбуйы Контактон къорды хайадистæй баныхæстæ уагъд цыдысты Серби æмæ косовойаг албайнæгты къухдариуæгады минæ-вæртты ‘хсæн, кæцыйы фæлгæтты фæрстæ сразы сты къорды бакусгæ сабырадон планыл. Фæлæ 18 марты Парижы радон фем-бæлды рæстæджы планыл йæ къух æрфыста æрмæстдæр косовойаг албайнæгты делегаци. Сербаг фарс фехъусын кодта, зæгъгæ, документ хицæн кæны Рамбуйы æрбавдисгæ документæй. Сæрмагондæй, сербæгтæм æнæразыдзинад расайдтой Косовойы автономи рауæрæхдæр кæныны тыххæй æмæ ацы территоримæ фæтк бахъахъхъæныны нысанæн НАТО-йы бæстæты-уæнгты æфсæдты контингент æрбакæныны пункттæ. Документыл къух кæй не ‘рфыстæуыд, уый ссис формалон æфсон блокы хæстон архайдтытæ райдайынæн.

ОПЕРАЦИЙЫ ЦЫД

Операци æххæст æрцыд æртæ этапæй. 24-26 марты æххæст æрцыдысты Югославийы Уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхты басæттыны фæдыл хæстæ. 27 марты атакæтæ райдыдтой Косовойы территорийыл Социалистон Республикæ Югославийы тыхты ныхмæ, афтæ ма бомбæтæ рыз-гъæлстой Сербийы уæлдай нысаниуæгджындæр объектты. 24 апрелæй масштабон цæфтæ кодтой Сербийы æппæт территорийы. НАТО-йы сайтыл ныммыхуыргонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, операцийы рæс-тæджы, кæцы ахæссыд 78 боны, альянсы бæстæты авиаци сарæзта 38 мин хæстон атахты, уыдонæй 10 мин атахтæй фылдæр бомбæты цæф ныккæныны тыххæй, ауагъдæуыд 3 мин базырджын ракетæйы æмæ æрæппæрстæуыд 80 мин тоннæйæ фылдæр бомбæтæ, уыцы нымæцы кассетон æмæ уранимæ хæццæ бомбæтæ. Операцийы архайдтой иу мин хæдтæхæгæй фылдæр (уыдонæн сæ фылдæр хай радтой АИШ), кæцытæй НАТО-йы официалон бæрæггæ-нæнтæм гæсгæ æрæппæстæуыд дыууæ хæстон хæдтæхæджы. Операцийы рæстæ-джы рæдыдæй бомбæтæ æркалдтой цал-дæр хатты. Зæгъæм, 14 апрелы фæмард сты 64 албайнаджы, кæцытæ цыдысты Алба-нийы ‘рдæм, æмæ 8 майы æхсæвы та хъыгдард баййæфта Белграды Китайы минæварад. Иууыл трагикондæр инциндентты нымæцы ис 14 майы косовойаг Коришайы хъæуы бомбæты цæф ныккæнын, цыран НАТО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ уыдысты сербаг æфсæддонтæ. Фæлæ цæфы бын бахаудтой албайнаг лигъдæттæ – фæмард сты 50 адæймаджы.

ОПЕРАЦИЙЫ РÆСТÆДЖЫ АМÆТТÆГТÆ ÆМÆ ÆРХÆСГÆ ЗИÆНТТÆ

Сербаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ бомбæтæ калыны рæстæджы фæмард сты 3,5 æй 4 мин адæймаджы онг, фæцæфтæ сты 10 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæн сæ дыууæ æртыккæгæм хай уыдысты æмбæстагон адæймæгтæ. Материалон зианы аргъ у 100 миллиард доллары. Бынтондæр куынæг æр-цыд Югославийы æфсæддон-сæудæджерадон инфраструктурæ, ныппырх сты 1,5 мин цæрæн пункты, 60 хиды, æппæт скъолаты 30 проценты, 100 бæрц цыртдзæвæнтæ. Ныппырхчындæуыд кæнæ разиан кодтой 40 мин цæрæн хæдзарæн. Нефткуысгæнæн æмæ нефтехимион заводтыл бомбæтæ кæй æр-калдтой, уый фæстиуæгæн токсикон буарад-тæй фæхъæстæ бæстæйы доны системæ.

ХÆСТЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Операци фæцис 1999 азы 10 июны Кумановойы (Македонийы, Сербийы арæнмæ æввахс) Социалистон Республикæ Югослави æмæ НАТО-йы ‘хсæн æфсæддон-техникон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæстæ, кæцымæ гæсгæ Косовойы территорийæ райдыдта югославийаг æф-сæдты раконд. Уыцы бон ИНО-йы Æдас-дзинады Совет райста резолюци, кæцыйы бындурыл Косовойы ИНО-йы эгидæйы бын равæрд æрцыдысты Æдасдзинады дунеон тыхтæ НАТО-йы бындурон хайадистæй. Æфсæддон службæгæнджыты иумиаг нымæц уыд 40 мин адæймаджы. 2008 азы февралы Косовойы парламент иуварсон æгъдауæй расидт хæдбардзинад Сербийæ. Ныртæккæ Косовойы хæдбардзинад банымадтой дунейы 104 бæстæйы. Косовойы банымайыны ныхмæ Сербийæ дарддæр ралæууыдысты 60 бæстæйы, уыцы нымæцы Уæрæсе, Китай, Инди, Израиль.

ФÆЛВАРЫ ЙÆ ХЪÆДГÆМТТÆ «СДЗÆБÆХ КÆНЫНЫЛ»

Абон, хæстæй 20 азы фæстæ, Белград фæлвары йæ хæстон хъæдгæмттæ «сдзæбæх кæныныл». Гæнæн кæм ис, уым пырхæнтæ сыгъдæг кæнынц, гæнæн кæм нæй, уым та сæ æмбæхсынц патриотон мидисимæ баннертæй. Ноджы ма рæстæг рацæудзæн, æмæ адæймаджы зæрдыл ницыуал лæууын кæндзæн 1999 азы март æмæ июны мæйты ‘хсæн уыцы тæссаг 78 бонты тыххæй. Фæлæ уый æддейæ бакæсгæйæ. Югославийы ныхмæ НАТО-йы фыдракæндтæ баззадысты æнæфхæрдæй æмæ рæстæджы цыдимæ бамынæг сты, уымæн æмæ Югославийы фæстæ уыдысты Ирак, Афганистан, Ливи æмæ Сири, фæлæ алцыдæр райдыдта Югославийы, Белградыл фыццаг бомбæ куы æрæппæрстой, уæд. Сербийы президент Александр Вучич ацы хæстыл 20 азы сæххæсты сæраппонд конференцийы банысан кодта, зæгъгæ, мах цæттæ стæм ныххатыр кæнынмæ, фæлæ уыцы цауты никуы ферох кæндзыстæм.

СЕРБИ НÆ УЫДЗÆН НАТО-ЙЫ УÆНГ

Ныгуылæн абоны онг иу чысыл дæр йæхи нæ хаты зылынджыныл, фæлæ де-факто Сербийы нымайы, кæуыл фæуæлахиз, ахæм бæстæйыл.

«Мах нæ уыдзыстæм НАТО-йы уæнг, æз уый тыххæй бæлвырдæй загътон Столтенбергæн, кæцыимæ ныхас кодтон ацы бонты. Ма тыхсут Сербийы тыххæй. Серби æрмæст Уæрæсейы хæлар нæу. Сербийы нæй гæнæн æмæ йæ басæттой кæнæ фехалой. Мах бахъахъхъæндзыстæм нæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад», – банысан кодта Вучич.

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.