Йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ адæмимæ цæрын чи сарæхсы, йæ хиуæтты, йе ‘мгæртты астæу бæрæг чи фæдары, йæ бакæнгæ хъуыддæгтæй та хорз цæвиттон чи февдисы, ахæм адæймаджы мæлæт уæззау вæййы зæрдæйæн.

Гъе, афтæ зæрдæдзæф фæкодта хиуæтты, йæ уарзон сыхæгты, йе ‘мгæртты йæ æнæнхъæлæджы мæлæтæй Коцты Мери дæр. Йæ рæсугъд фæндтæ йын ницæмæ æрдаргæйæ, йæ цард æваст фескъуыдта сау мæлæт æмæ йын саумæрмæ æрбайгом кодта фæндаг. Æмæ цæстысыг калгæ ныууагъта йæ рынчын æмкъайы, йæ чызг Маргуляйы йæ дыууæ сидзæр чысыл æнахъом хъæбултимæ…

Цхинвалы районы Къуернеты уæздандæр сылыстæг кæстæртæй сæ иу уыд Мери. Зын æмæ æвадат рæстæджытæ уыдысты йæ сабибонтæ. Уæдæ йе ‘рыгон бонтæ дæр бæллиццаг ницæмæй рауадысты. Цард ын бирæ бавзарын кодта фыдæбæттæ, йæ кармæ нæ кæсгæйæ йын йæ разы бирæ цæлхдуртæ æвæрдта, кæд фæсхæст райгуырд, уæддæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд ын йæ фыд Габейы акодтой хæстмæ. Фæлæ иуахæмы хæст куы сытынг, уæд Габе цы батальоны службæ кодта, уыдонæй бирæтæ бахаудтой уацары, уыдоны  ‘хсæн уыд Габе дæр.

1945 азы немыцаг тыххæйисджытæ пырх æрцыдысты æмæ Сырх æфсад куы æрсагътой Рейхстагы сæрмæ Уæлахизы тырыса, уæд сæрибар æрцыдысты уацайрæгтæ дæр æмæ Габе фæстæмæ службæ кæнын райдыдта Сырх Æфсады рæнхъыты æмæ дзы баззадис суанг 1946 азмæ, стæй æрыздæхт йæ уарзон хъæу Къуернетмæ. Сæ царды кой кодтой йе ‘взонг æмкъай Зæ-гъойты Оляимæ. Фæзынд сын кæстæртæ – Мери, Валери æмæ Ростик. Фæлæ хæст уæддæр йæ фæд ныууагъта Габейыл, сниз ын кодтой йæ цæфтæ, йе уæнгты цы рæмудзæн æрмæджыты схъистæ баззадысты, уыдон æмæ хæрзæвзонгæй йæ цардбæллон зæрдæ йæ кусынæй банцад. Цы хъæбулты райгуырдыл фæцин кодта, уыдон схъомыл кæнын, сæ царды фæндæгтыл сæ бафтауын йæ бон нал бацис æмæ баззадысты сæ мад Оляйы æвджид. Фæлæ сыл уый сидзæры ном сбадын нæ уагъта, куыста, æхсæв æмæ йын бон нæ уыд, афтæмæй сæ къæбæрцух нæ уагъта. Рахъомыл сты Габейы зæнæг æмæ цæстæвæрæн фесты. Диссагæн сын хастой сæ зард, сæ кафт хъæубæсты адæм. Фæстæдæр зæнæджы кæстæр Ростик ссис зынгæ кафæг.

Мери скъолайы ахуыры бонты дæр бæрæг дардта йæ ахуырæй, йæ рæсугъд æгъдау, цыргъзонд хъæлдзæг ныхасæй. Скъола бакæсыны фæстæ дæр æрыгон чызгæн йæ зæрдæ ахуырмæ кæй æхсайдта, уый йын æнцойдзинад нæ лæвæрдта. Ссардта уыцы зын уавæрты дæр гæнæнтæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны базарадон техникумы. Уыд Хуссар Ирыстоны пединституты цур Марксизм-Ленинизмы университеты хъусæг. Фæстæдæр та горæт Цхинвалы бакаст хæринаггæнæджы курсытæ. Практикæ та рацыд завод Эмальпроводы хæрæндоны, стæй йæ ракодтой, йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уырдæм – 7-æм скъоламæ хæринаггæнæгæй. Ахуыргæнинæгты зæрдæмæ тынг цыдис йæ арæзт хæринаг. Уым куынæуал куыста, уæддæр ма-иу æхцонæй æрымысыдысты Мерийы арæзт пирожоктæ.

Уыцы рæстæджы Цхинвалторгы директорæй куыста Тыджыты Ниннель. Уый зыдта, Мери базарады хаххы фæдыл кæй райста уæлдæр ахуырад, æмæ йæ кусынмæ фæхуыдта универмаг «Ир»-мæ. Фæкуыста дзы 1967 азмæ, стæй 1975 азæй та куыста парфюмерон, галантерейон-трикотажон хайадты сæргълæууæгæй. Афтæ райдыдта йæ фæллойадон архайд Мерийæн базарады. Уый йе ‘мкусджытæн ссис уарзон адæймаг. Æртæ секцийы сæргъ лæугæйæ, уый никуы дызæрдыг кодта йе ‘мгæрттыл, иу сом дæр дзы никуы бааууон кодтой, афтæ тынг дзы æфсæрмы кодтой. Товар та уыцы рæстæджы ласын хъуыд Тбилисæй. Мерийæн-иу цæмæй гъæдджын товар радтаиккой, уый тыххæй-иу сын йемæ хаста ирон цыхт, хæбизджынтæ, æмæ йын уыдон дæр лæвæрдтой, цасдæриддæр æй хъуыд, ахæм равзаргæ товар. Машинæйыдзаг товар фенгæйæ-иу йе ‘мбæлтты цинæн кæрон дæр нал уыд.

Универмаг «Ир»-ы йæ намысджын куысты тыххæй Мери къорд хæттыты хорзæхджын æрцыд ГССР Кады грамотæтæй. 1973 азы та – Кады нысаны орденæй. 1978 ма азы йын лæвæрд æрцыд коммунистон куысты  хъазуаты ном. Мери ма уыд Цхинвалторгы партион организацийы бюройы уæнг дæр. Æвзæрст æрцыд комсоргæй дæр. Цæмæй кæрæдзийыл зæрдейæдæр уыдаиккой, уый тыххæй-иу сæ арæх æрæмбырд кодта исты бæрæгбон нысан кæныны рæстæджы æмæ-иу адджын ныхас фæкодтой сæ куысты фæстиуджытыл. Æвзонг, хъæлдзæг фæсивæд уыдысты æмæ-иу арæх æрвыстой хъæлдзæг рæстæг дæр. Сæ аив зард æмæ кафтæй-иу сæхæдæг истой стыр æхцондзинад. Быцæу-иу кодтой, чи рæсугъддæр акафдзæнис, ууыл.

«Хорз арæхстысты уыцы рæстæджы кафынмæ фæсивæд иууылдæр. Фæлæ дзы Мерийæн æмбал нæ уыд. Лæппутимæ-иу ерысы бацыдис дзуццæг кафтæй дæр æмæ-иу æм кæсынтыл фестæм. Лæггадгæнаг уыд, йæ фæстаг комдзагыл дæр нæ бацауæрстаид, йæ арм фынгæн дардта.

Мери йæ сыгъдæгзæрдæ уыд йе ‘мбæлтты ныфс. Зыдта йæ хъæубæсты, йæ хæстæджыты, æмгæртты æхсæн рæсугъд æгъдау раттын. Уый уыд мыггаджы фидыц, æххуыс кодта йæ кæстæр æфсымæртæн, сæ хъомылады иста стыр хайад. Мадау сæ рæвдыдта æмæ сыл аудыдта, æфтыдта сæ рæсугъд цардвæндагыл. Йæ зæрдæ æх-сайдта хъæумæ, йæ мадмæ дæр æмæ-иу æм йæхи сæппæрста. Æххуыс ын кодта хæдзары, цæхæрадæтты куыстыты. Не ‘фсæст Мери хистæртæн лæггад кæнынæй, кæстæрты рæвдауынæй», – загъта йæ раныхасы кæрон йæ æввахс æмбæлттæй сæ иу Тедеты Ирæ æмæ йæ рустыл цы цæссыгтæ æруадысты, уыдон сабыргай йæ къухæй асæрфта.

Афтæ хъæлдзæгæй, райгондæй фæкуыста Мери универмаг «Ир»-ы, цалынмæ йæ знæгтæ  цъыбыртты сыгъд нæ бакодтой, уæдмæ.

Мерийæн йæ бон бацис йæхи хъарм хæдзар саразын дæр. Амондджынæй цард йæ  цардæмбал Сатхъоты Барисимæ. Хъомыл кодтой æмæ раст фæндагыл æфтыдтой сæ иунæг чызджы. Фæлæ Мерийæн, уыцы хъæлдзæг бонтæ бирæ нал ахастой. Сценæйыл кафгæ кафын æрхауд йæ кæстæр мадызæнæг Ростик. Бæргæ ма йæ аскъæфтой рынчындонмæ, фæлæ… Йæ риуæй йын цыма йæ зæрдæйы тæгтæ исчи сыскъуыдта, афтæ фæцис Мери йæ уарзон æфсымæры фæстæ. Нынкъард, йæ зæрдæмæ ныхъуыста.

Мери æнцад нæ бадт нæ гуырдзиаг сыхæгтæ нæм куы бырстой, уæддæр. Постыты чи лæууыдысты æмæ сæ райгуырæн зæхх чи хъахъхъæдтой, уыцы лæппутæн-иу хæринаг сцæттæ кодта, афтæмæй сæм-иу бахæццæ. Стæй сын 2004 азы Мады-майрæмы аргъуаны хæринаг аразын куы райдыдтой, уæд æй уырдæм ракодтой хæринаггæнæгæй æмæ сын лæггад кодта куыд йæ бон уыд, афтæ. Уæдмæ йæ амонд ссардта йæ иунæг чызг дæр. Райгонд уыдис Сосикæй Мери. Хъæбулы бынаты йын балæууыд. Фæлæ йæ циндзинад бирæ нæ ахаста. Æфсæддон уыд æмæ фæмард Цæцæны хæсты. Мерийы æнкъараг зæрдæйæн уый æгæр уæззау цæф уыд. Бирæ мастдзинад ын æрхаста йе ‘фсымæры лæпу Гарикы амæлæт дæр. Ныр та сау мæры дуар фегом ис йе стыр ныфс кæй хуыдта, уыцы мадызæнæг Валерикæн дæр… Зæрдæ та фыды мур йеддæмæ ницы у. Нал сфæрæзта ацы уæззау маст Мерийы уарзæгой зæрдæ æмæ уайтагъд аскъуыд… Йæ фæстаг ныхас ма сфæрæзта, о, Валерик, мæ разы та кæцæй фæдæ æмæ уыцы ныхасыл ахицæн а-дунейæ. Ныр æрхæццæ йæ дыууиссæдзæм бон, уæдмæ та, дам, йæ уд хæдзары вæййы. Æрæмбырд та уыдзысты йæ хиуæттæ, йе ‘ввахс адæм æмæ та йын цæссыгимæ æрымысдзысты йæ рухс ном. Цы гæнæн ис, адзалæн мадзал нæй.

БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.