Йæ раттæг адæмæн фарны хъуыддæгтæ чи саразы, уыдонæн сæ кады ном баззайы дзыллæйы зæрдæты цæргæйæ. Сæ намыс æмæ се ‘гъдау фæстагæттæн кæддæриддæр вæййы фæзминаг. Зæххон кад адæмыл афтæ уаргæ нæу – уый аккаг дæхæдæг хъуамæ суай. Ацы удварны хæзнатæ, цæмæй адæймаджы къухты бафтой, уый тыххæй бирæ кусын хъæуы, зондæй æмæ хъаруйæ дæр.

Ацы хъуыддаджы Хуыцауæй стыр арфæгонд фæцис, нæ раздæры областы бирæ азты дæргъы юстицийы хайады æвæллайгæ куыст чи фæкодта æмæ йæ адæмы ‘хсæн йæхицæн ном чи скодта, уыцы зынгæ юрист Гаглойты Хазби.

Ныр 95 азы сæххæст уыдаид Хазбийыл. Уыцы азтæй йын  æрмæстдæр  67 азы бантыстис рацæрын… Адæймаджы царды та уыцы азтæ афтæ бирæ не сты, фæлæ фаг сты, цæмæй аккаг фæд ныууадзай дæ фæстæ. Ахæм фæд та Хазби йæ фæстæ, æнæмæнгдæр, ныууагъта. Чи йæ нæ рахуыдтаид цæстуарзон, сыгъдæгзæрдæ, æргомныхас æмæ адæмæн уарзон лæг! Чи йæ зыдта, уыдонæй иу дæр дызæрдыг нæ кодта, йæ адæймагдзинад æгæрон æмæ бирæвæрсыг кæй уыд, ууыл. Цард та ахæмтæй фидауы. Дзырд дæр ыл нæй, фарны хъуыддæгтæ чи аразы, уый фæрнджын лæг у, йæ фæндаг та – даргъ, уæрæх. Фæлæ Гаглойты Хазбийæн йæ цардвæндаг дæргъвæтин нæ рауад. Йæ адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл цы хъарутæ хардз кодта йæ царды фæстаг азты, уый нал федта йæхи цæстæй…

Хазби гуыргæ æмæ хъомыл дæр нæ горæты кодта. Каст фæцис 2-æм астæуккаг скъола. Скъолайы ахуыргæнгæйæ, уый йæхи кæддæриддæр æвдыста ахуырæй æмæ уагахастæй дæр цæвиттойнагæй. Уыцы рæстæджы нæ горæты уыдис аэроклуб. Хазбийы йæ цымыдис бахаста уыцы клубмæ. Сахуыр дзы кодта æмæ райста хæдтæхæгскъæрæджы дæсныйад.

Скъола куы бакаст, уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Хазби йе ‘мбæлттимæ бацыдис æфсæддон къамисариатмæ æмæ домдтой, цæмæй сæ арвыстаиккой фронтмæ. Фæлæ сын афон нæма уыд æмæ сæ кой дæр не суагътой. Уæд Гаглойы фырт кусын райдыдта Дзауы районы Теделеты хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Уайтагъд ахуыргæнинæгтимæ ссардта иумæйаг æвзаг. Æвзæр нæ цыд йæ куыст, фæлæ йæ зæрдæ æдзухæй дзырдта, хæсты цæхæры чи сыгъдис, уыцы зонгæтæ, хиуæттимæ æмæ 1942 азы уый дæр йæхи барвæндæй акæнын кодта фронтмæ. Знаджы ныхмæ хæцгæйæ, йе ‘мбæлттæн уыд ныфс æмæ цæвиттойнаг салдат. Тох та кодта Хуссар-Ныгуылæн фронты. Фæлæ 1944 азы фæцис уæззау цæф, знаджы нæмыг ын ныппырх кодта йæ уæраг æмæ ссис хæсты инвалид.

Хæстæй æрыздæхыны фæстæ æнтысгæйæ бакаст Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты филологон факультет. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Æппæтцæдисон юридикон институты Мæскуыйы. Йæ райгуырæн горæтмæ æрцæугæйæ, уый кусын райдыдта Облæххæсткомы юстицийы хайады сæргълæууæгæй æмæ фæсаууонмæ та     ахуыр кодта Гуырдзыстоны Зонæдты академийы историйы институты аспирантурæйы æмæ бахъахъхъæдта диссертаци ахæм темæйæ: «Ирон адæммæ тæрхон кæныны истори». Мыхуыры ма йын рацыд цалдæр зонадон куысты барадхъахъхъæныны фарстыты фæдыл. Гаглойты Хазби Облæххæсткомы юстицийы хайады кусгæйæ, стыр ныфс уыдис йе ‘мкусджытæн, цыфæнды хъуыддаджы дæр се ‘нцой балæууыдаид. Æдзух архайдта коллективы æнгом кæныныл. Алкæимæ дæр дзырдта мидбылхудгæйæ, рæвдаугæйæ, архайдта макæй хъыг райсыныл. Уыимæ сæ домдта, цæмæй сæ разылæууæг хæстæ намысджынæй æххæст кæной.

Хазби областы прокуроры хæдивæгæй куы куыста, уæд куыстой тынг зын уавæрты. Уæд Гуырдзыстоны хицауад æргомæй райдыдта æвдисын махмæ, ирон адæммæ, йæ ахаст. Ирон специалистты æввахсдæр нæ уагътой, æфхæрдтой сæ, кæд нæм йæ професси тынг хорз чи зыдта, ахæм цæттæ кадртæ уыдис, уæддæр. Хазби ахæм рæстæджы уыд йе ‘мкусджыты фарсмæ, нæ сæ уагъта æфхæрын, хъахъхъæдта сæ, цас йæ бон уыд, уы-мæй. Æнæуый та сын рæдауæй амыдта юридикон куысты техникон сусæгдзинæдтæ.

Хазби йæ куыстæн тынг аргъ кодта. Уый сæрбæрзонд уыдис йæ профессийæ. Уыдис æцæг профессионал. Йæ кусджытæн йæ фæ-зæхст уыд: «Адæймаджы хъысмæт дæ къухы ис æмæ йын хъуамæ раст аргъ скæнай!»

Фыццаг хатт-иу йæ куысты уæлхъус чи æрлæууыд, ахæм кусджытæ-иу куы фæтыхстысты, уæд-иу æххуысагур цыдысты Хазбимæ. Уымæн æмæ зыдтой, уый сæ кæй бафтаудзæнис раст фæндагыл, кæй сæм фæдаргъ кæндзæнис йе ‘ххуысы къух.

Хазби æххæст уыдис ирон лæджы хуыздæр миниуджытæй. Уыдис æмгаруарзаг, лæггадгæнаг. Йæ сæрибар рæстæджы дæр æй йæ рæстæг дзæгъæлы сафгæ нæ федтаис, тынг уарзта ирон аив литературæ кæсын æмæ йын æдзух йæ къухы фенæн уыдис ирон литературæйы класикты уацмыстæ.

Хазби стыр бынæтты кусгæйæ дæр  йæхиуыл никуы февæрсыд. Йе ‘мкусджытимæ иумæ цыдысты заводтæм, фабриктæм, колхозтæм, фæллойадон коллективтæм æмæ сын кастис лекцитæ. Пропагандæ кодта цæрджыты æхсæн юридикон зонынæдтæ.

Уый-иу хатт, йæ сусæг хъуыды фергом кодта æмæ-иу æргомæй загъта: «Алкæмæн йæ бон нæ бацæудзæнис лекцитæ кæсын, уымæн æмæ адæмы раз цæмæй æрлæууай, уый тыххæй дæ цæсгом хъуамæ уа сыгъдæг».

Арæх-иу уыдис ахæм цаутæ дæр æмæ-иу заводты, фабрикты кусджытæн хæдзæрттæ куы лæвæрдтой, æмæ-иу раст дих куынæ цыдысты, уæд-иу сæ хъаст ахастой Хазбимæ, кæд-иу уыцы хъуыддаг æндæр кæмæдæр хаудта, уæддæр. Адæм æм цыдысты рæстдзинад агурæг.

Гаглойты Хазби бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста. Уыд Цхинвалы районы тæрхондоны сæргълæууæг, Цхинвалы районы прокурор, областон прокуроры хæдивæг, уæды облæххæсткомы юстицийы хайады сæргълæууæг. Æмæ кæмдæриддæр фæкуыста, уым ныууагъта арф фæд, куыд зынгæ специалист, куыстуарзаг æмæ гуманон адæймаг, афтæ. Йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР сгуыхт юристы ном, бирæ хæттыты райста кады грамотæтæ. 1970 азы йын лæвæрд æрцыдис Цæдисон прокуратурæйы Кады грамотæ.

Хазби активон хайад иста æхсæнадон царды дæр. Уыд облæххæсткомы депутат æмæ Хуссар Ирыстоны Компартийы уæнг.

Гаглойы фыртæн стыр кад уыдис адæмы ‘хсæн, канд уый тыххæй нæ, æмæ хорз специалист кæй уыд, фæлæ ма уыдис рæсугъд уды хицау. Уыд уæздан, сыгъдæгзæрдæ, сæрныллæг адæймаг. Никуы райста йе ‘мгæртты зæрдæхудт, алкæмæн дæр йæ цæст уарзта хорздзинад. Уый æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ æмæ Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинадыл куы тох кодта, уæд дзы иста активон хайад. Лæвæрдта юридикон консультацитæ бæрнон бынæтты кусджытæн. Уый ныффыста нæ республикæйы фыццаг Конституци. Фыста Мæскуымæ, фæдисы хъæр кодта йæ адæмы катайаг уавæры тыххæй. Фыста уацтæ нæ газетмæ гуырдзиаг шовинистты ныхмæ.

Фæлæ йæ фæллад зæрдæ не сфæрæзта йæ адæмы трагедимæ кæсын æмæ аскъуыд, хæст йæ тæккæ карзмæ куы бахæццæ, уæд – 1991 азы. Афтæ фескъуыдис йæ цард, йæ раттæг адæмы рисæй чи рыстис, йæ мадæлон æвзаг зынаргъ кæмæн уыд, уыцы арфæгонд лæг – Гаглойты Хазбийæн. Йæ адæмы йе ‘ххуысы сæр куы хъуыдис, раст ахæм рæстæджы ацыд се ‘хсæнæй.

Гаглойты Хазбийæн Хуыцауæй мидисджын царды бонтæ лæвæрд уыд, фæцард сæ рæстæй, æгъдауджынæй æмæ йæ адæмы зæрдæты ныууагъта рæсугъд фæд. Ууыл дзурæг сты йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ.

Зæгъын хъæуы уый æмæ Хазби канд хорз æмкусæг, адæмæн ныфсы лæг нæ уыд, фæлæ ма уыд цæвиттойнаг ныййарæг дæр. Цы æртæ хъæбулы схъомыл кодта, уыдон бафтыдта царды раст фæндагыл.

Се ‘ппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад. Йæ фырт Роберт у историон зонæдты кандидат æмæ кусы Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты директорæй. Йæ чызг Каринæ ныртæккæ кусы Фидтонон инспекцийы. Йæ кæстæр чызг Фатимæ дæр бакаст аспирантурæ æмæ кусы нæ университеты лекторæй. Уыдон дæр сæ ныййарæг фыдау, архайынц рæсугъд æгъдау æмæ æууæнкдзинадæй сæ раттæг адæмæн балæггад кæныныл. Æмæ, сын, уадз, Стыр Хуыцау, сæ фыды æрцыдмæ сæхицæн дæр радтæд рæсугъд цæрæнбон.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.