Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон хæстонтæй стыр хъайтардзинæдтæ чи равдыста æмæ афтæмæй йæ радтæг адæмæн чи скад кодта, уыдонæй иу уыд Гæбæраты Виссарион. Уый райгуырд 1912 азы Знауыры районы Дочитыхъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Райдиан скъола каст фæци Аунеуы хъæуы. 1930-1933 азты куыста ахуыргæнæгæй Ленингоры районы Цъинагары хъæуы райдиан скъолайы. 1933-1936 азты ахуыр кодта Тбилисы ирон педтехникумы. Каст æй куы фæци, уæд  ахуыргæнæгæй куыста Аунеуы авдазон скъолайы. 1939 азы Висссарион ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы ахуыргæнджыты дыууæазон институтмæ. Уый фæстæ кусын райдыдта Аунеуы астæуккаг скъолайы директорæй. Виссарионы хæст бахъыгдардта йæ ахуыр адарддæр кæнынæн, фæлæ йын уæддæр 1951 азы бантыст уæлдæр ахуырад райсын Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты, каст фæци литфак.

1941 азы ноябрæй 1946 азы апрелмæ Советон Æфсады рæнхъыты тох кодта фашистон Германы ныхмæ: Украинæ, Молдави, Болгари, Румыни, Югослави, Венгрийы. Афтæ  ма хæцыд милитаристон Японы ныхмæ Китайы Мугден – Харбинырдæм здæхты. Ирон хъæбатыр лæппу хæцын райдыдта курсантæй æмæ схызт батальоны командиры хæдивæджы онг, капитаны цинимæ. 1942 азы апрелæй хæцыд Хъырымы фронты 44-æм армийы 404-æм æхсæг дивизийы политхайады. 1942 азы сентябрæй уыд Цæгат Кавказы фронты 392 æхсæг дивизийы ротæйы политхайады командиры хæдивæг.

1944 азы январæй Виссарион уыд 3-аг Украинаг фронты 57-æм армийы дивизийы 1310-æм æхсæг полчы парторг. Фашистон Герман йæ лæгæты дæрæнгонд куы æрцыд, уæд капитан Гæбæрайы фырт активон хайад райста Дард Хурыскæсæны Япойнаг агрессорты ныхмæ тохты.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй бирæ хæттыты фыстой фронтон газеттæ æмæ æфсæддон штабы кусджытæ та – сæ бардзырдты.

1944 азы 31-æм июлы 57-æм армийы политхайады хистæр, булкъон Цинев фыста: «Æмбал Гæбæрайы фырт 1944 азы мартæй фæстæмæ службæ кæны 315-æм æхсæг полчы. Фыдыбæстæйон фронтты хайад исы 1942 азы январæй. 1942 азы ноябры рог цæф фæцис. Куы сдзæбæх, уæд фæстæмæ æрбаздæхт йе ‘фсæддон хаймæ. 1944 азы апрелæй 1944 азы маймæ полк размæбырсæн тохтæ куы кодта, уæд æмбал Гæбæрайы фырт батальоны сконды хайад иста карз тохты. 1944 азы 23-æм майы Арбузовкайы хъæу бацахсыны сæрыл тохты рæстæджы батальоны командир куы фæцæф, уæд æмбал Гæбæрайы фырт, парторг уæвгæйæ, командæ кæныны хъуыддаг райста йæхимæ æмæ ныхмæлæууæджы тыхджын контратакæтæ фæстæмæ аппаргæйæ, командæкæнынады бардзырд сæххæст кодта йæхæдæг».

Стыр хъайтардзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыста уыцы тугкалæн тохты, уый тыххæй Гæбæраты Виссарион хорзæхджын æрцыд «Сырх Стъалыйы» орденæй. Ныфсхаст командир уыд Виссарион, æууæнкджын, йæ хъуыддагыл æнувыд, раст уымæ гæсгæ йæ сæвзæрстой батальоны парторгæй дæр. Уый йæхи цæстæй федта, немыцаг тыхæйисджытæ Советон горæт-æ æмæ хъæутæ куыд ныппырх кодтой, зæххы æмвæз сæ куыд скодтой, адæмы æгъатырæй куыд цагътой, уацары сæ куыд кодтой, уыдæттæ. Милуангай æндæр хъæбатыр хæстонтау Виссарион дæр йæ маст иста знæгтæй, æгъатырæй  куынæг кодта немыцаг лæгбирæгъты.

1944 азы 3-æм сентябры  57-æм армийы политхайады хистæр йæ бардзырды фыста: «1944 азы 25 августæй 27 августмæ Молдавийы ССР Минжиры хъæуы цур ныхмæлæууæджы къордыл не ‘фсæдтæ куы æрхъула кодтой, уæд уыцы къорд ныддæрæн кæныны тох-ты хайад исгæйæ, æмбал Гæбæрайы фырт равдыста иттæг лæгдзинад. 1944 азы 26 августы знаг æрхъулайы цæг атонынмæ куы хъавыд æмæ контратакæйы куы рацыд, уæд Гæбæрайы фырт, батальоны хæстон уæвгæйæ, йæхи сæрмагонд цæвиттонæй разæнгард кодта хæстонты æмæ командирты контратакæтæ фæстæмæ аппарыны хъуыддаджы. Иу боны мидæг æхсæг ротæты йæхæдæг дыууæ хатты акодта атакæты. Æмбал Гæбæрайы фырт уыцы тохты автоматæй йæхæдæг скуынæг кодта 22 немыцаг салдаты, 11 салдаты та уацары ракодта. Хъæбатыр хæстон аккаг у, цæмæй хорзæхджын æрцæуа «Фыдыбæстæйон хæсты» II къæпхæны орденæй».

Дунайы фурдæн фаллаг фарс немыцæгтæ сæхи æрфидар кодтой æмæ афтæмæй полчы хæстонтæн размæ цæуынæн фæндаг нал лæвæрдтой, æхс-той сæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй. Æвæстиатæй хъуыд немыцæгты уырдыгæй фæсурын. Советон æфсæддон хæйттæ хизын райдыдтой фурдæн фаллаг фарсмæ. Уыцы хъуыддаг афтæ æнæнхъæлæджы уыд æмæ немыцæгтæ фергъуыйау сты, фæлæ уæддæр сæхи нæ лæвæрдтой. Карз тохты фæстæ ныхмæлæуджытæ сырд æрцыдысты блиндажтæ æмæ акъоппытæй. Райсомырдæм плацдарм бацахстой советон æфсæддон хæйттæ, фæндаг байгом æмæ полчы хæстонтæ размæ абырстой. Ацы хæстон операцийы стыр хайбавæрд уыд ирон хæстонæн. Æмæ ахæм хæстон эпизодтæ та афтæ бирæ уыдысты йæ хæстон фæндагыл æмæ уыдоныл иу уацы æрдзурæн нæй. Уыцы тæссаг цаутæ иууылдæр лæууыдысты Виссарионы зæрдыл йæ амæлæты боны онг.

1944 азы, фæззæджы Гæбæраты Виссарионы ахуыр кæнынмæ арвыстой Ленинграды æфсæддон-политикон ахуыргæнæндонмæ. Каст æй куы фæци, уæд æрвыст æрцыд япойнаг империалистты ныхмæ хæсты фронтмæ. Бирæ сты Гæбæрайы фырты сгуыхтдзинæдтæ Райгуырæн бæстæйы раз, адæмы раз. Стыр уыд йæ тохы фæндаг. Уый ма хæцыд Керчы, Цæгат Кавказы дæр. Æппæт уыцы карз тохты æхсардзинад кæй равдыста, уый тыххæй капитан хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæйон хæсты II-аг къæпхæны», Румыны Ясс-Кишины æрхъулайы тыххæй, цæугæдон Бугы форсировкæйы тыххæй «Красная звезда»-йы ордентæй, «Кавказ бахъахъхъæныны», «Германыл фæуæлахизы» æмæ «Японыл фæуæлахизы» майдантæй. Стæй фæсхæст та – «20 лет победы ВОВ», «50 лет ВС СССР»-ы майдантæй.

Гæбæраты Виссарионæн йæ тохы фæндаг куыд стыр уыд, афтæ стыр уыд йæ цардвæллойы фæндаг дæр. 1946 азы капитан Гæбæрайы фырт Советон æфсадæй куы æрыздæхт, уæд куыста Хуссар Ирыстоны Рухсады хайады инспекторæй, Цънелисы астазон скъолайы директорæй. Уый фæстæ та  куыста Знауыры районы Нулы хъæуы астазон скъолайы. Фæлæ йæ хæстон цæфтæ сæхион бакодтой æмæ йæ бахъуыд хъомыладон куыст ныууадзын. Кусын райдыдта хъæды базарады директорæй. 1959-1968 азты та уыд Цхинвалы колхозон базары директор. 1968-1985 азты та – Цхинвалы Культурæйы хæдзары директор.

Йæ цардæмбал Сиукъианимæ схъомыл кодтой хæрзæгъдау кæстæртæ – æртæ чызджы æмæ иу лæппу, æцæг йæ фырт цалдæр азы размæ æнæрæстæджы ацыд йе ‘нусон бæстæм.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ Гæбæраты Шамелы фырттæ æртæйæ кæй ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Виссарионы хис-тæр æфсымæр Иликъо хæстæй æрыздæхт сахъатджынæй. Иу карз тохы фæцæф йæ галиу цонг æмæ йын бахъыгдард. Йе ‘нгуылдзтæ нал къæдз кодта, афтæмæй фæцард йæ амæлæты бонмæ. Хæствæллад æфсымæртæ хæсты фæстæ сæхи-цæн сарæзтой хæдзæрттæ æмæ амондджынæй цардысты сæ бинонтимæ. Фæлæ 1989 азы райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд æмæ йӕ райдианы Аунеуы хъæуы басыгътой, Иликъо йæ иу къухæй цы хæдзар фæарæзта, уый. 2008 азы августы хæсты та Цхинвалы арты хай баци Гæбæраты Виссарионы хæдзар æмæ йæ бинонты бахъуыд æндæр рæтты цæрыны сæр. Æгæрыстæмæй, йын йæ иунæг фырты дæр йе ‘нусон бæстæм куы фæндараст кодтой, уæд æй рахастой кæйдæр хæдзарæй. Виссарионы бинонтæн кæд куыддæрты сæ хæдзар æндидзыд æрцыд, уый фæстæ, уæддæр Знауыры районы Ауне-уы хъæуы Иликъойы хæдзар абоны онг дæр лæууы пыр-хæнтæй.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг Гæбæраты Виссарион йæ цардæй ахицæн 1993 азы. Йæ фæстæ ныууагъта хорз хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ. Хуыцау зæгъæт, цæмæй уыдон хæст макуыуал феной. Амондджынæй фæцæрæт бирæ азты дæргъы.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.