24-æм октябры уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æвдæм сессийы фыццаг рабадт. Сæрдариуæг ын кодта Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Сессийы куысты райдианы æххæст æрцыд РХИ-йы Паддзахадон Гимн.

Сессийы куысты хайад райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Депутатты раз ныхас кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы рахизын ахæм куыстмæ, кæцы ратдзæн хицауады æппæт къабæзтæн æргомæй архайыны, адæмы фæрныгадæн конструктивонæй кусыны фадат.

«Алчи дæр хъуамæ æххæст кæна йæ куыст, цыфæнды бынат куы ахса,  уæддæр. Æмæ уыцы куыст хъуамæ здæхт уа адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæнынмæ. Адæм алы хатт дæр уæлдæрлæууæг хицауадæй æнхъæл уыдысты æхсæнады уæвæг проблемæтæм сын раст ахаст  кæй уыдзæн. Уымæй дæр Хуссар Ирыстоны проблемæтæ уæлдай ирддæрæй зынынц», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, августы хæсты рæстæджы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон æнæмæнгæй æндидзыд æрцæудзысты. Уый йæ хъусдард аздæхта уымæ, зæгъгæ, цæрæнуæттæ арæзт цæудзысты республикæйы хисæрмагонд æфтиæгтæй.

«Тынг бирæ ис цæрæнуæттимæ баст проблемæтæ республикæйы. Зæгъæм, уыдонмæ хауынц, цы цæрæнуæтты арæзтад  æрурæдтой, уыдон. Уырдæм хауы бирæ хæдзæртты æмбæрзтытæ раивын дæр. Уымæй дарддæр ма, республикæйы ис куысты бынæтты хъуагдзинад. Æмæ уыцы проблемæтæ скъуыддзаг цæудзысты, республикæйы мидæггагон хъарутæй спайда кæнгæйæ, æмæ паддзахады хисæрмагонд бюджет фæфылдæр кæнгæйæ», – бамбарын кодта Бибылты Анатоли.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, абоны бон, уый президенты бынатмæ бацæугæйæ цы баныфсæвæрдта паддзахады мидæггагон æфтиæгтæ иу миллиарды онг фæфылдæр кæныны тыххæй, уый нысан абоны бон къухты бафтыд.

«Фидарæй  зæгъæн ис, уыцы нысан махæн нæ къухты кæй бафтыд, æмæ нын уый æхсызгон у. Мах иууылдæр зонæм, Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци стыр æххуыс кæй кæны, уый тыххæй. Фæлæ, мæнæн мæ бон у афтæ зæгъын, зæгъгæ, Инвестпрограммæ æмæ арæзтад не ‘нтысты фæрцы кæй не сты, фæлæ – Уæрæсейы   æххуысы фæрцы. Кæд мах афтæ саразæм, хисæрмагонд хардзæй райдайæм социалон программæтæ, экономикæйы рæзты программæтæ æххæст кæнын, уæд уыдзæн зæгъæн, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг паддзахад райдыдта размæ цæуын», – загъта Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг ма фехъусын кодта, зæгъгæ, 2018 азы 1-æм январæй РХИ-йы Парламент рахиздзæн профессионалон бындурмæ.

«Парламенты куысты ацы формат сифтонг кæныны тыххæй æнæмæнгхъæуæг финансон фæрæзтæ ныридæгæн хынцыд æрцыдысты. Уыдон æвæрд æрцыдысты бюджеты, æмæ æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ 15 ноябрмæ æнæмæнгхъæуæг гæххæттытæ кæй бацæудзысты Парламенты сæм æркæсын-мæ», – загъта Президент.

Йæ раныхасы ма Бибылты Анатоли хъусдард аздæхта чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн льготон кредиттæ дæттыны тыххæй закъонмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы закъон среализаци кæныны тыххæй финансон фæрæзтæ ссардæуыд. Ацы нысæнттæн 2018 азы бюджеты æвæрд æрцыдысты 20 милуан сомы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы суммæ у республикæйы бюджеты иу миллиард сомы 2 проценты.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз сæ куыстмызд фæфылдæр уыдзæн ахуыргæнджытæн, дохтыртæн æмæ бюджетон кусджыты æндæр категоритæн.

«Куыстмызд фæфылдæр уыдзæн 2017 азы 1-æм январæй, уымæ гæсгæ уыдзæн фæлхыгъдтæ (перерасчеты). Мæ хъуыдымæ гæсгæ уый ныридæгæн  у бæрæг æнтыст. Нырма уый у минималон, фæлæ ацы здæхты куыст не ‘рлæудзæн. Куыстмызд фæфылдæр кæнын плангонд цæуы 2018 азы дæр. Уыимæ паддзахадон службæты куыстмызд фæфылдæр уыдзæн министры хæдивджытæй ныллæгдæр цæгы кусджытæн. Æз дæн уый æвварс, цæмæй министрадты æмæ ведомствоты кусджыты куыстмыздтæ фылдæр кæной къухдариуæггæнæг сконды куыстмыздты æмвæзады онг», – бæлвырдæй загъта Бибылты Анатоли.

Тæрхондонон реформæйы тыххæй дзургæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, 2014 азы цы реформæ райдыдта, уый хъæуы кæронмæ акæнын. «Реформæйы фæдыл ныридæгæн практикон æгъдауæй æппæт закъæттæ дæр æрвыст æрцыдысты Парламентмæ, æмæ æз æнхъæл дæн, сымах кæй æрæвналдзыстут уæ куыстмæ, цæмæй системæйы фæтк æвæрд æрцæуа», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Президент ма хъусдард аздæхта Инвестпрограммæ среализаци кæныны фарстмæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд раздæр уый æххæст цыд 20-25 процентæй, уæд абон та Инвестпрограммæ æххæст æрцыд 85 процентæй.

«Субъективон аххосæгтæм гæсгæ, иуæй-иу объекттæ ахиздзысты иннæ азмæ. Уыимæ, æвзæрстыты фæстæ мах бахатыдыстæм Уæрæсемæ, цæмæй ахæм объекттæ, куыд Комаровы уынг æмæ медицинон-социалон центр хаст ма æрцæуой 2018 азмæ, фæлæ æххæст æрцæуой ацы аз», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

Президенты ныхæстæм гæсгæ,  æххæстгæнæг хицауад йæ разы цы  хæстæ æрæвæрдта, уыдон реализаци цæуынц. Скъуыддзаг цæуынц куысты бынæтты хъуагдзинады проблемæтæ дæр. Скуыста Ленингоры бæгæныфыцæн завод, уыимæ фæзындысты куысты бынæттæ дæр.

«Абон ис продукци среализаци кæныны проблемæ, фæлæ ацы фарст дæр скъуыддзаг цæуы. Махæн нæ къухты бафтдзæн, цæмæй РХИ-йы территорийыл уагъдцæуæг товартыл æвæрд ма цæуой таможнæйон фиддонтæ», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг ма радзырдта, зæгъгæ, ацы аз Национ бангы æфтиагджын хайы паддзахады хай фæфылдæр уыдзæн 30 проценты, æмæ 2018 азæй та –  40 проценты. «Æввахс азты махæн нæ къухты бафтдзæн иууыл къаддæрæй  60 проценты онг. Уый дæр бæрæгæй бандавдзæн паддзахадон бюджет баххæст кæныныл. Куыст цæуы, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы бангтæ ис, уыдонимæ дæр. Уыдонимæ ныридæгæн уагъд цæуынц бадзырдтæ. 2018 азы республикæйы бюджет иу миллиард æмæ æрдæджы онг фæфылдæр кæныны плæнттæн сæххæстгæнæн ис. Æмæ Хицауад дæр æмæ Парламент дæр æппæт дæр аразынц, цæмæй ацы здæхты фæстиуæг къухты бафта», – загъта Бибылты Анатоли.

Бибылты Анатоли йæ раныхасы фæстæ схорзæхджын кодта къорд депутаты æмæ Парламенты аппараты кусджыты кадджын нæмттæ æмæ паддзахадон хорзæхтæй.

Президенты раныхасмæ байхъусыны фæстæ, Парламенты депутаттæ рахызтысты сессийы рабадты боны фæткы сæйраг фарстытыл æруынаффæ кæнынмæ.  Боны фæткы фыццаг фарст уыд «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ‘хсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй Бадзырд сратификаци кæныны фæдыл». Ацы фарст æркæ-сынмæ йæм рахаста Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь. «Махæн, депутаттæн комкоммæ нæ бар цæуы  Донецкы Адæмон Республикæйы банымайыныл, уымæн æмæ æртæ азы размæ, номхуындæй Уæлдæр советы депутаттæ бахатыдысты РХИ-йы Парламентмæ Донецкы Адæмон Республикæ банымайыны тыххæй. Депутаттæ рахæцыдысты йе ‘вварс, æмæ уый фæстæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатолиимæ ацы аз майы мæйы къухтæ æрфыстой Бадзырдыл Донецкы», – загъта Коцты Игорь.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Бадзырд у бындурон документ,  æмæ  уымæ  гæсгæ республикæты ‘хсæн ахастытæ хъуамæ рæзой гъæдджын ног æмвæзадыл, историон æгъдауæй сæвзæргæ бастдзинæдтыл æнцой кæнгæйæ. Бадзырды хынцыд æрцыд политикон, экономикон æмæ культурон къабæзты, афтæ ма æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, зонады, спорты æмæ туризмы фадгуыты стабилон ахастыты дарддæры рæзтмæ тырнындзинад. Бадзырд ма здæхт у, хæстон æрбабырсты рæстæджы агрессийæн ныхкъуырд радтыны æмæ фыдракæндты ныхмæ тохы æмгуыстады иумиаг мадзæлттæ бакусынмæ дæр.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Гасситы Петр, Тасойты Димитр, Диакъонты Амиран æмæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Ацы закъоны проект райсыныл депутаттæ сразы сты æмхъæлсæй.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Олеся æркæсынмæ  йæм рахаста Хуыгаты Илонæ Адмеры чызджы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны сæрдары бынатæй ссæрибар кæныны фарст. Коцты Олеся банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Конституцийы (Сæйраг Закъон) 50-æм статьяйы 21-æм пунктмæ гæсгæ Квалификацион коллеги хорзыл банымадта йæхи куырдиатмæ гæсгæ Хуыгаты Илонæйы фæндон йæ бынатæй ссæрибар кæныны тыххæй.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Сессийы уыд Хуыгаты Илонæ йæхæдæг дæр. Ацы æрбавдыст депутаттæ хорзыл банымадтой æмхъæлæсæй.

Профилон комитеты сæрдар ма æркæсынмæ йæм рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ (Сæйраг закъон) ивындзинæдтæ æмæ уæлæмхасæнтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны проект. Коцты Олеся бамбарын кодта, зæгъгæ, ацы реформæ райдыдта 2014 азы раздæры æрсидты Парламенты рæстæджы, уæд ист æрцыд уæлдæрбанысангонд Конституцион Закъон дæр, кæцымæ хаст цæуынц ивындзинæдтæ. «Депутаттæ иуæй-иу æнæмбæлон цаутæ (несоответствия) кæй банысан кодтой, уый фæдыл мах бакуыстам ацы закъоны проектыл. Уымæ гæсгæ арæзт æрцæудзæн РХИ-йы Уæлдæр тæрхондоны æмæ Арбитражон тæрхондоны ног сконд. Закъоны проектыл дæргъвæтин рæстæджы уынаффæ цыд комитетты рабадтыты, хаст æмæ йыл уынаффæ цыд РХИ-йы Парламенты Президиумы. Афтæ ма йæ фæдыл сайы хæрдзтæ дæр, кæцыты бæрцтæ хъæуы сбæрæг кæнын», – загъта Коцты Олеся.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, депутаттæ Мамиты Инал, Бесаты Зитæ, Диакъонты Амиран æмæ Коцты Жаннæ. Хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæм гæсгæ, депутаттæ фылдæр хъæлæстæй сфидар кодтой ацы закъоны проект.

Иннæ фарстытæ та хаудтой æмгъуыдæй раздæр Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхонгæнджыты Квалификацион коллегийы уæнг Лалыты Залинæйы æххæстбартæ æруромынмæ, æндæр куыстмæ кæй ацыд, уый тыххæй æмæ Годжыцаты Г.Г Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхонгæнджыты квалификацион коллегийы уæнгæй снысан кæнынмæ. Боны фæткы ацы пункттæ дæр уынаффæмæ рахаста профилон парламентон комитет. Дыууæ фарсты дæр ист æрцыдысты æмхъæлæсæй.

Мандатон къамисы сæрдар Бекъойты Геннади æрæвæрдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæзæм æрсидты Парламенты депутат Тасойты Димитры æххæстбартæ æмгъуыдæй раздæр æруромыны тыххæй фарст. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азы 10-æм октябры уагъд æрцыд республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы æнæрадон съезд, цыран ист æрцыд уынаффæ РХИ-йы Парламенты депутат Тасойты Димитры депутатон бартæ райсыны тыххæй. Уый фæстæ, РХИ-йы Парламентмæ парти «Иугонд Ирыстон»-ы Централон комитетæй фыстæг куы æрбацыд, уæд уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты мандатон къамисы рабадт æмæ уый фæстæ Тасойты Димитры депутатон æххæстбартæ æруромыны тыххæй фарст хаст æрцыд сессимæ.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Чилæхсаты Владимир æмæ Гасситы Петр. Ныхасы бар лæвæрд æрцыд Тасойты Димитрæн дæр. Уынаффæйы фæстæ депутаттæ фылдæр хъæлæстæй сфидар кодтой Тасойты Димитры депутатон мандат райсыны тыххæй.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл комитет ма æрбавдыста «Æххæстгæнæн кондады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Коцты Олесяйы ныхæстæм гæсгæ, закъоны проект æрбавдыста Юстицийы министрад, ис ын æппæт æнæмæнгхъæуæг хатдзæгтæ æмæ документтæ, уынаффæ йыл цыд РХИ-йы Парламенты комитеты æмæ Президиумы. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, Юстицийы министрад æххæст кæны алыгъуызон функцитæ, сæрмагондæй, тæрхондонон акттæ тыхæй сæххæст кæнын. Уымæй дарддæр ма, сæххæст кæнынмæ уырдæм бацæуынц органты акттæ, кæцыты амынд не рцæуынц хæсджынмæ ахæм акты халдих лæвæрд æрцыд æви нæ, уый, афтæ ма сфидаргонд æмгъуыдмæ ивар кæй нæ бафыста, уый дæр, кæцы практикæйы æвзæрын кæны бæрæг зындзинæдтæ тæрхондонон приставтæн ацы акттæ æххæст кæныны рæс-тæджы. Тæрхондонон службæмæ æрба-цæуæг органты актты ног нормæтæм гæсгæ, хъуамæ уа хæсджынæн акты халдих лæвæрд кæй æрцыд æмæ Юстицийы министрадмæ ахæм акт æрвитыны рæстæджы ивар фыст кæй не ‘рцыд, уый тыххæй закъонтæ. Уымæ гæсгæ, хъæуы æмбæлон ивындзинæдтæ бахæссын 13-æм статьямæ.

Ацы проекты Закъоны 70-æм статьямæ хастцæуæг ивындзинæдтæ, хынцыд цæуы банг кæнæ кредитон организаци æвæс-тиатæй кæй хъуамæ сæххæст кæна хæсджыны хыгъдтæй æхцайы фæрæзтæ райсыны куыст. Архайгæ редакцийы ацы статья фидар кæны, цæмæй ацы домæнтæ сæххæст кæнын æххæстгæнæн документ бангмæ кæнæ æндæр кредитон организацимæ куы бацæуа, æртæ боны æмгъуыдмæ, æмæ уый та у коррупцион фактор банг кæнæ кредитон организацийæн, афтæ ма у финансон фæрæзтæ райсынæн ныхдур. Бахæсгæ ивындзинæдтæ хауынц закъоны иуæй-иу æндæр статьятæм дæр.

Закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Сессийы куысты хайад райстой Парламенты РХИ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Гобозты Вячеслав, Парламенты Хицауады Æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Андрей, РХИ-йы Президенты Аппараты хорзæхтæ дæттыны хайады кусджытæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.