30-æм январы уыд 6-æм æрсидты РХИ-йы Парламенты æхсæзæм сессийы дыккаг рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Сессийы боны фæткмæ хаст æрцыд дыууæ фарсты – «2017 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект æмæ «Ахуырады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект, кæцы уый размæ ист æрцыд фыццаг бакасты. Депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой сессийы боны фæткы.

«2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъоны проект депутатон корпусмæ æркæсынмæ рахаста Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитет.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта Хæбæлаты Азæ. Сæрмагондæй, Финансты министр банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азæн Паддзахадон бюджеты æфтиагджын хай бæрæг æрцыд 8 миллиард 105 милуан 503,3 мин сомы бæрцæй, Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстонæн цы финансон æххуыс кæны, уый гуырахстытæ хынцгæйæ. Бæлвырдæй, УФ-йы финансон æххуыс у бюджеты æфтиæгты 89,6 % кæнæ 7 миллиард 266 милуан 270 мин сомы. Ацы суммæйæ 4 миллиарды 600 мин сомы сты РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн финансон æххуыс, инвестицион характеры мадзæлттæй дарддæр. 3 миллиард 66 милуан 670 мин сомы та – 2016 азы 28-æм июны редакцийы 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ среализаци кæныны фæлгæтты бюджетон инвестицитæ сæххæст кæныны нысанæн Хуссар Ирыстонæн финансон æххуыс.

2017 азы паддзахадон бюджеты хъалонты æмæ æнæ-хъалонты æфтиæгтæ развæлгъау зонæнтæм гæсгæ уыдзысты 839 милуан 233,3 мин сомы бæрц, кæцы паддзахадон бюджеты æфтиæгты иумæйаг гуырахсты у 10, 4 %. 2016 азы паддзахадон бюджеты бюджетон нысæнттæм абаргæйæ, 2017 азы развæлгъау зонæнтæм гæсгæ хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ фæфылдæр уыдзысты 82 милуан 289 мин сомы, бафтыды темп уыдзæн 10,9 %.

Йæ рады профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ бамбарын кодта, зæгъгæ, комитет анализ сарæзта РХИ-йы бюджетон закъондæттынадæн закъоны проект æмбæлон у æви нæ, уый тыххæй. Коцты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, депутаттæ, сæрмагондæй Бибылты Анатоли фæндон бахаста бæрзондтехнологон медицинон æххуысы хардзон статья 12 милуанæй 15 милуаны онг фæфылдæр кæныны тыххæй. «Уымæй дарддæр ма, Дзауы районы администрацийы фæдыл иуæй-иу хардзон суммæтæ сты æнæбындур, уымæ гæсгæ фæндон бахастæуыд, цæмæй сæ нырма ма ауадзой. Ацы фарстытыл æруынаффæ кодтой Хицауадимæ Финансты министрадыл. Уыимæ иумæ, ис фарстытæ формулировкæты фæдыл, кæцытæ сты 2017 азæн проекты бюджеты. Уый фæдыл, кæд фæндæттæ ис депутатты ‘рдыгæй, уæд ноджыдæр сессийы æруынаффæ кæндзыстæм цы фарстытæ нæм ис, уыдоныл, бахынцдзыстæм сæ æмæ афтæмæй схъæлæс кæндзыстæм ацы закъоны проекты тыххæй», – загъта профилон комитеты сæрдар.

Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны тыххæй пункт бюджеты тексты уæвынадимæ баст ныхмæлæудтытæ аскъуыддзаг кæныны фæндонимæ раныхас кодта Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся. «Мах анализ сарæзтам закъондæттынадæн барадон коллизийы уынаффæ ссарыны тыххæй, уымæ гæсгæ мæ куыд депутат, афтæ мæ бартæй спайда кæнгæйæ, фæнды фæндон бахæссын сæвзæргæ уавæрæй рахизыны варианттыл æруынаффæ кæнын. Сæрмагондæй, дзырд цæуы бюджеты текстон хаймæ ноджы иу уæлæмхас статья бахæссыны тыххæй», – загъта Коцты Олеся.

Фæндон баст уыд документы текстон хаймæ барасткæнинаг бахæссыны фæдыл, кæцы æмбарын кæны уым Уæлдæр Арбитражон тæрхондоны тыххæй рæнхъы уæвынады тыххæй. Сæрмагондæй, нысан æрцыд, зæгъгæ, барадон коллизимæ гæсгæ, Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды комитет фæндон хæссы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет райсыны тыххæй, йæ текстон хайы ивындзинæдтимæ, ахæм мидисы статья йæм бафтаугæйæ: «2017 азæн фидар æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны æмæ Республикæйы Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны финансон ифтонгад уымæ гæсгæ, зæгъгæ: 2018 азы 1-æм январмæ фæлдзæуæн рæстæджы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны Сæрдар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны Сæрдар, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны Сæрдары хæдивæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны Сæрдары хæдивæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Арбитражон Тæрхондоны тæрхонгæнджытæ се ‘ххæстбартæ дарддæр æххæст кæнынц, сæ райдианы (первоначальный) сконды Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондон цалынмæ йæ куыст нæ райдайа, уæдмæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны райдианы сконд (13 тæрхонгæнæгæй) æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондоны (5 тæрхонгæнæгæй) арæзт æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхонгæджыты Квалификацион коллеги, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ;

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Тæрхондоны æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон Тæрхондоны тæр-хонгæнæджы бынатмæ, кæцытæ арæзт æрцыдысты ацы статьямæ гæсгæ, сæ фыццаг сконд аразыны рæстæджы, квалификацион фæлварæн райсын æххæст кæны фæлварæнон къамис квалификацион фæлварæн райсыны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынадмæ гæсгæ».

Депутатты иу хай, кæцытæ æвдисынц парти «Ныхас», «Адæмы иудзинад» æмæ «Адæмон парти»-йы рацыдысты «2017 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъоны текстмæ ацы ивындзинæдтæ бахæссыны ныхмæ.

«Махæн нæй, комитеты рабадты йыл æнæ æруынаффæ кæнгæйæ ацы уæлæмхасмæ æркæсыны бар. Уый у барадон фæтк халын, æмæ æз домын, цæмæй ацы фарст ист æрцæуа боны фæткæй. Бюджет ист ма æрцæуа, уымæн ницахæм бындур ис, ликвидацион мадзæлттæ нæ фесты, уымæ гæсгæ Арбитражон тæрхондон дарддæр функци кæны», – загъта, сæрмагондæй, парти «Ныхас»-ы депутат Бесаты Зитæ.

Депутат Диакъонты Амиран дæр рацыд йæ ныхмæ, æмæ загъта, зæгъгæ, дзырд цæуы æндæр æмæ æндæр закъоны проекттыл. Уыцы иу рæстæджы, уый йæ хъуыды загъта компромиссон уынаффæ ссарыны тыххæй. Йæ рады, Парламенты спикер Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, регламентмæ гæсгæ сессийы рæстæджы алы депутатæн дæр бар ис фæндонимæ раныхас кæнын, кæцыйыл хъуамæ æруынаффæ кæной парламентаритæ.

Коцты Олеся Уæлдæр Арбитражон тæрхондоны куысты закъондзинад комментари кæнгæйæ, бамбарын кодта, зæгъгæ, 2014 азы райсгæ тæрхондонон реформæйы закъонæн ис рæстæгмæйон фæлгæттæ, документмæ гæсгæ æппæт ма-дзæлттæ дæр хъуамæ фæуыдаиккой 2015 азы 1-æм январмæ. «Ацы æмгъуыдтæ хъахъхъæд не ‘рцыдысты. Ликвидацион мадзæлттæ дарддæр кодтой Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, кæцыйæн нæй нормативон характер. Уымæ гæсгæ ацы конституцион закъон аззад барадон быдыры фæлгæтты æддейæ. Æмæ нæ барасткæнинæгтæ та æмбарын кæнынц, Уæлдæр Арбитражон тæрхондоны хæрдзтæ бюджеты цы æгъдауæй хынцыд æрцыдысты, уый. Номхуындæй, уый у закъонон æмæ юридикон æгъдауæй раст», – банысан кодта Коцты Олеся.

Коцты Олесяйы ныхæстæм гæсгæ, ацы барасткæнинæгтæ цæттæ кæныны рæстæджы уагъд æрцыдысты консультацитæ УФ-йы Федерацийы Советы Бюджеты комитет æмæ Закъондæттынады фæдыл комитетимæ, кæцытæ бахæсгæ вариант схуыдтой раст амал сæвзæргæ уавæрæй рахизынæн.

Бибылты Анатоли бафидар кодта, зæгъгæ, УФ-йы Федерацийы Советы юристтæ хорзыл банымадтой консультациты рæстæджы бакуыстгонд механизм, кæцы фадат нæ дæтты ныхмæлæудтытæн РХИ-йы Конституциимæ. «Уæрæсейы Федерацийы ис уæлдай хъæздыгдæр фæлтæрддзинад ахæм коллизитæ скъуыддзаг кæныны тыххæй, уымæ гæсгæ ахæм механизм ис практикæйы», – загъта Парламенты Сæрдар.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Коцты Жаннæ, Плиты Агуындæ, Гæбæраты Юри, Мамиты Инал, Тасойты Димитр æмæ æндæртæ.

Дискусситы фæстæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли хъæлæс кæнынмæ æрæвæрдта депутат Коцты Олесяйы фæндон. 19 депутаты схъæлæс кодтой йе ‘вварс, 2  йæ ныхмæ, 1 депутат та йæхиуыл фæхæцыд.

Уый фæстæ хъæлæс кæнынмæ æвæрд æрцыд «2017 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъоны проект райсыны тыххæй фарст. Ацы закъоны проект райсыны тыххæй схъæлæс кодтой 19 депутаты, 2  депутаты рацыдысты йæ ныхмæ æмæ 1 та йæхиуыл фæхæцыд.

Уый фæстæ Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри парламентаритæм æркæсынмæ рахаста «Ахуырады тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Уый фехъусын кодта, закъоны проектмæ бахæсгæ ивындзинæдты тыххæй, кæцытæ хауынц сæрмагонд ахуырадон уаг-дæтты паддзахадон финанскæнынадмæ.

Гæбæраты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, дæргъвæтин уынаффæйы фæстæ къухты бафтыд кæрæдзи бамбарын, уымæн æмæ кæд паддзахадон скъолаты алы ахуыргæнинагæн дæр бюджетæй хицæн цæуы бæрæг суммæ, уæд аналогон суммæтæ хъуамæ хицæн цæуиккой сæрмагонд скъолаты ахуыргæ-нинæгтæн дæр. Банысан ма æрцыд уый дæр, æмæ фарстыл кæй уынаффæ кодтой æххæстгæнæг хицауадимæ дæр. Йæ рады, Ахуы-рады æмæ зонады министр Гасситы Натали куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æнæпаддзахадон ахуырадон уагдæтты хайгай финанскæнынады тыххæй фарсты равæрдмæ гæсгæ, республикæйы ахуырадон ведомствотæ хъуамæ бацæттæ кæной æнæмæнгхъæуæг хыгъдтæ æмбæлон субсидиты фæдыл. Уыимæ иумæ, министр бахатыд парламентаритæм, цæмæй бахынцой ведомствойы реалон гæнæнтæ æндæр фарсты дæр, кæцытæ хауынц скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæм сывæллæттæ райсыны рæстæджы иууыл кæстæр кар фæныллæгдæр кæнынмæ. «Мах, куыд раздæр, афтæ ныр дæр домæм, цæмæй сывæллæттæ ахуыры кары агъоммæйы уагдæттæм ист цæуой иу аздзыдæй нæ, фæлæ сыл иу аз æмæ æрдæг куы сæххæст уа, уæд. Гæнæн ис, æмæ чысыл сабитимæ бинонтæн баххуыс кæныны тыххæй, мах æркæсæм «Ахуырады тыххæй» Закъоныл нæ, фæлæ æндæр социалон програм-мæйыл. Абон ахуыры кары агъоммæйы уагдæттæ цæттæ не сты ацы ивындзинæдтæм нæдæр финансон æмæ нæдæр ахуырадон программæтæм гæсгæ. Æнæмæнгхъæуæг у æмбæлонæй ахуыр-гæнджыты бацæттæ кæнын, ахæм сывæллæттæн уавæртæ саразын», – загъта Гасситы Натали.

Парламенты Сæрдар, ацы фарст комментари кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, дзырд цæуы æххуысхъуаг бинонтæн баххуыс кæныны тыххæй. «Ныййарджыты бахъæуы иу аз æмæ æрдæгмæ сывæллонимæ хæдзары бадын, финансон зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ. Ног барасткæнинæгтæ фадат ратдзысты мæдтæн куыстмæ раздæр рахизынæн æмæ сæ сывæл-лæтты дарынæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Коцты Жаннæ, Гæбæраты Юри æмæ Къозонты Алан. Ацы фарстыл æруынаффæ кæныны фæстæ, Парламенты Сæрдар фæндон бахаста проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй компромиссон вариант. Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъондæттæн органтæн сæ бон у Хицауадмæ афæдзон фæлдзæуæн рæстæг бавдисын, кæцыйы рæстæджы хъуамæ арæзт æрцæуой æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ иу аз æмæ æрдæгæй къаддæр кæуыл цæуы, уыцы сабиты скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæм райсыны тыххæй. Уый фæстæ, растдæр иу азы фæстæ Парламент бахæсдзæн æмбæлон барасткæнинæгтæ «Ахуырады тыххæй» Закъонмæ.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Сессии сæхгæныны размæ, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли раныхас кодта хъусынгæнинагимæ, парламентон алæвæрдты ахасты æххæстгæнæг хицауиуæгады ‘рдыгæй цензурæ бакæныны тыххæй.

Сессийы куысты хайад райста Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб, хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.