5-æм апрелы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты цыппæрæм сессийы æртыккаг рабадт. Рабадт уагъта Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли. Сессийы куысты хайад райста РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид. Фыццаг раныхас кæныны бар дæр уымæн лæвæрд æрцыд. Президент фехъусын кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Конституцийы 50-æм статьяйы 23-æм пунктмæ гæсгæ, Парламентмæ æрбавдыста РХИ-йы Генералон прокуроры бынатмæ Дзæгъиаты Уырызмæг Фридоны фырты кандидатурæ. Уый фæстæ характеристикæ радта æрбавдисгæ кандидатурæйæн æмæ бахатыд депутатон корпусмæ йе ’вварс рахæцыны тыххæй.

Уый фæстæ раныхас кодта Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коц-ты Олеся. Уый загъта, зæгъгæ, профилон комитет æмбаргæ хъусдард равдыста Президенты æрбавдыстмæ æмæ хорзыл банымадта РХИ-йы Генералон прокуроры кандидатурæйы. Ацы фарсты фæдыл йæ разыдзинад равдыста РХИ-йы Парламенты Президиум дæр. Уый ма йын радта характеристикæ дæр æмæ банысан кодта Дзæгъиаты Уырызмæг Фридоны фырты хъуыддагон æмæ профессионалон миниуджытæ.

Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли депутатон корпусы номæй раарфæ кодта Дзæгъиаты Уырызмæгæн, Генералон прокуроры бынаты йæ кæй сфидар кодтой, уый фæдыл.

Депутатты раз йæ раныхасы РХИ-йы ног Генералон прокурор загъта, зæгъгæ йæ ныфс ис хицауиуæгады æппæт къабазтимæ æнгом æмгуыстад кæнынæй, æмæ парламентаритæн баныфсæвæрдта, зæгъгæ, йæ фæлтæрддзинадæй пайда кæндзæн Президент æмæ Парламенты æрæвæргæ хæслæвæрдтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

Уый фæстæ ногæй ныхасы бар ракуырдта Президент Тыбылты Леонид. Уый депутаттæн радзырдта Уæрæсейы Федерацимæ йæ кусæгон визиты хатдзæгты æмæ фембæлдтыты, фыццаг рады УФ-йы Президент Владимир Путинимæ фембæлды тыххæй. Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, бадзырдты рæстæджы Владимир Путин иу æмæ дыууæ хатты нæ банысан кодта РХИ-йы хицауиуæгады къабæзты æмгуыстад æмæ кæрæдзи-æмбарынады æнæмæнгхъæуындзинад Хуссар Ирыстоны стабилондзинад бахъахъхъæныны нысанæн.

Уый æддейæ ма, УФ-йы Президент æвæрццаг аргъ скодта УФ-йы Паддзахадон Думæ æмæ Федералон Æмбырды Федерацийы Совети-мæ РХИ-йы Парламенты æмархайдæн.

Боны фæткы æндæр фарстытæм рахизгæйæ, депутаттæ æркас-тысты «Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ’хсæн паддзахадон арæны фæдыл Бадзырды ратификацийы тыххæй, кæцыйыл къухтæ фыст æрцыдысты Мæскуыйы 2015 азы 18-æм февралы» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проектмæ. Закъоны проект æрбавдыста æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон ахастыты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Игорь. Æркæсыны рæстæджы депутаттæй бирæтæм сæвзæрдысты фарстатæ, закъоны проектимæ иуæй-иу документтæ кæй нæ уыдысты, уый фæдыл. Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Коцты Олеся, Бибылты Анатоли, Диакъонты Амиран, Бесаты Зитæ, Мамиты Инал, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Къазбулат. Уый фæстиуæгæн депутатты фылдæр хъæлæстæй æрбавдисгæ закъоны проект ист æрцыд фыццаг бакасты.

Ацы комитет ма æркæсынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Луганскы Адæмон Республикæ æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы ’хсæн Æхсæнпарламентон æмгуыстады тыххæй Меморандумы проект. Хъæлæсæппæрсты рæстæджы депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой Меморандумы проекты текст.

Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри æрбавдыста РХИ-йы кадджын нæмттæ сфидар кæныны тыххæй фарст. Хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн парламентаритæ сфидар кодтой уагæвæрдтæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг», «Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг», «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист», «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг», «Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт арха-йæг», «Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг», «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист», «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг», «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист», «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг»-ы тыххæй.

Кадджын нæмтты фæдыл æппæт уагæвæрдтæ дæр депутаттæ хорзыл банымадтой æмхъæлæсæй.

Сессийы куысты хайад райстой Парламенты РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Козаты Мадинæ æмæ Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Гобозты Вячеслав.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.