6-æм декабры уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Президиумы рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Инал. Уый тыххæй хъусын кæны Парламенты информацион-аналитикон службæ.

Мандатон къамисы сæр-дар Бекъойты Геннади уынаффæмæ рахаста вакантон депутатон мандат республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-æй раразмæгонд кандидат Уанеты Æхсарбегæн радтыны тыххæй.

РХИ-йы Парламенты Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдар Харебаты Сергей уынаффæмæ рахаста «Æддагон развæдсгæрсты тыххæй» æмæ «Аварион-ирвæзынгæнæн службæты æмæ ирвæзынгæнджыты статусы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекттæ.

Афтæ ма æруынаффæ кодтой «Физикон культурæ æмæ спорты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проектыл æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны спорты сгуыхт мастер»-ы кадджын ном сфидар кæныны тыххæй фарстыл. Президиумы уæнгтæм сæ æркæсынмæ æрбавдыста Фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл профилон комитеты сæрдар Тедеты  Бахва.

Ист æрцыд уынаффæ ацы фарстытыл РХИ-йы Парламенты радон сессийы дарддæр æруынаффæ кæныны тыххæй.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.