Канд абоны боныл нæ, фæлæ сомбоны рæсугъд цардыл, йæ фæстæ хорз фæд ныууадзыныл æдзухдæр уæхскуæзæй чи кусы æмæ фыдæбон кæны, уыцы адæймæгтæ амондджын вæййынц. Хуры зæрин тынтæ алырдæм сæ хъарм куыд тауынц, æрдзы куыд рæвдауынц сæ рухсæй, афтæ мæм кæсынц ахæм адæймæгтæ дæр. Æрмæст хи уды хæрзæбоны тыххæй æндæрты нæ батавдзынæ, сомбоны цардарæзтад йæ къахыл не слæудзæн. Æрмæст æхсæнад æмæ адæмы хæрзæбонæн чи архайы, уымæн бантысы дзæвгар цыдæртæ, йæ фæстæ ныууадзы йæ кады ном.

Ивгъуыд рæстæг. Цæстытыл ауайынц, колхозон быдыртæ æмæ фосдарды фермæты чи фæллой кодта, уыдон хъазуатон куыст. Нæ сын уыд æрулæфт, æрæнцой, æдзух кусгæ æмæ змæлгæ кодтой. Уыдон се ‘ппæт дæр кады аккаг уыдысты, фæллойы æцæг хъайтартæ. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, уæддæр æмæ уæддæр куысты æнтыст цыфæнды рæстæг æмæ архайды дæр разамонæгæй кæнгæ кæй вæййы. Ахæм арæхстджын, иумиаг хъуыддагыл æнувыд адæймаг уыд Джиоты Мелитон. Уый дзæвгар азты фæкуыста Цъунары колхозы сæрда-рæй. Кæд уæззау æмæ мæгуыр рæстæг уыд, уæддæр уæды хæдза-рад раззагон кæй фæрцы ссис, уыдо-ны фыццæгтæй иу уыд Мелитон дæр.

Джиоты Мелитон райгуырд Цъунары хъæуы 1896 азы мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Мæгуыр рæстæг кæй уыд, уымæ гæсгæ æвзонг лæппуйæн дæр фадат нæ уыд, цæмæй райстаид ахуырад. Цыд фыййау, æххуыс кодта йæ ныййарджытæн дæр алыгъуызон хъæууонхæдзарадон куыстыты.Фæстæдæр, лæппу куы бахъомыл, уæд сфæнд кодта æхсæнадон куысты æрлæууын, æмæ ноджыдæр бинонты къух фæрог кæнын. 21-аздзыдæй æрлæууыд куысты. 1918 азæй 1923 азмæ та куыста Садоны æрзæткъахæны. Фæлæ йæ уæддæр йæхимæ æлвæста райгуырæн къуыммæ уарзондзинад, æмæ æрыздæхт Цъунары хъæумæ. Ивгъуыд æнусы 30-æм азты нæ областы дæр райдыдтой коллекти-вон хæдзарадтæ аразын, æмæ уыцы хъуыддаджы сæхи активонæй равдыстой цъунайраг зæхкусджытæ дæр. 1927 азы ацы хъæуы сырæзт машинæйон æмбалад æмæ йæ схуыдтой «Гутондар». 1929 азы уый бындурыл арæзт æрцыд колхоз «Зиууон», йæ сырæзтыл хъæппæрисондæр куыст чи кодта, уыдонæй иу уыд æрыгон лæппу-лæг Мелитон дæр. Уыцы аз æй арвыстой Тбилисмæ трактористы курсытæм, каст сæ куы фæци, уæд кусын райдыдта йæ райгурæн хъæуы трактористæй. 1930-1935 азты та куыста Сталиниры йæ дæсныйадыл. 1935 азы фæстæмæ æрбаздæхт йæ хъæуы колхоз «Зиууон»-мæ æмæ дзы куыста хынцæгæй, ацы бынаты уыд 1938 азы онг. Мелитоны иузæрдион æмæ æнувыд архайд æнæфæхатгæ нæ фесты уæды областы разамонджытæ, æмæ йæ 1939 азы равзæрстой Цъунары колхозы сæрдарæй. Уым бафæллой кодта 1945 азмæ.

Уæззау уыдысты Стыр Фыдыбæс-тæйон хæсты азтæ. Куыстхъом адæм фæцыдысты знаджы ныхмæ тохмæ, бынаты ма баззадысты зæрæдтæ æмæ æнахъом сабитæ. Фæлæ уæд-дæр, уымæ нæ кæсгæйæ, сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм уыдысты быдыртæ æмæ фосдарды фермæты. Нæ сын уыд æрæнцой æхсæв дæр, уæд та хæстонтæн быдтой хъарм дарæс. Джиоты Мелитон та йæхæдæг йæхи куыстбонтæй хæдтæхæджы эскадрилийы арæзта-дæн бахаста 105 000 сомы. Уыцы диссаджы архайды фæдыл æм Сæйраг командæгæнæг Сталин æрæрвыста арфæйы тел æмæ дзы дзырдæуы:

«Колхозы сæрдар орденхæссæг æмб. Джиоты Хуытисойы фырт Мелитонмæ.

Айс мын мæ арфæ æмæ Сырх Æфсады бузныгдзинад, æмбал Джиойы фырт, Сырх Æфсады уæлдæфон тыхтыл дæ аудындзинады тыххæй. И. Сталин

1945 азы Мелитоны равзæрстой Гоятыхъæуы колхозы сæрдарæй. Йæ арæхстджын разамынды фæрцы ацы колхоз дæр тагъд рæстæджы ссис раззагон хæдзарад. Фæстæдæр, йæхи фæндонмæ гæсгæ кусын райдыдта Ходы хъæуы фæстæзад колхозы. Уым дæр та фæбæрæг сты йæ курдиат æмæ организаторон æв-зыгъддзинæдтæ, колхозонты ‘хсæн сфидар фæллойадон дисциплинæ. Уый фæстиуæгæн колхоз æвдыста зæхгуыст æмæ фосдарды къабæзты хорз фæстиуджытæ. Цалдæр азы фæстæ Ходы колхоз баиу Къостайы-хъæуы колхозимæ, æмæ ахæм егъау хæдзарадæн разамонæг сси Мелитон. Уыцы рæстæджы аразын райдыдтой фермæйы, хордæтты арæзтадтæ. Джиойы фыртæн уыд хорз авторитет районы мидæг, уыд уæды партийы райкомы уæнг æмæ Сталиниры районон Советы депутат. Хорзæхджын уыд Фæллойадон Сырх тырысайы орден æмæ майдантæй. Уыд Æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон равдысты хайадисæг æмæ 1940 азæй та уыд СЦКП-йы уæнг.

Джиоты Мелитон уыд колхозон кондады раззагон æмæ æнувыд раздзог, æмæ мысинагæй баззайдзæн сомбоны фæлтæртæн.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.