Афтæ мæм кæсы, æмæ рæдыд бынтондæр цы хъуыддæгты не ‘мбæлы æруадзын, уыдонæй иутæ сты ирон адæмы кадджын æмæ дардыл хъуыстгонд æгъдæуттæ. Уымæ гæсгæ уыдон æххæст кæнгæйæ æмæ, æгæрыстæмæй, уыдоныл дзургæйæ дæр, адæймаг хæсджын у, цæмæй ма æруадза рæдыд, æххæст сæ кæна афтæ, цæмæй сæ нæ кæстæр фæлтæртæ исой, æрмæстдæр хорз хъомылдзинад, хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинæдтæм чи цайдагъ кæны, ахæм кадджын миниуджытæ. Хъыгагæн, арæх кæд æгъдæуттæ æххæст кæныны  хъуыддагыл батыхсæм, уæддæр нæ цас æмбæлы, уыйбæрц нæ фендавынц, сæ хъомылад куыд æмæ цахæм æмвæзадыл ацæудзæн, уыцы факттæ. Æмæ уый нæу раст. Уымæн æмæ хъуыддаг цæйнæфæлтау куыд æмбæлы, афтæ æххæст ма æрцæуа, исты æнамонддзинад, кæнæ дзы фыдбылыз æрцæуа, фæлтау бынтондæр арæзт ма ‘рцæуæд.

Абон мæн æрдзурын фæнды, чындзæхсæвы рæсугъд æмæ бирæ адæмтæн стыр æхцон-дзинад чи хæссынц, уыцы æгъдæуттæ куыд æххæст фæцæуынц, уый фæдыл. Чындзæхсæвы æгъдæуттæн сæ гæнæнтæ æмæ бартæ фылдæр æмæ уæрæхдæр кæй сты, уый тыххæй ма арæх фæзæгъæм: чындзæхсæв хъæлдзæгдзинад у æмæ чысыл рæдыдæн дæр ницы у. Бирæтæ нæ ахæм хъуыдыйыл хæст кæй сты, уый фæстиуæгæн  чысыл рæдыдтытæ æрхæссынц стыр цухдзинæдтæ æмæ уазджыты адджын къæбæр свæййы æнæад, фысымтæ та фæвæййынц катайаг.

Афтæ чи нымайы, зæгъгæ, чындзæхсæв сæйраджыдæр фидауы чындз æмæ сиахсæй, уыдон сты раст. Уый тыххæй мæ ныхас æз дæр райдайдзынæн уыдонæй.

Чындзæхсæвы фынгмæ чидæриддæр æрцæуы, уыдонæй кæд бирæтæн чындз æмæ сиахс уæдмæ дæр уыдысты хорз зонгæ, уæддæр фынджы цурмæ куы фæзынынц, уæд сæм сæ цымыдис фæдывæр вæййы.  Алчи дæр сæ фæархайы, цæмæй иумæйаг царды фыццаг къахдзæфтæ чи аразы, уыдонмæ бакæса лыс-тæггай, бæстондæр æмæ хуыздæр. О, фæлæ арæх чындз æмæ сиахсы фынгмæ æрбакæ-нынц, уазджытæн се ‘мбисæй фылдæр куы ацæуынц, уæд. Чи ма дзы аззайы, уыдонæн та дзæвгар фæкъаддæр вæййы сæ цымыдисдзинад æмæ фылдæр сæ хъус фæдарынц æндæр цæмæдæрты. Ацы хъуыддаг рараст кæнын комкоммæдæр хауы чызг æмæ лæппуйы бинонтæм, стæй цасдæрбæрцæй хистæр уазæгмæ дæр. Уымæн æмæ кæд дæхимæ райстай ахæм хæс, уæд æмбæлы, цæмæй æппæтмæ дæр дарай дæ хъус. Чызг æмæ лæппуйы бинонтæ та фæндвидарæй домой, ног хæстæджытæ иумæ цы фарстытæ аскъуыддзаг кодтой, уыдон æмбæлонæй æххæст кæнын. Æцæг у, фылдæр хатт чызджы йæ хæдзарæй ракæнынц афоныл, æмæ йæ бакæнынц, адæм æм кæм æнхъæлмæ кæсынц, уырдæм нæ, фæлæ æндæр рæттæм. Нæ фæтæрсдзынæн мæ ацы дзырдтæ зæгъы-нæй дæр, бакæнынц æй, кæдæм не ‘мбæлы, нæ фыдæлтæ чындзæхсæвы рæстæджы хъуыды дæр кæдæм никуы акодтаиккой, ахæм бынæттæм.

Æз разы нæ дæн, цæмæй æвзонг адæймæгтæ сæ иумæйаг царды фыццаг къах-дзæфтæ райдайой уæлмæрдтæй. Уымæн æмæ уæлмæрдæй ничи рахæссы, хорз, амондджын цардæн ахъаз чи у, ахæм хъуыдытæ æмæ æн-къарæнтæ. Раст у, уым чи ис, уыдон махæн не ‘ппæтæн дæр сты мысыны æмæ кад кæныны аккаг, фæлæ сæ хъысмæт у скъуыддзаг: исты сын хорзæй фæуæм, уый дæр нæ бон нал у, исты сæ æрдомæм, уый дæр. Æвзонг цардæм-бæлттæн та сæ разы лæууы стыр цардуагон хъуыддæгтæ, уыдон аразын æмæ сæ æххæст кæнын æнцондæр уыдзæн æрмæстдæр хорз æнкъарæнтæ, хъуыдытæ æмæ зæрдæйы уагимæ. Æвзæнгтæн уæд райдайы сæ иумæйаг, дæргъвæтин цард æмæ сын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзæн фадæттæ, цæмæй мысой æмæ кадимæ хъуыды кæной, абон не ‘хсæн чи хъуа-мæ уыдаид æмæ чи нал ис, уыдоны рухс нæмт-тæ. Ацы фарсты тыххæй стырдæр азым æм-бæлы хистæр уазæгмæ – чындз æмæ сиахсмæ тынгдæр кæм æнхъæлмæ кæсынц, фыццаг сæ кæнын хъæуы уырдæм.  Хистæр уазæг йæ ацы хæс куыд æмбæлы, афтæ  куы æххæст кæна, уæд, уырнинаг у, куыд чындзæхсæвмæ æрцæу-джытæ, афтæ райгондæй баззайдзысты чындзæхсæв аразджытæ дæр.

Нæ адæм рагæй фæстæмæ чындзæхсæвы рæстæджы пайда кодтой æхсæнгарзæй, ома, уымæй æвдыстой сæ æгæрон цин æмæ уæлæмхас æнкъарæнтæ, фæлæ уый хæсгонд кæмæн уыд, уыдон чындзæхсæвмæ æрцæуæг адæмы уынгæ дæр нæ кодтой, уыдысты хибар ран æмæ-иу чындз машинæйæ куыддæр йæ къах зæххыл авæрдта, афтæ-иу кæцæйдæр райхъуыст цалдæр гæрахы. Хъыгагæн, уыцы бæрнон лæджы æнæмæт æмæ уæлæнгай ахасты аххосæй æрмæст мæгуырау цаутæ нæ, фæлæ ма æрцыд æнамонды хабæрттæ дæр. Ныр та арæх чындз æмæ сиахсы уæлхъус, куы чи фелвасы æхсæнгарз, куы та – чи æмæ… Чындзæхсæвы фынгы фарсмæ бадджытæй бирæтæ, æхстытæ æнæнхъæлæджы кæмæн вæййынц, уыдон афтæ фесхъиуынц, æмæ би-рæ рæстæджы се ‘муд цæугæ дæр нал æркæнынц, кæйдæрты бахъæуы медицинон æххуыс дæр. Уымæй дарддæр ма арæх, адæм кæм фæбадынц, уыцы агъуыстытыл æрцæуы материалон зиæнт тæ дæр.

Чындзæхсæвы рæстæджы милицийы кусджыты хъусдард кæй бахъæуы, уый дæр у худинаг, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, чындзæхсæвы фæткхалджытæм сæ ахæм митæ кæсынц лæгдзинадау. Цыфæнды уавæрты æмæ хъуыддæгты рæстæджы дæр паддзахад æмæ мидхъуыддæгты министрады разамонджыты раз макуы хъуамæ сафæм не ‘ууæнкдзинад.

Нæ зонын æмæ йæ нæдæр æмбаргæ кæнын, адæймаг цæмæн æмæ цæй тыххæй хъуа-мæ баназа уыйбæрц, æмæ мацыдæр зонгæ кæна, мацыдæр æмбаргæ, мауал дзурынæн уа, мауал йæ хæдзармæ ацæуынæн. О, фæлæ сæ уæддæр нæ ферох вæййы йедзаг агуывзæмæ къух бадаргъ кæнын, йæ райсын. Фынгы фæстæ цæуынæн мауал уай, хæссæгау дæ акæной, уый худинаг у, фæлæ, æвæццæгæн, æнхъæлынц, сæхæдæг куыд ницыуал фæуынынц æмæ фембарынц, афтæ иннæтæ дæр бакуырм сты æмæ сæ æнæуаг митыл фæсмон дæр нал фæкæнынц. Фыдæлтæй фæстæмæ буц цæмæй уыдыстæм æмæ стæм, уыдонæй иу у, ирон лæг цыфæнды фынгæй дæр æрвонгæй кæй цыд, уыцы хæрзиуæг. Уæдæ абон йæхи ирон чи хоны, уыдон хъуамæ бацархайой, цæмæй ацы хорз миниуæгæй уой хайджын. Æмæ æрмæст хайджын нæ, фæлæ тырной йе ‘ххæст кæнынмæ.

Алкæй чындзæхсæвы кæм вæййын, фæлæ уæддæр кæйдæрты афæрсын, кæмæйдæрты цыдæртæ фехъусын. Никуы хъуыды кæнын, æмæ мын искуы исчи загъта, цы музыкæтæ дзы вæййы, уыдонæй æппæлæн ныхæстæ. Уый хыгъд ма, æгæрыстæмæй, се ‘нæниздзинадæй дæр фæхъаст кæнынц. Музыкæ, дам, дзы ахæм хъæрæй æмæ æнæмбæрстгонд уыд æмæ, дам, мæ сæр цалдæр боны рыст, нал, дам, хъуыстон хъусæй. Ацы факттæ раст кæй сты, уый алкæй дæр бауырндзæн. Уымæн æмæ кæд арæх нæ, уæддæр алчи дæр бахауы ахæм уавæры. Раст нæу, ирон чындзæхсæвты фæстаг азты хъæл-дзæгдзинады сæраппонд æрмæстдæр алыгъуызон музыкалон аппаратурæйæ кæй пайда кæнынц, ирон фæндыр æмæ гуымсæджы кой кæнгæ дæр кæй ничи скæны, уый. Бирæ кæмæйдæрты фехъусын, зæгъгæ, æз мæ чызджы чындзы куы æрвитон, кæнæ мæ фыртæн бинойнаг куы кæнон, уæд ахæм музыкæ æввахс дæр нæ бауадздзынæн. Æмæ уымæй дзурынц раст. Уымæн æмæ ирон фæндыр æмæ гуымсæгæн ирон чындзæхсæвы баивæн ницæмæй ис. Сæйраджыдæр уымæн, æмæ музыканттæ фæбадынц кувæгмæ æввахс.  Кæрæдзи хорз кæй фæуынынц, уый тыххæй сын æгъдау радтын, адæмæн куыд æмбæлы, афтæ балæггад кæныны хъуыддаджы ницы зындзинад вæййы. Ансамблтæ чи баххуырсы, уыдон та сæ арæх ахæм бынаты сбадын кæнынц, æмæ кувæгимæ сæ кæрæдзи уынгæ дæр нæ фæкæнынц. Уый аххосæй искæй кæнæ кувæджы хъыг дарынц, уый хатгæ дæр нæ ракæнынц. Арæх кувæг афтæ смæсты вæййы æмæ, æгæрыстæмæй, федтон мæхи цæстæй,  кувæг музыканттæм афтæ амæсты æмæ кувгæ-кувын йедзаг агуыв-зæ буцтæ æмæ мæстæлгъæдæй зæххыл ныццавта. Кæд, куыд æмæ сæ цы фæфæнды,  уыцы музыкæ фæцæгъдынц. Чындзæхсæвмæ æрцæуджытæ дæр стыхсынц æмæ сæ бадтæй æнæбадт фæвæййынц. Ирон фæндыр æмæ гуымсæгæй цы чындзæхсæвты фæпайда кæнынц, уым та фæбадынц кæронмæ.

Нæ зонын, чи цы зæгъдзæн, фæлæ ма мæн чындзæхсæвы рæстæджы æндавы къухыл-хæцæджы фарст дæр. Сиахсæн кæд ис бирæ æмæ хорз хæлæрттæ, уæддæр, къухылхæцæ-гæй мын рацу, зæгъгæ уый йæ цæсгом алкæмæ нæ фæхъæцы. Уымæн æмæ къухылхæцæгыл æрцæуы бирæ хæрдзтæ, алкæмæн та уыцы фадæттæ нæй. Ахæм рæстæджы арæх сиахс къухылхæцæджы акæны йæхи æхцайы фæрæзтæй, кæнæ та мад æмæ фыдмæ ис æви нæ, уæддæр хъуамæ ссарой. Зæрдæмæдзæугæ нæу уый дæр, æмæ чындзæхсæвы бирæ уæздан æгъдæуттыл æхцайы фæрæзтæ уæлæхох кæнын кæй райдыдтой. Ацы фарст дæр иу æмæ дыууæ лæджы нæ аскъуыддзаг кæндзысты, скъуыддзаггæнинаг та æнæмæнг у. Уымæ гæс-гæ чындзæхсæвгæнæг хæсджын у, цæмæй бацархайа æмæ чындзæхсæвы иуæй-иу хъуыддæгты лæггадгæнджытæ сæхи равдисой уæз-дан æмæ æрхъуыдыджындæрæй.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.