Ацы аз 76-æм хатт адæм æрымысыдысты сæ зынгхуыст хъæбулты рухс нæмттæ. Фыдыбæстæйы хæст… Лæгæвзарæн хæст. Ахæм хъæу, ахæм мыггаг æмæ хæдзар нæ уыд, хæсты цæхæр кæй нæ басыгъта. Фыдæвзарæн рæстæджыты ирон адæм хæсты цæхæрмæ афæндараст кодтой сæ хуыздæр хъæбулты, кæцытæ кад æмæ радæй бахъахъхъæдтой сæ фыдыуæзæг. Уæлахизы стыр бæрæгбонмæ алы аз дæр кадджын мадзæлттæ уагъд цæуынц, сæрибардзинадæн уæлдай аргъ кæм кæнынц, уыцы Ирыстоны алы къуымы дæр.

8 майы, Стыр Уæлахизы 76 азы боны цытæн бæрæгбонон мадзал уагъд æрцыд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр. Мадзал бацæттæ кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси, хъæуы библиотекæйы кусджытæ Джиголаты Заре-мæ æмæ Æлборты Мæдинæ.

1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты æмæ 1989-2008 азты Ирыстоны сæрвæлтау йæ сæр нывондæн чи æрхаста Дменисы хъæуæй, уыдоны номыл арæзт цырты раз æрæмбырд сты хъæуы цæрджытæ, скъоладзаутæ. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Дменисы хъæуæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ Бестауты Радик æмæ Дыгъуызты Мераб, афтæ ма  уæрæсейаг арæнхъахъæнджытæй цалдæр.

Мадзалы хайадисджытæ цырты раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æмырæйы алæугæйæ ссардтой  Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Бæрæгбоны  цытæн арфæйы ныхæстæ ракодта Икъаты Ануси. Абоны æмæ сомбоны фæлтæрæн йæ цæст бауарзта, цæмæй макуыуал феной хæст æмæ цæрой сыгъдæг арвы бын. «Абон ам нæ цуры сты уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ æмæ нæ хъæуккæгтæ, нæ хъахъхъæнджытæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй макуыуал бавзарат хæсты уæззаудзинæдтæ æмæ нæ хæдбар республикæйы сыгъдæг арвы бын цæрат амондджынæй», – загъта Икъаты чызг.

Мадзалмæ æрбацæуджыты раз ма арфæйы ныхæстæ ракодта хъæууон администрацийы сæргълæууæг  Къусраты Анатоли.

Дменисы скъолайы ахуыргæнинаг Джиголаты Аланæ бацæттæ кодта доклад «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйæ», зæгъгæ. Йæ доклады уый дзырдта, хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ советон адæм сæ риуæм-бæрц кæй æрлæууыдысты фашистты ныхмæ тохы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты иумиаг знагыл фæуæлахизмæ йæ уæзгæ хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстон дæр. Советон Цæдисы иннæ адæмтимæ иумæ знаджы ныхмæ уæхски-уæхск тох кодтой Ирыстоны адæм дæр. Алы цыппæрæм цæрæг дæр хæсты азты æрлæууыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты. 22 мин адæймагæй фылдæр тох кодтой алы фронты дæр. Хæсты быдыры уыдон равдыстой диссаджы хъæбатырдзинад.

Цхинвалы районы Дменисы хъæуæй дæр бирæтæ ацыдысты Фыдыбæстæйон хæст-мæ. Ныййарæг мады фæдзæхст сæрыстырæй æххæст кодтой æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд бырстой знаджы ныхмæ æмæ æгаддзинад сæ сæрмæ нæ хастой. Бирæтæ нал æрыздæхтысты сæ райгуырæн хъæумæ.

«Хъæубæстæ нæ рох кæнынц, уæлахиз сын чи æрхаста, уыдоны рухс нæмттæ. Мах нæ зæрдыл дардзыстæм, сыгъдæг арвы бын кæй фæрцы цæрæм, уыцы хъайтарты нæмттæ. Дæсгай азтæ рацæудзæн, нæ фæстæ уыдзæн æндæр фæлтæртæ, фæлæ фашизмыл Стыр Уæлахизы цытæн цыртыты размæ цæудзысты хъайтарты хъæбулы хъæбултæ, уыдон хъæбултæ, цæмæй ма рох кæной æмæ сын сæркъулæй цыт кæной райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыдонæн», – загъта йæ доклады кæрон Джиголаты Аланæ.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæ Лолоты Сергей, Андрей, Хацырты Фатимæ, Джиголаты Амандæ, Аулохты Миленæ æмæ æндæртæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ хæстон темæйыл. Зарæггæнæг Икъаты Ибрагимимæ иумæ скъоладзаутæ азарыдысты хæстон зарæг «Катюша».

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номæй Бестауты Радик раарфæ кодта мадзалмæ æрбацæуджытæн æмæ бузныг загъта йæ организатортæн. Уый ма загъта, зæгъгæ, «рæстæг куыд цæуы, афтæ Фыдыбæстæйы хæсты цаутæ дæр дарддæрæй дарддæр кæнынц. Фæлæ мах хъуамæ ма бауадзæм рох кæнын, нæ фыдæлтæ Германы фашистты ныхмæ хæсты цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уый. Хъуамæ нæ зæрдыл дарæм Фыдыбæстæйы уæлахизы ном чи айхъуысын кодта уыдоны. Мах нæ кæстæр фæлтæртæн фæзминагæн хъуамæ ныууадзæм нæ фыдæлты хъæбатырдзинад.

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.