Мæнгæй нæ дзырдтой нæ фыдæлтæ, фæндаг æмæ дон кæдæм нæй, уым цард нæй, зæгъгæ. Фæстаг азты нæ республикæйы бирæ хъæутæ æрцыдысты ифтонг донæй. Фæлæ нырма дæр ис ахæмтæ, кæцытæ зындзинæдтæ æййафынц доны хъуагдзинады аххосæй.

Знауыры районы Уахтанайы хъæуы цæрджытæ доны хъуагдзинад суанг Советон рæстæгæй нырмæ æвзæрстой. Куыд Ирыстоны æндæр хъæутæ, афтæ Уахтанайы цæрджытæ дæр се ‘мбисыл банцадысты, царды зын уавæрты аххосæй фæлыгъдысты алы рæттæм. Уæд дæр æмæ ныртæккæ Уахтанайы хъæуы цæрджытæ дзурынц сæ риссагдæр фарстыл – доныл. Уый фæдыл хъæуы цæрджытæ фыстæджытæ фыстой, канд районы администрацийы номыл нæ, фæлæ ма Хицауад æмæ Президентмæ дæр. Сæ рис бахъарыд æмбæлон органтæм æмæ августы мæйы æрæвнæлдæуыд донуадзæны арæзтадмæ.

Знауыры районы доны хæдзарады хайады сæргълæууæг Гæбæраты Владислав куыд зæгъы, афтæмæй проект реализаци æрцæудзæнис 2 этапæй. Ацы аз дон уагъд æрцæудзæнис Гомартæй Уахтанайы хъæуы сæрмæ, кæцыйы дæргъ у 3 километры бæрц. Ам донæн цы бассейн арæзт цæуы, уымæн йæ гуырахст уыдзæн 200 тоннæйы бæрц».Уый ма куыд загъта, афтæмæй æрбалæугæ азы та доны хæтæлтæ уагъд æрцæудзысты хъæумæ, ам монтажгонд æрцæудзысты сыхгай доны крантæ. Сæрмагонд хæтæлтæ уагъд æрцæудзæнис скъола æмæ медпункты бæстыхæйттæм. Владислав ма загъта, абоны бон куыстытæн сæ фылдæр хай фæуд кæй у. Иууыл вазыгджындæр уыд, дон кæцæй уадзынц, уырдæм фæндаг айгæрдын. Æнцон нæ уыд техникæйæн 2 километры бæрц фæндаг саразын, къуылымпы кодтой, техникæ арæх кæй хæлд, уый аххосæй. «Доны сæрмæ куы бахæццæ стæм, уæд рабæрæг, 50 миллиметрон доны хæтæл баивын кæй хъæуы 90 миллиметрон хæтæлæй. Уымæн æмæ ам дон разынд æгæр бирæ. Уымæ гæсгæ мах бынаты ныппæрстам æртæ хæтæлы æмæ сæ баиу кодтам кæрæдзимæ. Ныртæккæ фæуд кæнæм бассейны арæзтад дæр. Дон уыйбæрц у æмæ фаг кæндзæнис сыхаг хъæу Терегуанæн дæр», – зæгъы Гæбæрайы фырт.

Бассейны арæзтадыл кусынц 10 адæймаджы бæрц. Уыдон, сæйраджыдæр, сты бынæттон цæрджытæ. Сæ иу Джиоты Пети куыд зæгъы, афтæмæй йæхи цы хъуыды кæны, уымæй сæ хъæуы донхæры æмæ нуазыны донæй ифтонгад кæддæриддæр уыдысты проблемон. Ныр нæм, зæгъгæ, дон парахатæй уыдзæнис æмæ раздæр йæ райгуырæн хъæумæ зивæггæнгæ чи цыдысты, уыдон ныр арæхдæр цæудзысты.

Уахтъанайы хъæуы цæрæг Бязырты Заирæ та афтæ загъта: «Хæдзарон æфсинтæ хорз зонынц, доны хъуагдзинад цас зындзинæдтæ хæссы. Дон æрмæст нуазын æмæ хæринаг аразынæн нæ хъæуы. Дзаумæттæ æхсыны афон-иу катай кодтон. Ныр нæм тагъд дон кæй æрхæццæ уыдзæнис, уый мæ уырнгæ дæр нæ кæны».

Уæдæ, тагъд Уахтъанайы хъæуы цæрджытæ аиуварс кæндзысты сæ иууыл риссагдæр проблемæ. Знауыры районы администрацийы куыд зæгъынц, аф-тæмæй Уахтъанайы хъæумæ арæзт æрцæудзæнис фæндаг дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.