Цалдæр боны фæстæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон телекомпани «Ир»-ы райдайдзæнис телеконкурс «КАFТ». Йæ аразджытæй сæ иу Мамиты Гриимæ фембæлд нæ уацхæссæг. Дæлдæр мыхуыр кæнæм сæ ныхас.

– Куыд æмæ уæм кæд фæзынд ахæм ралæвæрд саразыны    хъуыды?

– Адæймаг цы куыст фæуарзы, уым æм алыгъуызон хорз хъуыдытæ дæр æнæ æрцæугæ нæ вæййы. Махмæ дæр Бестауты Юляимæ кафты конкурс ауадзыны   хъуыды фæзынд иу азы размæ. Цалынмæ бæстон нæ банкъардтам, нæ фæнд æххæст æрцæудзæнис, уæдмæ нæ хъуыды не ‘ргом кодтам.

– Фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй ма кæимæ ныхас кодтат?

– Райдианы  нæ телеуынынады разамындимæ. Æвæрццаг дзуапп куы райстам уæд, цæмæй нæ фæнд æххæст æрцыдаид уый тыххæй фембæлдыстæм Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ зонады министрады, парти «Иууон Ирыстон» æмæ горæты разамындимæ. Уыдон дæр рахæцыдысты нæ хъуыдыйы фарс, бакодтой нын материалон æххуыс, уый тыххæй сын зæгъæм стыр бузныг.

– Бирæтæ цымыдис кæнынц, зæгъгæ, конкурсы хайад чи исдзæнис?

– Нæ адæм æвзыгъд сты кафынмæ. Уый ноджы тынгдæр фæбæрæг фæстаг цалдæр азы. Дзæвгар фæхуыздæр, ирон кафт æххæстгæнджыты арæхстдзинады æмвæзад. Уырны мæ нæ конкурс телекæсджыты зæрдæ кæй барухс кæндзæнис. Хайад та дзы исдзысты алы кары æмбæстæгтæ дæр.

– Æмæ уый цас раст у, кæстæр æмæ хистæр кары адæймæгтæ хайад исой иу конкурсы?

– Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уый раст у. Уымæн æмæ жюрийы уæнгтæ, телекæсджытæ адæймагæн нæ аргъ кæндзысты, фæлæ кафæг йæ кафт куыд сыгъдæг, аив æмæ рæсугъд сæххæст кæна, уымæ. Хистæр кары æмбæстагмæ ис фылдæр фæлтæрддзинад, фæлæ гæнæн ис æмæ æвзонг йæ кафт сæххæст кæна хистæрæй рæсугъддæр æмæ хуыздæр. Уый тых-хæй курæг стæм, цæмæй нæ конкурсмæ æрбацæуой æмæ дзы хайад райсой, кафын чи уарзы, чи арæхсы уыдон, алы кары адæймæгтæ дæр.

– Цахæм кæфтытæ æххæст кæндзысты конкурсы хайадисджытæ?

– Кафты сусæгдзинæдтæ чи æмбары, уыдонæй алчи дæр фæзæгъы, зæгъгæ, алы адæмты     кæфтытæ дæр сты цымыдисон, фæлæ ацы конкурсы йæ хайадисджытæ æххæст кæндзысты æрмæстдæр ирон кæфтытæ.

– Жюрийы уæнгтæ та чи сты?

– Уыдон иуылдæр сты, йæ цард ирон кафтимæ чи сбаста, иттæг хорз æй чи зоны æмæ йын стыр аргъ чи кæны, ахæм адæймæгтæ. Чи сты уый та фехъусын кæндзыстæм æрмæстддæр конкурсы хæдразмæ. Конкурс хъуамæ ацæуа сыгъдæг, æмбæлон æмбæзадыл. Сæйраг хорзæх райсдзæнис аккагдæр кафæг.

– Гæнæн уыдзæнис æмæ конкурсы хицæн адæймæгтæй дарддæр хайад исой кафджыты къордтæ дæр?

– Алы конкурсон номыр дæр æххæст кæндзæнис æрмæстдæр иу архайæг, фæлæ гæнæн ис æмæ уымæн æххуыс кæной цалдæр адæймаджы, фæлæ уыдон конкурсы хайадисджытыл нымад нæ цæудзысты.

– Конкурс цас рæстæг ахæсдзæнис?

– Ноябры райдианы цалдæр боны рахицæн кодтам æвзарæрæн турæн. Уый фæстæ та, æххæст кæнын райдайдзыстæм конкурсы номыртæ. Конкурс фæуыдзæнис ног азы рбалæуды хæдразмæ.

– Конкурс уагъд куыд цæудзæнис?

– Алы конкурсон бон дæр уагъд цæудзæнис комкоммæ эфиры. Кæй зæгъынæй хъæуы, жюрийы уæнгтæ алы хайадисæджы кафты тыххæй дæр зæгъдзысты сæ хъуыдытæ, фæлæ уæлахиздзауы   фарст скуыддзаг кæндзысты сæйраджыдæр телекæсджытæ. Уыдонæй алкæй бон дæр уыдзæнис, цæмæй сиса йæ телефон, фæдзура æмæ зæгъа, йæ зæрдæмæ кæй кафт тынгдæр фæцыд, уый ном. Фылдæр кæй тыххæй æрбадзурой, уый нымад æрцæудзæнис конкурсы уæлахиздзауыл.

– Цахæм хорзæхтæ æнхъæлмæ кæсы конкурсы фæуæлахизуæвæгмæ?

– Фæуæлахизуæвæгмæ æнхъæлмæ кæсы иу хорзæх – лæвæрд ын æрцæудзæнис сæдæ мин сомы.

– Конкурсæн йæ сомбон та цахæм уыдзæнис?

– Развæлгъау ныфсытæ æвæрын мæ нæ фæнды, фæлæ банысан кæндзынæн уый æмæ Ирыстон абоны хуызæн сæрибар никуы у, æппæт фарстытæ дæр скъуыддзаг кæнæм нæхæдæг. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы у раппæлинаг хъуыддаг æмæ нырæй фæстæмæ æрмæст ахæм конкурс нæ, фæлæ араздзыстæм æмæ уадзыстæм æндæр конкурстæ дæр.

– Цы у йæ нысан ацы конкурсæн?

– Ахæм конкурсы руаджы стырдæр цымыдис æвзæры ирон национ кæфтытæм, кафты аивадмæ. Хъал æмæ тыхджындæр кæны патриотон æнкъарæнтæ. 

  ГÆЗЗАТЫ Иван   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.