Мамсыраты Темырболат – 175 азы

Ирыстон æмæ ирон адæмæй æнæрæвдыд кæй баззад, уый зæгъын фаг нæу – зонгæ дæр æрæгмæ куы бакодтой йæ раттæг ирон адæм, сæ фыццаг поэт кæй уыд, уый. Æниу æй, цалынмæ Ирыстоны уыдис, уæдмæ уадиссаг чи зыдта йе мтуг, йе мыстæг адæмæй. Ирон адæмы иу хайы æцæгæлон бæстæм цы хъысмæт ахаста, уый дæр фæцис уыцы хъысмæты амæттаг. Æниу растдæр уаид афтæ зæгъын, йæ мадыфсымæры сайдвæстаг политикæ æви позицийы азар баййæфта нæ фыццаг поэт Мамсыраты Темырболаты дæр. Йæхи нæ фæндыдис, афтæмæй.

Темырболатæн йæ фыд Осман хъæздыг, фæрæзджын лæг уыдис, æлдарыл æй нымадтой йæ рæстæджы. Осман дæргъæвсаг уыд, фæлæ йын инæлар Ермолов зæххы хай радта Джызæлмæ хæстæг æмæ Дæргъæвсæй уырдæм ралыгъд цæрынмæ, йемæ ракодта йæ дæлбар адæмы дæр.

Цалдæр азы размæ дæр ма дзырдтаг æмæ дызæрдыггаг уыдис Тымырболатæн йæ райгуырды рæстæг дæр. Фыццаг ирон профессор Æлборты Барысби Темырболаты райгуырды азыл нымадта 1843 аз. Гæдиаты Цомахъ та фидарæй лæууыд, нæ фыццаг поэт 1845 азы гуырд кæй уыд, уыцы позицийыл. Æмæ фæстæдæр алыгъуызон къухфыст документтæм гæсгæ куыд сбæлвырд, афтæмæй Цомахъ раст разынд. Цæгат Ирыстоны Централон Паддзахадон архивы æлдар Мамсыраты Османы тыххæй ис ахæм документ:

«В Комитет, учрежденный для разбора личных и поземельных прав туземцев Военно Осетинского округа Тагаурских алдар:

прапорщика Османа, юнкера Бола, Умара, Боруко, Тасо, Пшемахо, Заурбека, Асламбека и Елбуздуко Мамсуровы

ПРОШЕНИЕ

Представляя при сем родословные наши росписи, покорнейше просим оный Комитет

утвердить нас в алдарском достоинстве и в том выдать каждому особый документ. 30 мая, 1859 года.

К сему прошению просители Осман, Бола, Умар, Боруко, Тасо, Заурбек, Асламбек и Елбуздуко

За них и за себя подписал Пшемахо Мамсуров».

Ацы куырдиатимæ ма архивы ис æндæр уæлæмхасæн документ дæр, кæцы бæлвырд кæны, Османы сывæллæттæй 1859 азы 30 майы кæуыл цал азы цыдис, уый. Хистæр фырт Дзамболатыл сæххæст 20 азы, астæуккаг Темырболатыл – 14, кæстæр Хъамболатыл та – 8 азы.

Уæдæ махæн нæ къухы æндæр документ кæнæ бæлвырдгæнæн нæй, Темырболат 1845 азы гуырд кæй у, уыцы факты ныхмæ кæй æрæвæрæм.

Уыцы куырдиат ныффыссынæй иу афæдзы фæстæ Кавказы хæстон хицауады уынаффæмæ гæсгæ хъæу хæлд æрцыд æмæ Мамсыраты бинонтæ цæрынмæ ралыгъдысты Брутмæ. 1857 азы Темырболат йæ инæлар мадыфсымæр Къуындыхаты Муссæйы æххуысæй бацыди Петырбухы кадетты скъоламæ æмæ йæ каст фæци корнеты цин райсгæйæ. Уæдæй суанг1865 азмæ, ома Туркмæ алидзыны онг, службæ кодта Чугуевы (ныртæккæ Украинæйы, Харковы районтæй иуы горæтон центр) бæхджын æфсады полчъы.

Паддзахы инæлар Къуындыхаты Муссæ агитаци кодта æрмæст ирон адæмы нæ, фæлæ Цæгат Кавказы хæххон адæмты дæр, цæмæй сæ райгуырæн уæзæг ныууадзой æмæ Туркмæ, «се ‘мдингæнæг æфсымæртæм» алидзой. Уыцы алидзæг адæмимæ уыдис сомбоны поэт  Мамсыраты Темырболат дæр.

Темырболат Туркмæ æбарвæндонæй кæй афтыд, уымæн фыццаджы-фыццаг æвдисæн сты йе ‘мдзæвгæтæ. Ис æндæр бæрæггæнæнтæ дæр. Хъæрджынты Гагуыдзы мысинæгтæм гæсгæ Темырболат нæ разы кодта Туркмæ ацæуыныл, нæ уагъта йæ бинонты дæр, фæлæ йæ мад цæхгæр ныллæууыд: «Æз цæуын ме фсымæримæ æмæ кæй схъомыл кодтон, уыдон дæр мемæ ацæудзысты». 1925 азы, августы мæйы газет «Рæстдзинад» ныммыхуыр кодта Темырболаты хо Азизæйы мысинæгты. Азизæ куыд зæгъы, афтæмæй «Темырболат æвæндонæй бахауд туркаг фæсфæд хъæу Тохъатмæ. Уым фæцард иу-25 азы бæрц, фылдæр агъуысты бадгæйæ. Бадти, куыдта æмæ фыста Темырболат йæ ныййарæг хæхтæм кæсгæйæ. Афтæмæй амарди поэт, йæ райгуырæн бæстæй æнæ цæссыджы хайæ, йæхиуыл та-иу бирæ фæкæугæйæ».

 Иу æнæраст информаци ма нæм уыд Темырболаты цардæй. Куыд Æлборты Барысби, афтæ ма æндæр ахуыргæндтæ дæр бæлвырд кодтой, цыма Темырболат ус не ‘рхаста, æцæгæлон бæстыл æй йæ хъæстæ ныууадзын кæй нæ фæндыд, уый тыххæй. Фæлæ зындгонд журналист Мамсыраты Мурат 1971 азы Турчы куы уыди, уæд ын балæвар кодтой, Темырболаты дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы къамтæ. Алы къамыл дæр ын ныффыстой, чи дзы кæцы у, уый.

Темырболатæн йæ амæлæты аз дæр бæлвырд нæу. Гæдиаты Цомахъ куыд фыссы, афтæмæй Темырболат амард 1898, æндæр ахуыргæндтæ та нымайынц, цыма поэт амард 1899 азы.

Мамсыраты Темырболат фыццаг ирон поэт кæй уыд, уый нæ,  фæлæ искуы ахæм ирон поэт ис, уый дæр нæ зыдтой ирон адæм. Йе ‘мдзæвгæтæ Туркæй Ирыстонмæ  раджы æрхæццæ сты, æгæрстæмæй Октябры революцийы размæ дæр, фæлæ сын сæ авторы ничи зыдта. Йæ иу æмдзæвгæ «Сагъæстæ» йын нымадтой адæмон зарæгыл. 1881 азы йæ Фсеволод Миллер йæ чиныг «Осетинские этюды»-мæ дæр бахаста. Зарæгæн йæ мидисмæ гæсгæ, ахуырдзинад цы ирæттæм уыд, уыдонæй бирæтæ хъуыды кодтой, йæ автор инæлар Къуындыхаты Муссæ кæй у. Фæлæ 1922 азы Дзæуджыхъæумæ æрцыд Муссæйы фырт, Советон Уæрæсеимæ цæдис скæныны фæдыл Турчы миссийы сæрдар Къуындыхаты Бечырби (Бекир-Бей-Сами) æмæ загъта, зæгъгæ, «Сагъæстæ» у йæ фыды хойы лæппу Мамсыраты Темырболаты фыст. Бечырби ма йемæ æрхаста Темырболаты иннæ æмдзæвгæтæй дæр цалдæр. Мыхуыр уыдысты французаг дамгъæтæй. Хъаныхъуаты Иналыхъ сæ рафыста уырдыгæй æмæ сын сæ къопи радта Æлборты Барысбийæн. Фæстæдæр, 1926 азы  Барысби ныффыста чиныг Темырболаты тыххæй – «Первый осетинский поэт Темирболат Османович Мамсуров». Ныммыхуыр ын кодта йе ‘мдзæвгæтæ дæр иронау, уырыссаг æвзагыл дæлрæнхъон тæлмацæй. Иналыхъ кæй сарæзта, уыцы къопийы фыццаг фарсыл фыст ис: «Ирон зарджытæ. Ныффыста сæ   Мамсыраты Темырболат. Турчы, Анатолийы, Батманташ, 1868-1898 азты».

Профессор Æлборты Барысбийы уæлдæрзагъдгонд чиныджы фæстæ Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ фыццаг хатт хицæн чиныгæй рацыдысты уырыссагау Хуссар Ирыстоны чингуыты рауагъдады (1946 азы), Гегелашвилийы тæлмацæй, чиныгæн разныхас ныффыста Биазырты Алыксандр. Нæ фыццаг поэты уацмыстæ мадæлон æвзагыл иууыл-иумæ æмбырдæй фæзындысты æрмæстдæр 1965 азы, уæд дæр – Цхинвалы, «Ирон зарджытæ», зæгъгæ. Чиныг мыхуырмæ бацæттæ кодта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Джусойты Нафи.

Æниу, иууыл-иумæ, зæгъгæ, æгæр хъæр ныхас у – цас бирæ сты æдæппæт иуæндæс æмдзæвгæйы, фæлæ сæ бæлвырдæй зыны сæ авторы æрдзон курдиат, йæ зæрдæйы рыст, йæ æнæкæрон уарзт ирон дзыллæмæ, фыдæлты зæххмæ. Æцæгæлон бæстæм йæ сæр чи фесæфта, уыдонæн уым сæ хал не схауд,сайдвæстаг фесты. Æнæбон, æнæбарæй кæй цардысты, æрмæст уый нæу Темырболаты сагъæсты сæр, йæ уæззау хъуырдухæнты аххосаг. Поэт-патриот æмбæрста, йе ‘мтуг, йе мыстæг адæмæй Ирыстоны, райгуырæн уæзæгыл чи баззад, уыдон дæр бæллиццагдæр уавæры кæй нæ  уыдысты, сæ хъæрзын æм, цыма, хъуысгæ кодта хæдхæцæг паддзахы æфсондзы бынæй: «Нæ ис æмæ нæ бæстæ мах Залымæн ныууагътам, рахастам ма нæ сæртæ». Ахæм риссаг  зæрдæйыуагыл æмбæлæм «Авдæны зарæг»-ы дæр:

Не ‘ннæ дихтæ сæ паддзахæй

Иттæг тыхст дзы куы вæййынц,

Сæ дин, сæ бæстæ, се ‘гъдауæй

Уыдон хицæн куы кæнынц.

Æлборты Барысби куыд фыссы, афтæмæй «Авдæны зарæг» дæр,  «Сагъæстæ»-йау, адæм истой дзыхæй-дзыхмæ, зарыдысты йæ.

Темырболат йæ алыварс цы æнæраст митæ æмæ æгъатырдзинад уыдта, уыдоны ныхмæ æндонвидар кæм уыдаид, æмæ ма-иу уæззау рысты заман йæ фæстаг скаст уыд йæ дин, йæ Хуыцау… Уымæ гæсгæ зын бамбарæн не сты Æмдзæвгæ «Сагъæстæ»-йы мæнæ ахæм рæнхъытæ:

Урс базыл сау цæссыг

Тынгæй-тынгдæр куы цыдис.

…………………………………….

Уæд мæм кæцæйдæр æрдзырдис:

«Уæ! Бæстæй скъуыд, æфхæрд лæг!

Дæуæн куы ис æнхъæлцау, –

Куы йæ зоныс дæхæдæг, –

Дæ дин æмæ дæ хуыцау».

Темырболаты уырныдта, сабыр æрмæст иунæг  Хуыцау кæй у… Поэт йæ царды фылдæр хай æцæгæлон бæстæйы арвыста æмæ хорз зыдта, уым йе ’мбæстаг  адæмæй чи цы гæнæг уыд, уыдæттæ. Йæ инæлар мадыфсымæр Турчы æфсады нымад лæг уыди, стыр паддзахадон бынæттæ ахста. Уымæ гæсгæ Темырболатæн, æфсæддон ахуыр лæгæн, курдиатджын адæймагæн, хорз фадат уыди размæ рацæуынæн, карьерæ скæнынæн. Фæлæ поэт йæ сæрмæ не схаста Турчы æфсады службæ кæнын, æнæуынон ын цы хицауад уыд, уымæн лæггадгæнæгæй ныллæууын. Цардæн, лæгдзинад æмæ адæймагдзинадæн аргъ кæнын зонгæйæ, уый зæрдæрисгæйæ фыссы, лæджы ном цæсты чи ‘фтауы, цардмæ мулчы цæстæй чи кæсы, карьерæйы азарæй йæ намысыл йæ къух чи исы, ахæмтыл («Чъынды лæг», «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг», «Ме ‘мгармæ» æмæ æндæр æмдзæвгæтæ). Иу дины фæрцы кæйдæр зæххыл нæ амонд ссардзыстæм, зæгъгæ, афтæ хъуыдыгæнгæйæ йæ бæстæ чи ныууагъта, уыцы адæм тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахаудысты, ноджы къордтæ, дихтæ ныиисты. Æмæ æппæт уыдæттæ æвдисы Темырболат: кæмæн дзы йæ «цин схызт уæлæмæ», сси «стыр хицау», чи рагъ ыскодта йæ хорæй æмæ йæ нæдæр хæргæ кæны, нæдæр дзы искæмæн дæтты. Иннæтæ «дзугтæ скодтой чызджытæй», «сæ мулк, се ‘хсар, сæ намыс æргом ысси хæрзмæллæг». Аннæтæ систы уæйгæнджытæ:

Худгæ йæхи æвдисы,-

Зæрдæ сау у мидæгæй.

Хи дзы хъæуы хъахъхъæнын,

Куыдзау хæцы сусæгæй.

Сæ тематикæйæ кæрæдзимæ æввахс лæууынц æмдзæвгæтæ «Хæрæг» æмæ «Амонд». Поэт уайдзæф кæны къуымыхзонд æмæ цæстмæхъус адæмæн, чи цы у, уый йæ номæй кæй нæ хонынц, уый тыххæй: «Кæй сисынц уæларвмæ, кæй æркæнынц сæ быны». Голладжы «амонд» мæнг у, бирæ нæ ахæсдзæни, фæлывд адæм абон хуыздæр кæй хонынц, уыцы хæлд голлаг сомбон уæддæр йе ’цæг бынат ссардзæни, чи зоны, къæхтæсæрфæн дæр суа. Ацы аллегорион фæлгонц цæмæйдæрты æнгæс у Крыловы æмбисонд «Голлаг»-ы  персонажимæ. Темырболаты «Голлаг» хуымæтæгдæр у (æниу нæм æмдзæвгæ æнæхъæнæй не ‘рхæццæ æмæ бæлвырд хатдзæгтæ кæнын зын у). Сæйраг хъуыддаг бæрæг у: Темырболат йæхи равдыста дæсны психологæй. Галиумæздæхт дунейы, «сæ зонд цæст кæмæн нæ уыны», ахæм адæмы ’хсæн хорзмæ, раст тæрхонмæ, хуызæнæн уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Гæвзыкк уæвгæйæ бынæттæм, кадмæ, хорзæхтæм чи бæллы, йæхицæй чи феппæлы, иу ахæм «хæрæджы» тыххæй Темырболат зæгъы: «Дæ саргъ куы уаид сызгъæрин, лыг куы уаиккой дæ хъустæ, бæх дæ уæддæр нæ хонин», уымæн æмæ: «Хæрæг йæ сæрæй бæрæг у».

«Голджытæн» æмæ «хæрджытæн» Темырболат сæ ныхмæ æвæры лæджы ном, лæджы фарн. Уыдон ын бæзонддæр сты алцæмæй дæр. Æмæ æрлæууыди мæгуыр фæллойгæнæг адæмы фарсмæ: «Мæнæн мæ фæрæт, мæ цæвæг дæтдзæн, ардзæн мæ кæрдзын».

Раст уыцы азты сæ бæстæн, сæ адæмæн сæ фарны ныхæстæ кодтой нæ иннæ дыууæ разагъды лæджы – Къоста æмæ Секъа дæр. Темырболат, Къоста æмæ Секъайы поэзийы хæстæгдзинады тыххæй фыстой Нафи æмæ Дзуццаты Хадзы-Мурат. Къоста зыдтаид Темырболаты æмдзæвгæтæй цыдæртæ, зæгъы Хадзы-Мурат, уымæн æмæ йын йæ уацмысты уынæм фыццаг ирон поэтимæ æнгæсдзинæдтæ. Зæгъæм, Темырболатмæ: «Къордтæ, дихтæ баистæм» – Къостамæ: «Иугай ныйистæм»; Темырболатмæ: «Сæфы, сæфы нæ фæстаг» – Къостамæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг» æмæ а.д. Ахæм параллельтæ хæссы Нафи дæр Темырболат, Къоста æмæ Секъайы хицæн уацмысты ‘хсæн. Чи зоны, æнгæс рæнхъытæ нæ фыццаг поэттæм сæхи ‘гъдауæй райгуырдысты. Ууыл гуырысхо кæны Хадзы-Мурат дæр: «Сæ дыууæйы дæр сдзурын кодта адæмы трагикон уавæр, уымæ гæсгæ сæ поэзийы сæйраг лейтмотив у хъарæг, сæ дыууæ дæр риссынц æмæ кæрзынц адæмы уæззау рис æмæ æвидигæ хъизæмарæй».

Арæх вæййы афтæ: иу цъитийæ райгуырынц егъау цыхцырджытæ, фæлæ къæдзæхты бын фæхицæнтæ вæййынц, алчи дæр сæ хибарæй фæцæуы бирæ рæстæг, стæй та фæстагмæ уæлзæххыл кæрæдзи ссарынц. Ахæм цъитидæттау у сæ хъысмæт Темырболат, Къоста æмæ Секъайæн. Сæ поэзийæн дæр уымæн ис иу бынат – сæ раттæг адæмы зæрдæйы. Кæд Темырболатæн Къоста æмæ Секъайы бæрц нæ бантыст ирон дзырдаивады, уæддæр уыдонæй раздæр самыдта ирон зарæг. Æмæ уый æнустæм зæрдылдаринаг хабар у.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.