ГАГЛОЙТЫ АЛАН ФЕМБÆЛД ФЫЦЦАГ СÆВЗÆРСТ ПАРЛАМЕНТЫ ДЕПУТАТТИМÆ

29 майы Президент Гаглойты Алан фембæлд фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттимæ, кæцытæ 1992 азы 29 майы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт. Æрæмбырдуæвджытæ иу минут æмырæй алæугæйæ, ссардтой, абоны онг чи нал фæцард, фыццаг сæвзæрст Парламенты уыцы депутатты рухс нæмттæ.

Уый фæстæ Президент раарфæ кодта депутаттæн, 30 азы размæ ахæм ныфсджын къахдзæф кæй сарæзтой æмæ Хæдбардзинад расидыны акт кæй райстой, уый сæраппонд.

«Сымахæй мæ алкæцыйæн дæр фæнды стыр бузныг зæгъын, уыцы вазыгджын рæстæджы ахæм ныфсджын къахдзæфтæ кæй сарæзтат, уый тыххæй. Сымах нын балæвар кодтат абоны бæрæгбон. Ирыстоны паддзахиуæгады рæзтмæ уæ хайбавæрд æгæрон у. Юридикон æгъдауæй уæ политикон къахдзæфтæ афтæ раст сарæзтат, æмæ сæм фау никæцы эксперттæ æрхастой, ницы рæдыд дзы ссардтой. Уыцы уæззау дуджы сымах ахæм стыр хъуыддаг сарæзтат, кæцыйæн нæй саргъгæнæн. Хъыгагæн, нæ абоны фæсивæд æххæстæй нæ зонынц, 30 азы размæ фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ цы зындзинæдты сæрты рахызтысты, цы бавзæрстой, цæмæй нæ абоны фæсивæдæн сæ фидæн сабыр, рæсугъд уа, уый тыххæй. Цæмæй сесси ауадзой, уый тыххæй нæ республикæйы районтæй уыцы тæссаг фæндæгтыл депутаттæ куыд æрцыдысты, æхстытæ æмæ рæмыгъдтыты бын сесси куыд уагътой, уый тыххæй бæлвырдæй нæ зонынц не ‘взонг æмбæстæгтæ», – загъта Гаглойты Алан.

Хистæрты зондамындæй æмæ кæстæрты æххуысæй нæ Райгуырæн бæстæ размæ цы цæуа, уыцы амонд нæ уæд алкæйы дæр», – загъта Президент.

Депутаттæ дæр раарфæ кодтой паддзахады сæргълæууæгæн, ахæм бæрзонд бæрнон бынаты кусын кæй райдыдта, уый сæраппонд, загътой йын æнтыстджын куысты фæндиæгтæ. Бузныджы ныхæстæ йын загътой, сæ архайдæн сын кæй аргъ кæны, кæй сæ æрхъуыды кодта æмæ сæ кæй æрхуыдта, уый тыххæй.

Уый фæстæ радгай ныхас кодтой фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ.

Абайты Зарæ загъта:

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ дзырд «Ныфс» у тынг ахсджиаг. Уымæн стыр нысаниуæг ис. Абон сæйраг у, цæмæй нæ ныфс бацæуа, уый  та дæуæй аразгæ у. Махæй йæ алчи дæр æмбары, абон дуне цы уæззау политикон уавæры ис. Дæ уæхсчытыл цы уæззау уаргъ æвæрд æрцыд, уый дæр æмбарæм. Фæлæ нæ уырны, адæмы фарсхæцынады руаджы дæуæн дæ бон кæй бауыдзæн дæ бæрны уæвæг хæстæ аскъуыддзаг кæнын. Не ‘хсæнад куыд ныддихтæ, уый сусæг никæмæн у, фæлæ нæ ныфс ис, дæ къухдариуæгадæй кæй æрбангом уыдзæн», – загъта Абайты Зарæ æмæ нæ республикæйы размæцыдæн  иууыл тæссагдæрыл банымадта, фæстаг азты нæ республикæйæ æддæмæ бирæ адæм кæй ацыд, уый.

«30 азы размæ райст æрцыд хъысмæтскъуыддзаггæнæн документ – Хæдбардзинад расидыны акт. Политикон-барадон æгъдауæй æппæт нæ закъæттæ дæр æмæ нæ архайд дæр максималонæй раст  уыдысты. Мах къухдариуæг кодтам нæ адæмы фæндонæй, кæцы  бæрæг æрцыд, 1992 азы 19 январы цы референдум ауагъдæуыд, уымæй. 29  майы Хæдбардзинад расидыны акт дæр райст æрцыд уыцы референдумы бындурыл. Банысан кæндзынæн уый дæр, æмæ уыцы уæззау дуджы, уыцы уæззау уавæрты махæй алчи дæр хъуыды кодта, æрмæстдæр, Ирыстоны хъысмæтыл. Уæды рæстæджы цаутыл мæ цæст ахæсгæйæ, мæ бон зæгъын у, æз сæрыстыр дæн, фыццаг сæвзæрст Парламенты депутат кæй уыдтæн, уымæй», – 30 азы размæйы цаутыл дзургæйæ, банысан кодта Кокойты Геннади.

Дарддæр йæ фæндиæгтæ æмæ йæ хъуыдытæ радзырдта Харебаты Леонид.

«Мæн дæуæй ныфс ис, æмæ æвзæрстыты размæйы кампанийы рæстæджы цæуыл дзырдтай, уыдон кæй сæххæст кæндзынæ. Куы сæ æххæст кæнай, уæд махæй, кæд алчи нæ, уæддæр нæ фылдæр уыдзыстæм дæ фарсмæ. Кадрты тыххæй та дын уый зæгъдзынæн, æмæ дæ размæйы президенттæн ныхдуртæ уыдысты, хионмæ гæсгæ цы кадртæ нысан кодтой, уыдон. Фæлæ  сæ ды чи куыд зоны кусын, уымæ гæсгæ куы нысан кæнай, уæд дæ хъуыддаг раст ацæудзæн. Абон нæ республикæйы бæрзондквалификациджын специалисттæн сæ фылдæр æгуыст сты, æмæ кæд дæ ныфс бахæссай æмæ сæ искæйы айсай куыстмæ, уæд дæ цæрæнбон бирæ», – загъта Харебаты Леонид.

Уый ма радзырдта, республикæйы зæххытæ æгуыст кæй сты, уый тыххæй дæр.

«Раздæр адæм лæгдых æмæ галдыхæй куыстой сæ зæххытæ, æмæ-иу иу зæххы гæппæл дæр æгуыстæй нæ баззад. Абон та алыгъуызон хъæууонхæдзарадон техникæйы дуджы Хуссар Ирыстоны хъæздыг зæххытæ æгуыстæй скъутæр сты. Хъæдтæм фæндæгтæ дæр сты æхгæд, нæй сæм бацæуæн. Мæнмæ гæсгæ, уый дæр раст хъуыддаг нæу», – банысан кодта Харебайы-фырт.

Джиоты Павел радзырдта Дзауы районы проблемæты тыххæй, банысан кодта районон газеты рауагъды, курортон зонæ сæндидзын кæныны ахсджиагдзинад.

Медойты Димитр радзырдта 31 азы размæ цы риуылдарæн нысан (значок) æрцыд арæзт «Дыууæ Ирæн – иу зæрдæ», зæгъгæ, уый тыххæй, ома, уæды рæстæджы иууылдæр хъуыды кодтой дыууæ Ирыстоны баиуыл.

«Ацы значок махæн тынг ахсджиаг уыд. Дыууæ Ирыстоны иумæ кæй хъуамæ уой, махæй алчи дæр уыцы хъуыдыйыл хæст уыд, алчи дæр Ирыстоны хъысмæтыл хъуыды кодта. Мах нæ хæдбардзинад сарæзтам, политикон æгъдауæй дæр æмæ барадонæй дæр, куыд æмбæлы, афтæ», – банысан кодта Медойты Димитр æмæ Президентæн балæвар кодта уыцы значок.

Хозиты Петр та йæ хъуыдытæ загъта ма-дæлон æвзаджы тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, Президент йæ хъус куы æрдара мадæлон æвзаджы проблемæтæм, куы сæ скъуыддзаг кæна, нæ мадæлон æвзаг куы уарзæм, куы йыл дзурæм, уæд нæ паддзахад дæр фидардæр уыдзæн.  Уый фæстæ  Президентæн загъта ацы хъуыддаджы æн-тыстыты фæндиæгтæ.

«Мах уæззау фæндæгтыл рацыдыстæм, фæлæ сын бафæрæзтам. Абон æз ахæм хъуыдымæ æрцыдтæн, æмæ  ирон адæймаг нæ тæрсы зындзинæдтæй, мæгуырдзинадæй, æрмæстдæр тæрсы зыгъуыммæдзинадæй, æнæрастдзинадæй. Рæстдзинады фæдыл цу, цы ныфсытæ æвæрдтай адæмæн, уыдоныл кус, æмæ адæм иууылдæр дæ фарсмæ уыдзысты», – загъта Дзиццойты Юри.

Битеты Хъамболаты хъуыдымæ гæсгæ,  æркæсын хъæуы республикæйы арæнтæм. «Нæ зæххæй иу гæппæл дæр дæттын никæмæн хъæуы».

Банысан ма кодта, зæгъгæ, «Уациллайы кувæндоны сæрмæ лæппутимæ иумæ ныффыстам «Цвети, Осетия моя». Махмæ ма уыд ахæм хъуыды, цæмæй ацы ныхæстæм бафтыдтаиккам ныхæстæ «Единая Алания», цæмæй рауадаид: «Цвети, Осетия моя – единая Алания».  Кæд алкæцы Президентмæ дæр бахатыдыстæм ацы фæндоны тыххæй, уæддæр æм абоны онг ничи æрдардта йæ хъус».

Депутаттæ фæндон бахастой, цæмæй зынгæ политикон архайæг, 1990-1993 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы Сæрдар  Хъуылымбегты Торезы ном сæнусон кæныны тыххæй иу уынгæн лæвæрд æрцæуа йæ ном.

Йæ рады Битарты Зоя дæр банысан кодта, 30 азы размæ цы уæззау уавæрты архайдтой депутаттæ, уый, æмæ фæндон бахаста, цæмæй уæды депутаттæй чи цы сарæзта, уый ныффыссой, цæмæй сæ чиныджы рауагъдæуа, уый тыххæй.

Радзырдта ма Цоциты Аланы уæззау уавæры тыххæй дæр. Загъта, зæгъгæ, алчи дæр фæрæдийы, фæлæ «Цоциты Алан Ирыстонæн  хорздзинæдтæ кæй сарæзта, уый дæр рох кæнын нæ хъæуы».

Битарты Зоя ма радзырдта ирон æвзаджы проблемæйы тыххæй дæр.

«Паддзахад æрмæст экономикæйæ нæу. Паддзахад у æвзагæй, аивадæй, культурæйæ, литературæйæ æмæ а.д. иу дзырдæй – национдзинадæй. Уыдон размæ куынæ цæуой æмæ куынæ рæзой, уæд, куыд паддзахад, афтæ фæстæмæ алæудзыстæм. Дыууæ азы размæ университет æмæ зонад-иртасæн институт æвзаджы райрæзты тыххæй сарæзтой программæтæ, фæлæ абоны онг дæр уыцы программæтæм гæсгæ иунæг чиныг дæр нæ рацыд. Сарæзтам зонады райрæзты программæ дæр. Уый дæр йæ бынатæй нæ феггуырст. Зонад æмæ ахуырадмæ иттæг хъус дарын хъæуы. Уыдон махæн куынæ уой, уæд кадртæ дæр нæ бацæттæ кæндзыстæм, уæд фæсивæд дæр нæ райрæздзысты», – банысан кодта Битарты Зоя.

«Кæд нæ фæнды, цæмæй нæ фæсивæд сомбон иронау зоной, уый тыххæй нацийы традицитæ, Хуссар Ирыстоны географийы, йæ историйы чингуытæ рауадзын хъæуы ирон æвзагыл», – загъта Битарты Зоя.

Фембæлды рæстæджы дзырд цыд республикæйы цардархайды алы фадгуыты проблемæтыл дæр æмæ Хæдбардзинад расидыны Актæн сæрмагонд статус радтыны тыххæй дæр.

Дзырд ма цыд Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерациимæ баиу кæныны тыххæй референдумы фæдыл дæр, кæцы  раразмæгонд æрцыд республикæйы раздæры къухдариуæджы рæстæджы. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, референдумы формулировкæйы тыххæй æвзæры фарстатæ. Уый фæдыл хъæуы æмбæлон консультацитæ ауадзын Уæрæсейы фарсимæ.

«Фыццаг хатт референдумы тыххæй фехъуыстам дебатты рæстæджы. Уæд йæ формулировкæ æндæр уыд, абон та бынтон æндæр у. Фарст куы лæууыдаид афтæ:  «Согласны ли вы вступить на правах субъекта в состав Российской Федерации?», уæд æмбæрстгонд уыдаид. Абон та йæ формулировкæ у ахæм: «Вы поддерживаете объединение Республики Южная Осетия и России?» – банысан кодта Гаглойты Алан æмæ хъусдард аздæхта, референдум ауадзынæн цы æхцайы фæрæзтæ бахъæудзæн, уымæ, кæцы республикæйæн слæудзæн 32,5 милуан сомы.

«Йе скондмæ Хуссар Ирыстоны райсынмæ Уæрæсе цæттæ куы уаид, уæд ссарин уыцы æхцайы фæрæзтæ. Мæхæдæг бангæй райсин кредит æмæ сæ стæй исты хуызы фидин», – бамбарын кодта Президент.

Фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ дæр сразы сты паддзахады сæргълæууæгимæ. Уыдон банысан кодтой, референдумы формулировкæ раст кæй  нæу, уый æмæ загътой, зæгъгæ, йæм хъæуы ногæй æркæсын.

Депутаттæ ма дзырдтой уый тыххæй дæр, ома, нал хъæуы референдумтæ ауадзын, уымæн æмæ, зæгъ, республикæйы адæм уый фæдыл сæ хъуыды загътой 30 азы размæ.

Медойты Димитр куыд загъта, афтæмæй «республикæйæн ис æхсæнпаддзахадон хæслæвæрдтæ, цыран дырысæй фыст сты, æхсæнадæмон аренæйы дыууæ фарсы куыд хъуа-мæ архайой, уыдæттæ».

Фембæлды кæрон Гаглойты Алан фехъусын кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Хæдбардзинад расидыны Акты 30-азон юбилейы цытæн Национ банг цæттæ кæны юбилейон монетæтæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.