6-æм октябры уыд Парламенты æстæм сессийы дыккæгæм рабадт. Боны фæткы цы 6 фасты уыд, уыдонæй сæ иу уыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы паддзахадон æмбæстагон службæ кæныны хиæдты тыххæй» РХИ-йы закъоны проект.

Закъоны проект уынаффæмæ рахаста Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентарон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза.

Уый куыд загъта, афтæмæй ацы проектыл уынаффæ кодтой комитеты дæр æмæ президиумы дæр æмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ.

Уыимæ иумæ ма Æлборты Алан дæр банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проектыл куыстой Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ Юстицийы министрадтимæ иумæ.

Уый фæстæ депутатты хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн райст æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы паддзахадон æмбæстагон службæ кæныны хиæдты тыххæй» РХИ-йы закъон.

Закъон бæрæг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады системæйы паддзахадон æмбæстагон службæ кæныны барадон æмæ организацион хиæдтæ. Уый здæхт у дипломатон минæварадты æмæ консулон уагдæтты службæйы хиæдтæ æрбæстон кæнынмæ, кæцы нысан кæны республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады централон аппараты паддзахадон æмбæстагон службæ, республикæйы дипломатон минæварадты æмæ консулон уагдæтты куыст.

Боны фæткы дыккаг фарст та уыд Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты сæрдары бынатæй Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы ссæрибар кæнын, кæцыйыл, куыд банысан кодтой, афтæмæй уынаффæ цыд президиумы рабадты.

Депутатты фæндонмæ гæсгæ, Æлборты Алан сæрибар æрцыд парламентон комитеты сæрдары бынатæй, Парламенты Сæрдарæй йæ кæй сæвзæрстой, уый сæраппонд. Парламенты спикер рахызт Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты персоналон скондæй дæр æмæ Мандатон къамисы скондæй дæр.

Уый фæстиуæгæн фидар æрцыдысты парламентон комитеты æмæ Мандатон къамисы ног скондтæ.

Парламенты спикер Мандатон къамисы ног уæнгæй раразмæ кодта политикон парти «Ныхас»-ы уæнг Уалыты Ибрагимы кандидатурæ. Ацы кандидатурæйы фарс рахæцыдысты депутаттæ се ‘ппæт дæр.

Сессийы дзырд цыд РХИ-йы Национ банчы Директорты советы скондмæ Тедеты Фатимæйы кандидатурæ бахæссыны фарстыл дæр.Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта, Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты Еленæ. Уый  банысан кодта, зæгъгæ,  Тедеты Фатимæйы кандидатурæйы æрбавдыста Национ банг.

«Тедеты Фатимæ банчы сферæйы рагæй кусы. 2012 азæй та у Национ банчы сæйраг бухгалтер, 2013 азы нысан æрцыд банчы Директорты советы уæнгæй дæр æмæ йæ кандидатурæйы тыххæй президиумы рабадты дæр æмæ комитеты дæр уынаффæ куы цыд, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ кандидатурæйы фарс рахæцыдыстæм», – банысан кодта Джиоты Еленæ.

Тедеты Фатимæ депутатты хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн æвзæрст æрцыд Национ банчы ног уæнгæй.

Боны фæткы сæйраг фарстатыл уынаффæйы фæстæ депутаттæ дзырдтой æндæр фарстатыл дæр, уыцы нымæцы Къуайсамæ бензин ласыны проблемæйыл.

Депутат Бæззаты Владимир куыд радзырдта, афтæмæй кæд раздæр Къуыдаргомы цæрæн пункттæм æвæстиатæй ластæуыд бензин æмæ адæм уыцы проблемæйæ нæ тыхстысты, уæд ныр та майы мæйæ фæстæмæ уыцы цæрæн пункттæ бензинæй ифтонг нæ цæуынц æмæ уый аххосæй адæм æвзарынц зындзинæдтæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарсты фæдыл бахатыдысты Дзауы районы къухдариуæгадмæ, кæд сын проблемæ аскъуыддзаг кæнынæй ныфс дæр бавæрдтой, уæддæр абоны бон дæр фарст скъуыддзаг нæма æрцыд.

Банысангонд фарстмæ æркæсын Æлборты Алан бахæс кодта Парламенты Хицауады минæвар Кокойты Зурабæн, цæмæй æркæса ацы проблемæмæ. Загъта йын, цæмæй къуырийы æмгъуыдмæ скъуыддзаг æрцæуа бензины проблемæ.

Сессийы уынаффæ цыд, Цхинвалы районы, горæтæй скæсæнырдæм цы  брондоны полигон арæзт æрцыд, кæцыйыл 2018-2920 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты бахардз 165 милуан сомы, 50 милуан сомæй фылдæр та йыл хъуамæ бахардз кодтаиккой 2020-2022 азты, уый тыххæй дæр. Ацы фарст раразмæ кодта Парламенты вице-спикер Чилæхсаты Владимир.

Уый фарст цæхгæр æрæвæрдта Кокойты Зурабы раз, ома, кæд полигон арæзт у, уæд брæттæ уырдæм цæмæннæ ласынц?

«Кæд нæм арæзт æрцыд брæтты тыххæй полигон, уæддæр уырдæм абоны онг брæттæ нæ ласынц, фæлæ сæ Мæскуыйаг микорайоны сæрмæ кæй ласынц, уый фæстиуæгæн Мæскуыйаг, БАМ, Дыргуис æмæ уыцы брондонмæ æввахс цæрджытæ брæтты æмбыд тæфæй тыхсынц. Уыцы брондон хъæуы сæхгæнын æмæ брæтты та ласын хъæуы, цы полигон æрцыд арæзт, уырдæм», – бахахх кодта Чилæхсаты Владимир.

Горæты цы Зæронд хид ис, уый культурон бынтыл нымад кæй у, уый фæстиуæгæн Парламенты депутат Диакъонты Амиран раразмæ кодта ацы хиды реконструкцийы тыххæй фарст. Уый фæндон бахаста, цæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæныны нысанæн Хицауады, Арæзтад æмæ архитектурæйы æмæ Культурæйы министрадты минæвæрттимæ ауагъдæуа иумиаг æмбырд. Уымæй дарддæр ма депутат загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны культурон бынты объекттæн абоны онг дæр арæзт не ‘рцыд паспортизаци.

Сессийы дзырд цыд Знауыры районы доны хъуагдзинадыл. Депутат Хъотайты Димитр куыд банысан кодта, афтæмæй районы 33 цæрæн пунктæй донæй ифтонг сты æрмæстдæр æртæ хъæуы. Кæд ма цалдæр хъæуы ис дон, уæддæр сын нæ фаг кæны.

«Мах доны проблемæйы тыххæй би-рæ хæттыты бахатыдыстæм районы къухдариуæгадмæ, фæлæ-иу сæ ныфсбавæрд ныхæстæй баззад», – банысан кодта Хъотайты Димитр.

Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны фарст дæр Æлборты Алан бахæс кодта Кокойты Зурабæн.

Сессийы скъуыддзаг æрцыд, цæмæй иумиаг æмбырд ауадзой республикæйы районты администрациты сæргълæуджытæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты разамонджытимæ, æмæ сбæрæг кæной, районты цы фæрæзтæ ис се ‘рвылбонон фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй, фидæн азы планмæ цы мадзæлттæ бахæссой, уый тыххæй.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.