Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Республкæйы тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ æмбырды æрныхас кодта æв-зæрстыты агъоммæ бæстæйы æхсæнадон-политикон уавæрыл. Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хъæуы  æппæт дæр саразын, цæмæй æвзæрстытæ уагъд æрцæуой сабыр уавæрты. «Æз ныфс бавæрдтон мæ адæмæн, мæ куысты мыл бæрн чи æвæрынц, уыцы принциптæй кæй пайда кæндзынæн, æмæ æвзæрстытæм кæй бацæудзынæн сыгъдæг хъуыдытимæ, – загъта Тыбылты Леонид. – Алыгъуызон чъизи технологитæй æз нæ архайын». Тыбылты Леониды хъуыдымæ гæсгæ, алы кандидат нæ хæцы ацы принциптыл, æмæ уый хъыгаг у, стæй æппæрццагæй æндавы æхсæнадон уавæрыл. «Куыд уынæм, афтæмæй  иуæй-иу президенттæм кандиаттæ се ‘взæрстыты агъоммæйы куыст амайынц æрмæст архайæг хицауад æмæ бæстæйы ныхмæ критикæйыл, – банысан кодта уый. Æмæ, зæгъгæ, архайæг хицауад фондз азы дæргъы цы сарæзта республикæйы размæцыд æмæ йæ къахыл слæууыны сæраппонд, уый фенын сæ нæ фæнды. Уымæй уæлдай ма æвзарджытæн уырнын кæнынц, уыцы æмгъуыды фылдæр саразæн кæй уыд, афтæмæй та цæмæй æмæ куыд, уый ничи дзуры. Æмбæрстгонд у, чи кусы, уымæ кæддæриддæр æрхæс-сæн ис фаутæ. Уымæй вазыгджындæр у, уыцы дзурджытæ сæхæдæг дæр исты саразой афтæ, æмæ уыцы фæстиуæгмæ иучысыл хæстæг уæддæр куыд балæууой».

Президент банысан кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад фæстаг фондз азы дæргъы бирæ кæй сарæзта. «Мах сарæзтам, цыдæриддæр саразæн уыди, нæ программæты æвæрд цы уыди, уыдон се ‘ппæтдæр сæххæст кодтам, – загъта Тыбылты Леонид. – Чизоны æмæ кæцыдæр куысты графиктæй  аззадыстæм фæстæ, фæлæ архайæг хицауады цас рæстæг бахъуыд йæ размæуæвæг хицауады проблемæтæ балхынцъ кæнынæн, уый хынцгæйæ, уымæн иттæг хорз ис бамбарæн. Мах куы дзурæм, республикæйы 434 объекты арæзт æрцыд, зæгъгæ, уæд ууыл хъæуы ахъуыды кæнын. Уый стыр нымæц у. Æмæ æз кæддæриддæр дзурын – мах ууыл æрлæууынмæ нæ хъавæм, бирæ ма нын ис саразинаг». Тыбылты Леонид ма тыхон структурæты хъусдард аздæхта уымæ, президенттæм кандидаттæ кæй пайда кæнынц алыгъуызон политтехнологитæй. Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуард йæ фæткхалæн архайдтытæй æргом халы бæстæйы æнцойад æмæ сабырдзинад. «Барадхъахъхъæнæг органтæ хъуамæ равдисой цырддзастдзинад æмæ кæсой, цæмæй Республикæ ногæй ма бахауа 2011-æм азы уавæры. Уыцы рæстæджы Республикæйы цæрджыты æхсæн сæвзæрд карз ныхмæлæуд æмæ адæм уыдысты æмбæстагон хæсты къæсæрыл», – загъта Президент. Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар радзырдта, Мидхъуыддæгты министрад кæй снысан кодта иуцалдæр организацион-профилактикон мадзалы æвзæрстытæ æмæ референдум уадзыны æмгъуыды бонтæм, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уа сабыр уавæрты æвзарæн фадгуытæм æрбацæуыны æмæ сæ равзæрст саразыны фадат. «Фæстаг рæстæджы уыд хи-цæн политикты ‘рдыгæй бафæлвæрдтытæ æхсæнадон-политикон уавæр скарз кæныны сæраппонд, æмæ уый охыл арæзтæуыд æнæсанкцион æмæ æвæтк æмбырдтæ æмæ цыдтытæ экс-президент Кокойты Эдуарды æмæ йæ фарс-хæцджыты ‘рдыгæй. Барадхъахъ-хъæнæг органтæ æппæт дæр сарæзтой, цæмæй уавæр æрнывыл уыдаид», – загъта Лæууойты Æхсар.

Министр фехъусын кодта, зæгъгæ, æввахсдæр рæстæджы барадхъахъхъæнæг органтæ рахиздзысты службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ, 9 апрелмæ президентон æвзæрсытæ снысангонд кæй сты, уый тыххæй. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн  хъуамæ уа сæрибарæй æмæ ахъуыдыгондæй се ‘взæрст саразыны фадат, æмæ раздæрау хъуамæ цæрой сабыр, йæ хæдбардзинад хъахъхъæнæг æмæ йæ историйæн аргъгæнæг республикæйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.