«Социалон-тæссаг девиаци æмæ фæсивæды психикон æнæниздзинад бахъахъхъæныны профилактикæйы фадыджы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны барадон политикæ» — Ахæм номимæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уагъд æрцыд зонадон-практикон конференци. Мадзал уагъд цæуы Фундаменталон иртасынæдты Уæрæсейаг фонд æмæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады ’хсæн æмгуыстады фæлгæтты. Мадзалы куысты хайад райстой ХИПУ-йы æмæ Цæгат Кавказы федералон университеты профессорты-ахуыргæнджыты сконд, Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады профессионалон ахуырады хайады специалисттæ æмæ ацы министрады уæлæмхас ахуырады хайады кусджытæ Джиоты Эльзæйы сæргълæудæй, специалист-дефектолог Александр Крысов, кæцыйы республикæмæ фæхуыдтой Цхинвалы скъола-интернаты бакусыны тыххæй, афтæ ма скъолаты психологтæ дæр.

Конференцийы райдианы йæ хайадисджытæн раарфæ кодта Цæгат Кавказы федералон университеты юридикон институты директор Дмитрий Смирнов, бафæндыд æй уыдонæн æнтыстджын æмæ фæстиуæгджын куыст.

Конференцийы модератортæй ралæууыдысты ХИПУ-йы педагогикæ æмæ психологийы кафедрæйы ахуыргæнæг, Ахуырады министрады зонад æмæ профессионалон ахуырады хистæр Плиты Азæ æмæ юридикон зонæдты кандидат, Цæгат Кавказы федералон университеты юридикон институты административон æмæ финансон барады кафедрæйы доцент Максим Трофимов. ХИПУ-йы ректоры номæй конференцийы хайадисджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Плиты Азæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы тематикæ у тынг актуалон, куыд Уæрæсейы Федерацийæн, афтæ Хуссар Ирыстонæн дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ абон хуссарирыстойнаг университет æмгуыстад кæны УФ-йы бирæ уæлдæр ахуырадон уагдæттимæ. Плиты Азæйы конференцийы хайадисджытæн бафæндыд æнтыстджын куыст æмæ фидæны иумиаг проекттæ бакусыны фæндиæгтæ. Банысанчындæуыд дунеон конференцийы нысæнттæ — ахуырады процессы зонадон æхсæнады хъусдард фæбæрзонддæр кæнын æнахъомты барадон бæстонкæнынад баххæст кæныны фарстытæм; æхсæнады æнахъомты девиантон уагахасты объективон процесстыл ахъуыды кæнын; ахуырады процессы æнахъомты фæдыл практикон фарстытæ сахуыр кæнынмæ æхсæндисциплинарон ахастытæ бакусын; æддагон æндæвдады уавæр-ты æнахъомты уагахастыл æмæ психикæйы фæивдтытыл ахъуыды кæнын.

Конференцийы рæстæджы ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы ахуыргæнæг Гæджиты Аннæйы доклады темæ уыд: «Æнахъомты æхсæнады девиантон уагахасты профилактикæ (РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады профилактикон куысты тыххæй); Цæгат Кавказы федералон университеты юридикон институты конституцион æмæ дунеон барады кафедрæйы доцент, юридикон зонæдты кандидат, психологон зонæдты доктор Ольга Погожевайы доклад уыд: «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ахуырады тыгъдады нормативон æмæ институцион характеры проблемæтæ». Цæгат Кавказы медицинон колледжы хъомыладон куысты хайады хистæр, психологон зонæдты кандидат Оксана Борисова та доклад бакаст ахæм темæйыл: «Æнахъомты раиртасыны, девиацимæ æмхицдзинад: РХИ æмæ Стъараполы крайы скъолаты психологтæн методикон рекомендацитæ», зæгъгæ.

Плиты Азæ йæ доклад «Æнахъомты девиантон уагахаст: аххосæгтæ æмæ профилактикæ (кдевиацимæ æмхицдзинадмæ РХИ-йы æнахъомты раиртасыны тыххæй)»-йы æркаст термин «девиантон уагахастмæ» — психологийы уый нысан кæны гоймаджы фидар уагахаст, кæцытæ сæхи иуварс кæнынц сфидаргонд æхсæнадон нормæтæй. Уый бамбарын кодта, зæгъгæ, йæ рады социалон нормæ у монон-хæрзæгъдаудзинады æмæ моралон-этикон, барадон, индивидуалон нормæ. Нормæйæ иуварсдзинад гæнæн ис уа, куыд девиантон уагахаст, афтæ курдиат æмæ хъайтардзинад дæр. Ома, гæнæн ис дзурын куыд æвæрццаг, афтæ æппæрццаг иуварсдзинадыл дæр. Уыимæ нормæйæ иуварсдзинады гæнæн ис адихгæнæн дыууæ къордыл. Алыварсуæвджытæн тæссаг у асоциалон, антисоциалон уагахаст. Девиантон уагахасты нормæтæ бирæ сты. Наталья Рождественская хицæн кæны 16 хуы-зы: адиктивон уагахаст, уыцы нымæцы химион дæлбарад дæр, булинг, кибербулинг, мæнгдзинад, депресситæ, суицидон уагахаст æмæ æндæртæ. Девиантон пробле-мæ арæхдæр вæййы æнахъомтæн, кризисон кары кæй вæййынц, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй семæ фæхъæуы профилактикон куыст кæнын. Плиты Азæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ абоны æнахъомтæ бæрæг хицæн кæнынц 10-15 азы размæйы æнахъомтæй. Нырыккон æнахъомты рæстæг адаргъдæр æрцыд 10 азæй 24 азы онг. Нырыккон æвзонг адæймæгтæн сæ бон у 24 азы онг ахуыр кæнын, сæ ныййарджытимæ цæрын. Физикон рæзт не ййафы психикон рæзты: девиантон æнахъом у саст компасы хуызæн, кæцыйæн цардуагон ориентиртæ æмбæлон нæма вæййынц. Æмæ сæйраг хæс у уыцы «компас» сцалцæг кæнын æмæ йын цардуагон ориентиртæ саразын. Æнæмæнгхъæуæг у банысан кæнын æнахъомы аутодеструктивон уагахасты тыххæй. Уыдон сты стыр тæссагдзинæдты архайдтытæ, (руфинг — уæлхæдзармæ рахизын) æмæ химарыны цаутæ дæр. Арæх ахæм уагахаст сæвзæры хæдзары, скъолайы, уынджы, хызæгты, физикон тыхми бавзарыны, хроникон æндыгъддзинад æмæ иунæгдзинады цауты фæстиуæгæн. Профилактикон куыст хъуамæ уагъд цæуа девиацийы конкретон хуызы хицæндзинæдтæ хынцгæйæ. Зæгъæм, химарынмæ бахъавдтыты рæстæджы хъæуы тренингтæ уадзын, кæцытæ здæхт сты цардфидаргæнæн позицимæ, эффективон стратегитæм.

Максим Трофимов йæ доклады банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны дæр архайынц закъæттæ, кæцытæ хъахъхъæнынц сывæллæтты бартæ.

«„Æнахъомты бартæ хъахъхъæнæг ахуырад æмæ æндæр закъæтты тыххæй“ закъондæттынад у гуырахстджын. Хъыгагæн, ацы закъондæттынад арæх фаг нæ вæййы, девиантон уагахастимæ адæймæгты нымæц бæрзонд у, кæцы арæх рахизы барвæтк халынмæ æмæ фыдракæндтæм. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ психологтæ æмæ педагогтæн ис арæнгонд бартæ. Кæд æмæ уыдон хъуамæ сæ куыст æххæст кæной, уæддæр. Уый хыгъд ахуырдзаутæн сæ бартæ сты бирæ фылдæр», — загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у закъоны проектмæ ивындзинæдтæ æмæ уæлæм-хасæнтæ бацæттæ кæнын. Уыдон здæхт уаиккой скъолаты психологты нысаниуæг фæтыхджындæр кæнынмæ, сæ куысты сын фылдæр фадæттæ радтынмæ, — загъта уый. Кæронбæттæны Максим Трофимов банысан кодта, зæгъгæ, тестытæ фенын æмæ сбæрæг кодтой ахæм фæстиуджытæ, кæцытæ фидæны гæнæн ис расайой фаг серьезон проблемæтæ, æрмæст хицæн гоймæгты ахасты нæ, фæлæ иумиагæй æхсæнады.

ХИПУ-йы политологи æмæ социологийы кафедрæйы доцент, ХИПУ-йы социалон-политикон иртасынæдты центры директор Плиты Сослан йæ доклад «Традицион, национ, паддзахадон æмæ æхсæнадон политикæ девиантон уагахасты профилактикæ»-йы æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта æвæрццаг девиаци рæзын кæныны æнæмæнгхъæуындзинадмæ традицион, национ æмæ культурон æргъадты фæрцы — хистæртæн кад кæнын, æфсарм, æгъдау æмæ афтæ дарддæр. Афтæ ма уый банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у фæсивæдимæ уадзгæ куысты фæстиуджыты эффективондзинадмæ хъус дарын.

Конференцийы куыст ацыд удæгас диа-логы формæйы, йæ хайадисджытæ фарстытæ лæвæрдтой докладгæнджытæм. Плиты Азæ куыстæн хатдзæгтæ аразгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, æнахъомы цахæмфæнды уагахастыл дæр æндавы социалон-культурон æхсæнад, бинонты æргъадтæ, ахуырад, гармоникон хъомылад æмæ фидæны фæлгондз, ома йæ нысæнттæ æмæ бæлиццтæ. Уый раарфæ кодта конференцийы хайадисджытæн цымыди-сон æмæ конструктивон диалогы тыххæй, афтæ ма бузныджы ныхæстæ загъта ХИПУ-йы ректорæн йе ’ххуысы æмæ университеты дунеон æмгуыстадæн гæнæнуæвæг уавæртæ саразыны тыххæй. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис Цæгат Кавказы федералон университеты коллегæтимæ дарддæры æмгуыстадæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.