Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Наталиимæ, æмæ  уынаффæ кодтой Ленингоры районы ахуырады фадыджы фарстытыл.

Ныхас цыд куыд ахуыры азы кæронбæттæн мадзæлттыл, афтæ ма организацион-кадрон проблемæтыл дæр.

Сæйраджыдæр, уынаффæ кодтой районы ахуырадон уагдæттæ æнæкъуылымпы ахуыр-хъомыладон процессæй сифтонг кæныны фарстыл.

«Мах хæсджын стæм, цæмæй ахæм уавæртæ аразæм æмæ нæ сывæллæттæ исой æххæст зонындзинæдтæ. Уый комкоммæ баст у планбæрцон ахуыр-хъомыладон процессимæ, кæцы ифтонг цæуы ахуыргæнджыты æнæмæнгхъæуæг бæрцæй», – загъта Хицауады Сæрдар.

Пухаты Эрик хъæуæг хæстæ радта Ахуырады министрады сæргълæууæгæн, ведомствойы кусджыты бабæрнджын кодта, цæмæй бынаты æппæт сæвзæргæ фарстытæ дæр аскъуыддзаг кæной.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.