Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ чи бахауд горæты уынгтæй, уыдон нымæцы ис Заводы уынг дæр. Уый дзæвгар азты дæргъы уыд æдзæллаг уавæры æмæ дзы транспорты хицæуттæ æмæ фистæгæй цæуджытæ дæр æвзæрстой зындзинæдтæ. Фæлæ ныр уыцы згъуыд иуварс æрцæудзæн, нæ республикæйы разамынады хъусдард æмæ аразджыты иузæрдион куысты фæрцы. Кæд  тынг стыр уынг нæу – æдæппæт 300 метры бæрц, уæддæр йæ арæзтадыл тагъд кæнынц кусджытæ. Иу кæнæ иннæ уынджы арæзтады йæ райдианæй фæстæмæ бахъæуы æндæр æмæ æндæр специалисттæ æмæ кусджытæ æрбахо-ныны сæр, цæмæй, сæ дæсныйадмæ гæсгæ, гъæдджынæй ахицæн кæной сæ разылæууæг хæстæ. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы бæлвырд куыстытæм хатт иутæ акæсынц уæлæнгай цæстæй, нæ фенкъарынц бæрндзинад æмæ уый фæстиуæгæн сæ куысты вæййы бирæ цухдзинæдтæ. Афтæ рауад ацы уынджы хъуыддаг дæр, æмæ сæ аиуварс кæныныл ныр архайынц цы арæзтадон фирмæ  «Гарантстрой», зæгъгæ, йыл кусы уый уæнгтæ. Транспорт кæм змæлдзæн, уымæн йæ уæрх уыдзæн 9 метры, йæ фæйнæ фарс та – тротуартæ æмæ газонтæ. Зæгъын хъæуы, тротуартæ æмхуызон фæтæн нæ уыдзысты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Аразджытæ уынджы фæрсты сæвæрдтой бордюртæ, ныр та тротуартыл æвæрынц плиткæ. Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уынджы арæзтадон куыстытæ ахицæн кæндзысты æввахс бонты.

Хуыбиаты Никъала          

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.