Фæндаг куы уа, уæд хох æмæ быдыр сыхæгтæ сты, фæзæгъынц. Уыцы æмбисонд фыдæлтæй баззад, уымæн æмæ сæм стыр уыд фæндаджы ахадындзинад æмæ нысаниуæг, хохы цъассыты цæргæйæ сын стыр æххуыс уыд се ‘рвылбонон хъуыддæгтæ ифтонг кæнынæн. Абоны размæдзыд дуджы уымæн йæ нысаниуæг къаддæр нæ, фæлæ ноджы тынгдæр сырæзт, уымæн æмæ уый фæрцы кæрæдзимæ ахастытæ æнцонвадатдæр сты, æнцондæрæй æххæст цæуынц, сæ разы цы ахсджиаг хæстæ лæууы, уыдон. Æппæт уыдфæттæ хынцгæйæ, æмбæлон органтæ кусынц, цæмæй сæ дæлбаруæвæг фæндæгтæ уой нывыл æмæ æххæстбæрцæй æххæст кæной æмбæстæгты домæнтæ.

Нæ горæты уынгтæ бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты 2008-æм азы августы хæсты фæстæ æмæ цæрджытæ уый фæстиуæгæн æвзæрстой зындзинæдтæ. Фæлæ алы згъуыдæн дæр ис рарастгæнæн, куыстмæ зæрдиагæй куы бавнæлдæуа, уæд. Ныр нæ уынгты иу хайæн бынтон фендæр сæ хуыз, сæ иутæ рæстæджы цыдимæ ногæй арæзт æрцыдысты, иннæтæ сæндидзын кæныныл та абоны онг дæр куыстæуы. Арæзт чи æрцыд, уыдон номхыгъдмæ бахауд Джиоты Дауыты уынг дæр. Ам арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм бавнæлдтой хæрзæрæджы, фæлæ кусджыты иузæрдион куыст радта йæ хорз фæстиуæг, кæд сæ хатт мæгуырау боныгъæдтæ къуылымпы кодтой, уæддæр. Уынджы иумиаг дæргъ афтæ стыр нæу, æдæппæт 130 метры, йæ уæрх та-11 м, фæлæ куыстыты æнæкъуылымпы цыдæн уæддæр уыд иуæй-иу цæлхдуртæ æмæ уыдоныл дæр фæтых сты. Зæххыбын коммуникацион куыстытæ бакæныны фæстæ уынджы уæлцъар сраст кодтой, сæвæрдтой дзы асфальты фыццаг цъар, цалдæр боны размæ та бакуыстой дыккаг цъар æвæрыныл дæр, æмбæлон уагмæ æркодтой газонтæ æмæ тротуартæ дæр. Ацы уынджы арæзтад йæхимæ райста арæзтадон организаци ООО «Техэнергосервис», йæ генералон директор у Бестауты Славик.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.