Дзуццаты Хадзы-Мураты райгуырдыл сæххæст 85 азы

«Ой, Хазби, дыууæ доны астæу дæ мæлæт цæудзæн…».

Ацы ныхæстæ Алыккаты Хазбийы зарæгæй сты. Хазби, Дзуццаты Хадзы-Мураты удæн иууыл æввахсдæр чи уыд, уыцы национ хъайтартæм хауы. Зæгъгæ ацы зарæджы ныхæстæ Хадзы-Мураты хъысмæтмæ гæсгæ рацараз, уæд рауаид: «Ой, Хадзы, дыууæ дуджы астæу дæ мæлæт цæудзæн…».

Уымæн æмæ афтæ рауад йæ хъысмæт стыр поэт, литературон критик, тæлмацгæнæг, сæйраджы сæйраг – поэт-æмбæстаг Дзуццаты Хадзы-Муратæн.

Чизоны, йæ зындгонддæр поэтикон æмбырдгæндтæй сæ иуы хонгæ дæр уымæн афтæ скодта – «Дыууæ дуджы астæу». Иугæр йæ иннæ зындгонд чиныджы та «Уынгæгбоны сагъæстæ» схуыдта, уæд та ам дæр цыдæр сусæг-æргом æнгæсдзинæдтæ ис ссарæн. Æниу дзы ницы хъæуы агурын – поэтæн йæ уынгæгбоны сагъæстæ æрхаудысты дыууæ дуджы астæумæ, уæззау дугивæнмæ æмæ не сфæрæзта, хæрам æмæ нын фыдæх чи æрхаста, уыцы дугивæны æгъатыр цæвæнтæн: йæ уынгæгбоны сагъæстæ йæ бадомдтой, бавдæрзтой æмæ йæ ингæны былыл æрлæууын кодтой уыцы дыууæ дуджы астæу…

Поэт-æмбæстаг. Æвæццæгæн, адæймага-дæн цыфæнды рæстæджыты дæр нæ фаг кодта ацы дыууæ дзырдæй сбигæ æмбарынад, тохмæсидæг, уæлахизхæссæг æмбарынад. Сæ дыууæ дæр афтæ æмзæрдæйæ баиу уой æмæ иумæ сфидауой, уый царды стæм, фæлæ ахсджиаг хъуыддаг у. Æцæг поэттæ афтæ бирæ не сты, уыдонæй къаддæр та сты, йæ поэтикон курдиаты цæхæр æмæ æмбæс-тагон позицийы артæй дунейы иу чысыл хай уæддæр чи ныррухс кæна.

Нæ бон у зæгъæм сæрыстыр æмæ æнæдызæрдыгæй: ирон поэзийы ссæдзæм æнусы классик Дзуццаты Хадзы-Муратæн уый бафтыд йæ къухы: йæ курдиатджын поэтикон уды цæхæр æмæ æмбæстагон позицийы æвидигæ артæй ныррухс кодта, цалдæр поэт æмæ  цалдæр  æмбæстаджы  иумиаг хъиамæтæй дæр чи нæ рантысдзæн, ахæм æвæджиауы рухсæй.

Фæлæ йæм хъысмæт алы дуджы, алы рæстæджыты дæр дардта æндæргъуызон æви алыгъуызон ахаст. Куы-иу æй амондджын хъуыддæгты бын фæкодта, царды хæрзтæй-иу ын æвæджиауы хæйттæ бауарзта йæ цæст, куы та-иу æй уæззау фыдæвзарæнты къæсæрыл æрлæууын кодта. Советон дуг, кæд дзы, куыдфæстагмæ, разы нал уыд йæхæдæг, уæддæр ын бирæ хæрзты бацыд: хорз ахуырад райсын, хорз куысты бынæтты кусын, царды æндæр хæрзиуджытæ… Уыцы дуг ын чи раивта, ома, советон дуджы, уый та йын тæккæ дугивæны фыдæвзарæнты йæ хурхыл марæн кард сæвæрдта… Фылдæр дзы кæй аххос уыди – йæхи æви дугивæны, уый абон ницыуал давы. Сæйраг у, Дзуццаты Хадзы-Мурат  цыфæнды уæззау фыдæвзарæнты дæр уыд йæ фыдыбæстæйыл æнувыд патриот. Цыфæнды дуджы дæр ын уыд иунæг бæрзонд нысан: йæ адæм, йæ туг, йе стæг цæмæй риссынц, уымæй риссын…

Фидæны стыр поэт-æмбæстаг хæрзчысылæй бауарзта ирон дзырдаивад. Нырма уал Ирыстоны бауарзта. Чысыл, фæлæ йæ бæрзонд хæхтæ æмæ йæ адæмы рæсугъд удыхъæды фæрцы дардмæ дæр стырæй чи зыны, уыцы Ирыстоны. Гуыргæ та Ирыстонæн йæ рæсугъддæр къуымтæй сæ иуы ракодта. Хъорнисы кадджын хъæубæсты  ‘хсæн. Дунейы дзыллæтæ йæ аууонæй дæр кæмæн тарстысты, уыцы Сталинæн «выговор» чи ныххыррытт, кодта, уыцы хъæбатыр хъæубæсты ‘хсæн. Уыцы хъæубæсты та йæ Ирыстонæй ноджы фылдæр уарзта. Уыцы уарзондзинад ын ссыгъта йæ риуы поэзийы арт. Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта дыууадæс-аздзыдæй. Стæй йын суинаг сабийы хуы-мæтæджы дзымандытæ нæ уыдысты – мыхуыр сæ кодтой бынæттон мыхуыры фæрæзтæ. Йæ уарзон хъæубæсты уарзон скъола сыгъзæрин медалыл фæцис каст 1952 азы æмæ йæ ахуыр та адарддæр кодта, уæды дуджы сфæлдыстадон фæсивæды фылдæр хай æрмæстдæр сæ фынты уынынмæ кæмæ бæллыдысты, уыцы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ – Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институтмæ.

Уый йын уыд, фæстæдæр кæй нал уарзта, уыцы советон системæйы ратгæ иууыл стыр-дæр амонд. Ома, арвы дуар ын хорзы ‘рдæм байгом æмæ йæм амонд йæ мидбылты йæ  хъæлæсыдзагæй бахудт. Йæхæдæг дæр æй дзырдта, æцæг поэзийы ад Литературон институты кæй банкъардта.

«Хуыцау мын радта Илья Селвинский, Михаил Светлов, Александр Фадеев æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Николай Тихоновы хуызæн стыр рухстауджыты къухы ахуыр кæныны амонд», – фыста йæ мысинæгты Хадзы-Мурат.

Фæлæ йын æрмæст номдзыд ахуыргæнджыты къухы ахуыр кæныны амонд нæ балæвар кодта йе сфæлдисæг Хуыцау – æрхауд æм, фæстæдæр дунеон нысаниуæгимæ кæй нæмттæ дзырдтой, ахæм стыр поэттимæ     ахуыр кæныны амонд дæр. Уыдон та уыдысты Евгений Евтушенко, Белла Ахмадулина, Роберт Рождественский, Наталья Тарасенкова æмæ æндæртæ, кæцытæ сныв кодтой фыдыбæстæйон литературæйы дарддæры рæзт, æмæ сарæзтой ног сфæлдыстадон фæлтæр.

Хадзы-Муратыл 25 азы йедтæмæ нæма цыд, афтæмæй йын Мæскуыйы рауагъдад «Советский писатель»-ы уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй мыхуыры рацыд чиныг «Ветер времени», фæстæдæр та – «Пляска дождя». Чысыл нацитæм ахаст æмæ нысаниуæг хынцгæйæ, ахæм æрыгонæй æппæтцæдисон популярондзинад райсын уæды рæстæджы бирæ нацитæм фыны фенгæ амонд фæкастаид. Уыцы сфæлдыстадон амонд ын ноджы ахадæндæр кодта, йе ‘мдзæвгæтæ йын уырыссаг поэзийы корифейтæ Булат Окуджава, Юрий Левитанский, Наум Коржавин æмæ æндæртæ кæй тæлмац кодтой, уымæй. Фæндзай æвдæм азы Литературон институт сырх дипломыл каст куы фæцис, уæд бирæ фадæттæ уыд Хадзы-Муратæн, цæмæй Мæскуыйы баззадаид, фæлæ йын Хуыцау цы поэтикон курдиат балæвар кодта, уыцы курдиаты арты судзын æй æрмæстдæр йæ райгуырæн Ирыстоны фæндыд.

Фæлæ йе сфæлдисæг Хуыцау стыр поэт-фæлдисæгæн схай кодта иу стыр ныхдур: Хадзы-Мурат цард æмæ фæлдыста, йæ фыдыбæстæйæн Гуырдзыстоны сконды кæцы хай уыд, уым – Ирыстонæн йæ хуссар хайы. Цы ран партион кабинетты дæр йе згæ кард цыргъ кодта, фæстæдæр Гамсахурдиа кæй сæргом кодта, уыцы æнусон гуырдзиаг лозунг: «Гуырдзыстон æрмæстдæр – гуырдзиæгтæн».

Кæд уыцы дуджы гуырдзиаг национализмы тугхъæлæс цензор алы ирон дзырд, алы ирон аивадон къахдзæфмæ дæр минцæстон дурбиндитæй каст, уæддæр Хадзы-Мурат бафæрæзта поэт-фæлдисæджы позици кæронмæ ахæссын – уæддæр ын бантыст йæ мадæлон æвзаг, йæ адæмы æнæмæлгæ историйы арф фæд ныууадзын, йæ традицион культурæйæн æвæллайгæ зиууонæй лæггад кæнын. Йæ зындгонд поэтикон уацмыс «Ме ‘взаг» йедтæмæ куы ницы ныффыстаид, уæддæр йæ бон уыд, цæмæй сæрыстыр æмæ сæрбæрзондæй хастаид ирон поэты ном. Æниу, æмхуызон тыхджын уыд куыд поэзийы, афтæ публицистикæйы дæр.

Дзуццаты Хадзы-Мурат ирон литературæйы рæзтмæ бахаста, нырма дæр æмбæлон аргъ кæмæн не скодтам, ахæм  æвæджиауы хайбавæрд. Ахæм æвæджиауы хайбавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидын, æмæ йын йæ уидæгтæ арф ауадзыны хъуыддагмæ дæр.

Нæ историйы иууыл ахсджиагдæр бон – 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны областон советы сессийы не ‘фхæрд фыдыбæстæйæн хæдбардзинад расидын кæй фæрцы бантыст, уыдоны фыццæгтæй иу уыд Дзуццаты Хадзы-Мурат.

Уæд йæ поэтикон хъару снывонд кодта æрмæстæр хæдбардзинады сæрыл тохæн, йæ публицистон-сфæлдыстадон куыст раздæхта æрмæстдæр гуырдзиаг-ирон хæсты риссаг темæмæ.

Нæуæдзæм азты райдианы Хадзы-Мурат нысан æрцыд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редакторæй. Уæд та газет радон ном хаста – «Хуссар Ирыстон». Фыццаг цы сарæзта, уый уыд газетæн йæ фыццаг, йæхи, йæ историон ном «Хурзæрин» раздахын. Стæй та бавнæлдта газеты ирон уд бауадзынмæ. Зын уыд уыцы хъуыддаг аразын хæсты цæхæры, экономикон блокадæйы, талынг æмæ уазалы, фæлæ быхста уыцы рухсыбадинаг лæг æппæт уыдæттæн. Йæ кусæн стъолыл-иу цы сау тæбæкк кæрдзын æрæвæрдта, уый дæр-иу ныххус, афтæмæй-иу дзы рæстæгæй-рæстæгмæ йæ салд æнгуылдзтæй иу къæбæр расаста… Афтæмæй куыста, хъизæмар кодта. Иу хатт  уыцы æгъатыр блокадон дывыдон дуджы  кæмæндæр Хуыцау арфæ ракодта æмæ Абхазæй тамакотæ æрласта. Куыддæрты мæм дзы иу пачкæ бафтыд æмæ йæ цингæнгæ Хаджимæ смидæг кодтон. Тæхуды, исчи ма куы фæуыдаид мæ цуры æмæ куы федтаид, йæ салд къухы æнгуылдзтæй йыл куыд цин кодта, йе ‘нæдаст рустыл дæр цины мидбылхудт куыд хъазыд, цадæр хатты мын «дæ фæхъхъау фæуон» куыд загъта…

Еххх!..

Æмæ ныр, уыцы рæстæджы йæ сæр хæдзарæй æддæмæ радарын чи нæ уæндыд, «исты мыл куы ‘рцæуа, уæд Ирыстон бындурзылд фæуыдзæн», зæгъгæ, сæ хъохъо фындзтæ даугæ æмæ ахуырст æрфгуытæ ныхгæ чи дзырдта, уыдон царды алыгъуызон хæрзиуджытæ æмæ амæй-ай кадджындæр премитыл хæлæф кæнынц… Уый та, мæгуыр, ацы цардæй йæ уд æфхæрд æмæ рыстæй ахаста…

Уыдис æм хæлæггæнджытæ, уæлдæр сæ кæй уыд, уый чи нæ быхста, алыгъуызон цъыфкалæнтæ йыл чи кодта, ахæмтæ. Кæд йæхæдæг дæр кæмдæрты раст нæ уыд, йе ‘нæрцæф уды цæвæнтæ-иу æй фæрæдийын кодтой, уæддæр махæн уыцы бынаты нæ уыд, цæмæй йæ афтæ фæриссын кодтаиккам…

Куыдфæндыйæ дæр куыд уыдис гæнæн, цæмæй ахæм лæг, ахæм редактор йæ бынатæй ист æрцыдаид?!.

Уыцы æнæрастдзинады тыххæй æнæразыдзинад равдисыны нысанæн æз ныффыстон сидт, кæцыйыл сæ къухтæ æрфыстой цыппор аст адæймаджы. Уыдон уыдысты Ирыстоны сфæлдыстадон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæ. Сидты уыдис æрмæстдæр иу хъуыдыйад иу фæндиагимæ: Уæлдæр совет ногæй куы ‘ркæсид Дзуццаты Хадзы-Мураты йæ бынатæй сисыны фарстмæ. Æндæр ницы. Фæлæ йæ иу мыхуырон фæрæз дæр нæ бауæндыд адæмы рæгъмæ рахæссын, æрмæст, йæ цæрæнбон бирæ, Плиты Серго йæ бакаст хæдбар телеуынынады радон эфиры. Чи йæм хæлæг кодта, йæ курдиат кæй æргæвста, уыдонæй мын сæ иу редакцийы къæлидоры мæ фæндаг ахгæдта, алывыдтæ мын акалдта, цы, дам, дзы федтай, цæмæн рахæцыдтæ йæ сæрыл, мæнæй, дам, цæмæй лæгдæр у… Хадзы-Мурат уымæй цæмæй лæгдæр уыд, уый йын ахæм раст, фæлæ гуымирæй загътон æмæ лыгъд радта фыццæгæм скъолайы сыгъд агъуыстмæ, цы ранæй æрдæг сахаты бæрц хъуыст йæ хæкъуырцц куыд…

Афтæ зæрдæрыст æмæ ссæст удæй ацыд йе ‘нусон бæстæм, Ирыстон æмæ ирон адæмæн фылдæр æмæ хуыздæр рæвдауинаг чи уыд, уыцы стыр поэт-æмбæстаг. Ацыд, фæлæ йæ Ирыстонæн ныууагъта æвæджиауы стыр бынтæ, кæцы бынтæн, абон уа æви сом – æмбæлон аргъ æрцæудзæн.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.