Уæрæсейы Федерацийы архайæг Президент Владимир Путин 2018 азы марты Уæрæсейы Президенты æвзæрстытæм йæ кандидатурæ кæй раразмæ кодта, уый мæнæн æнæнхъæлæджы хабар нæ уыд æмæ йыл сæмбæлдтæн æхсызгонæй. Уымæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынаты æппæт йæ архайдтытæ цæхгæр фæивтой Уæрæсейæн куыд йæ æддагон, афтæ бирæбæрцæй йæ мидæггагон политикæ дæр. растдæр йæ архайд бындуронæй фæивта Стыр Уæрæсейы авторитет, фæбæрзонддæр ын кодта йæ рейтинг. Æнтысы йын фæдфæдылонæй Уæрæсейы экономикон æмæ æфсæддон хъомысад бæрзонддæр кæнын.

Нæ адæм Владимир Путинæн стыр аргъ æрмæст уый тыххæй нæ кæнынц, æмæ нæ бынтон скуынæг кæнынæй кæй фервæзын кодта, фæлæ ма абоны вазыгджын политикон уавæрты Уæрæсейы интересты, дунейы цивилизацион тыгъдады аккаг бынаты сæрыл йæ æхсарджын архайды тыххæй дæр.

В. Путин у ахæм стыр гоймаг, Уæрæсейы, афтæхуыйнæг либералтæ, мæнг демократтæ – Горбачев æмæ Ельцины хуызæттæ – цы цъыссыммæ бакодтой, уырдыгæй йæ чи сивæрзын кодта.

Дызæрдыггæнæн нæй, абонмæ кæй нæма ис, Путинæн конкурент чи разына, ахæм адæймаг. Уымæй ныфс æвæрынц æрмæст ирон адæм нæ, æрмæст Уæрæсейы адæм нæ, фæлæ ма йыл ноджы чи æууæнды æмæ йæ номимæ йæ рухс фидæн чи бæтты, уыдон дæр.

Мæхицæй куы зæгъон, уæд æз æндæр адæймаджы нæ уынын Уæрæсейы Президенты бынаты, уымæн æмæ зын у æндæр ахæм адæймаджы равзарын, кæцы уа стыр, дардмæуынæг политик, кæцыйæн сæйраг сты æууæнк, ныфс, рæстдзинад, патриотизм, кæцы стыр аргъ кæны национ æргъадтæн, интернационализмæн, конфессионалон дунеон фæткæн.

Дæллаг Новгороды æхсæнадимæ 6 декабры фембæлды рæстæджы В. Путин Уæрæсейы Федерацийы Президенты бынатмæ йæ кандидатурæ раразмæ кæныны тыххæй фехъусын кæнгæйæ, нæ адæмы стыр ныфс бауагъта, куыд Уæрæсейæн, афтæ Хуссар Ирыстонæн дæр дарддæр кæй уыдзæн стабилондзинады гарант, афтæ ма нæ ныфс ис, Республикæ Хуссар Ирыстон кæй бацæудзæн Уæрæсейы Федерацийы скондмæ.

Мæн ныфс ис, нæ адæм 2018 азы 20 марты æвзæрстыты хъæлæс кæй ратдзысты Владимир Путинæн æмæ йын Уæрæсейы, дунейы милуангай адæймæгтимæ мах дæр кæй арфæ кæндзыстæм, Стыр Уæрæсейы Президенты бынаты йæ æххæстбартæ кæй адарддæр сты, уый тыххæй.

Гаглойты Роберт,

Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты

директор, дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр

Совет»-ы Хуссар Ирыстоны республикон советы

сæрдар, РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.