(Пушкины райгуырдыл сæххæст 220 азы )

А.С. Пушкины райгуырӕн бон, куыд стыр бӕрӕгбон, афтӕ бӕрӕг кӕнынц дунейы прогрессивон дзыллӕйад.

Пушкин хорз зонгӕ уыдис Ирыстонимӕ, ирон адӕмы цардуагимӕ. Ирыстоны дзыллӕ дӕр рагӕй фӕстӕмӕ зонгӕ сты поэты сфӕлдыстадимӕ ӕмӕ йын кӕнынц стыр аргъ.

Адӕймаг адӕмы ‘хсӕн цӕргӕйӕ хорзӕй цы саразы, уымӕ гӕсгӕ йын аргъ фӕкӕнынц дзыллӕтӕ. Къоста хорз кад ӕмӕ аргъ кодта Уӕрӕсейы разагътайы лӕгтӕн – фысджытӕн. Пушкин ӕмӕ Лермонтовы хуыдта не стыр номдзыд поэттӕ, Грибоедовы схуыдта диссаджы гени, Плещеевы – ӕхсарджын лӕг, А. Н. Островскийӕ та афтӕ загъта: «Хӕлардзинадмӕ чи цыдис уӕндонӕй», Чайковскийы хуыдта «Зӕлланггӕнаг, ӕмбисонды фӕндыр».

Къоста йӕ фыстӕджыты, йӕ публицистон уацты арӕх цитатӕтӕ хаста Пушкинӕй, Гоголӕй, Крыловӕй, Островскийӕ, Гончаровæй…

Немыцаг стыр поэт Гетейы хонынц «паддзахад». Ахӕм «паддзахад» уырыссаг адӕмӕн у Пушкин, ирон адӕмӕн та – Къоста. Уый тыххӕй Нафи загъта:

«Афтæ зӕгъӕн ис поэттӕй се ‘ппӕтӕй дӕр, йӕ адӕмы удыхъӕд ӕмӕ йӕ рӕстӕджы мидпафос ӕнӕмӕлӕт фӕлгондзты чи равдыста, уыдонӕй.

Къостамæ налхъуыт, налмасау æрт-тывтой Пушкины хъуыдытæ, Пушкины поэзийы æвæджиауы хуынтæ, æнæхъуаджы йæ не схуыдта номдзыд поэт. Къоста  – ирон аив дзырды зæрингуырд, Пушкины ном, аргæйæ, зæгъы:

«…дзæбæх зæгъынхъом не стæм

Дæуæн, фæлæ нын æй ныббар».

Къоста – æнæрцæф, æнæхъуаджы æппæлдтытæ æмæ цæстмæмитæ йæ сæр-мæ никуы бахаста, фæлæ Пушкинæй цы загъта, уыдон йæ зæрдæйы бынæй рацæугæ сты. Æмæ кæуылты у йæ ныхас:

«Фыдæн нæ дзыллæйæн æгæр дæ,

Æвгъау у мах хæхтæн дæ цыт».

Пушкин Иры цæсты цардæгас уæйыджы раны кæй ис, Ир æй Кавказы бæрзонд цъупмæ кæй систой, уый æргом, уæндон æмæ сæрыстырæй зæгъы Къоста:

«Дæ кад мыггагмæ у цæринаг,

Дæ цард гъеныр дæ у сæдæ

Зæххыл дын нал баззад кæнинаг,-

Дæ мæсыг амайын фæдæ».

Пушкин хæрзӕрыгонӕй ссис уырыссаг раззагон интеллигенцийы уарзон поэт. Уый раджы райста йӕ зӕрдӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы уӕззау уавӕр ӕмӕ уӕндонӕй тох кодта уыцы уавӕр аразджыты ныхмӕ, уый тыххӕй раджы бахауд хицауады цӕсты. Александр 1-аг комкоммӕ афтӕ загъта: «Пушкины ахӕссын хъӕуы Сыбырмӕ. Ӕнаккаг ӕмдзӕвгӕты бын фӕкодта Уӕрӕсейы, ӕппӕт фӕсивӕд æнæкӕсгæйӕ зонынц уыцы ӕмдзæвгæты».

Ӕмӕ йӕ, нӕмӕнг ахастаиккой, фӕлӕ йын баххуыс кодтой йӕ хӕлӕрттӕ – Карамзин ӕмӕ Жуковский. Уӕддӕр ӕй Сыбыры бӕсты арвыстой Екатеринославмӕ. Уырдыгæй та йӕ Михайловскы хъӕумӕ. Ам фæцард 2 азы, декабристты растады хабар дӕр ардæм фехъуыста.

Кавказмӕ Пушкин фыццаг хатт ӕрцыд 1820 азы, дыккаг хатт та – 1829 азы. Уӕд райдыдта хӕст Турк ӕмӕ Уӕрӕсейы ‘хсӕн. Кавказаг корпусты службӕ кодта йе ‘фсымӕр Лев, уым ма уыдысты, декабристтимӕ чи архайдта, Пушкины уыцы ӕмбӕлттӕ.

Пушкин, Кавказмӕ цӕугӕйӕ, Ирыстонмӕ куы ӕрбахӕццӕ ис, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд Тӕтӕртуппы минарет, схызт йӕ цъупмӕ, йӕ кой ис поэмӕ «Тазит»-ы. Кавказмӕ йӕ дыккаг балцы рӕстӕджы ныффыста ахӕм уацмыстӕ: «Балц Арзруммӕ», «Кавказ», «Зӕй», «Моладзандон Хъазбеджы хохыл», «Дон», «Гуырдзыстоны рӕгътыл» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

1820 азы Пушкин Кавказмӕ куы ӕрцыд, уӕд иу ӕхсæв баззад Ӕрыдоны ирон лӕджы хӕдзары. Уӕд базонгӕ ис ирон лӕджы уазӕгуарзон зӕрдӕйы уагимӕ, Ирыстоны ӕгъуыстаджы ӕрдзимӕ, ирон адӕмы царды уӕззау уавӕримӕ. Ахӕм уавӕры цӕргӕйӕ дӕр уӕздан, ӕгъдауджын, уазӕгӕн лӕггадгӕнаг кӕй сты, уый рахатыд Пушкин ӕмӕ зӕрдӕрисгӕйӕ фыста: «Ирӕттӕ сты, Кавказы цы адӕмыхӕттытӕ цæры, уыдонӕн сæ тӕккӕ мӕгуырдӕр, сӕ сылгоймӕгтӕ сты гуырвидыц. Фидармæ бахизӕны ӕз фембӕлдтӕн, йӕ лӕг ахст кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймагыл йӕ чызгимӕ. Уыдон ын хастой хӕринаг. Уыдон мӕм ракастысты хиуылхӕцгӕйӕ ӕмӕ ныфсджынӕй, фӕлӕ сӕм куы баввахс дӕн, уӕд дыууӕ дӕр сӕ сӕртӕ ӕруагътой ӕмӕ сӕ цӕсгӕмттӕ амбӕрзтой се скъуыдтӕ кӕлмӕрзӕнтӕй».

Ацы фыстӕй бӕрӕг у: Пушкин канд сӕ мӕгуырдзинад нӕ рахатыд ирон адӕмӕн, фӕлӕ сӕ аив уӕнгты конд, сӕ уӕздан ӕгъдӕуттӕ. Сылгоймӕгтӕ уӕндон ӕмӕ ныфсджын куыд сты, афтӕ сты ӕгъдауджын, намыс ӕмæ æфсармыл хæст.

Пушкин ирон  лӕджы зӕрдӕмӕ, ирон хӕдзармӕ раджы ссардта уӕрӕх фæндаг: йӕ уацмыстæ, стӕмтӕй фӕстӕмӕ тæлмац сты ирон ӕвзагмӕ. Йæ роман «Евгений Онегин»-ы фыццаг раивта ирон ӕвзагмӕ Хъайтыхъты Геор, стӕй та – Нафи. Йӕ уацмыстӕ йын иронау сдзурын кӕныныл арфӕйаг куыст бакодтой: Нигер, Грис, Нафи, Гафез, Дзугаты Г., Хъуылаты Сикъо, Хъайтыхъты Г., Дзуццаты Х-М, Ардасенты X., Хозиты Я., Дарчиты Д., Асаты Р., Дзанайты С., Джыккайты Ш., Цӕрукъаты В. ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Йӕ рӕстæджы Цомахъ Пушкины тыххӕй афтӕ фыста: «Цӕрынхъуагӕй фӕмард Пушкин, ноджы ӕдзарддӕрӕй фӕмард Лермонтов ӕмӕ сӕ адзалы аххосджын Пушкины амарӕг Дантес ӕмӕ Лермонтовы амарӕг Мартинов нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕцӕг аххосджын уыд, адӕмы скӕсын чи нӕ уагъта, сӕ хурхыл сын чи хӕцыд ӕмӕ сӕ ингӕнмӕ чи тардта, хъазайраг Уӕрӕсейы уыцы цардарӕзт æнӕ-хъӕнӕй дӕр».

Пушкины стыр ахадындзинадыл дзур-гæйæ, Нигер афтæ зæгъы: «Мæн поэтикон куыстмæ сразæнгард кодтой Пушкин, Лермонтов æмæ Хетæгкаты Къоста. Мæ чысыл поэтикон фæллæйтты ис ахæм уацмыстæ, кæцытæ ныффыстон Пушкины «Пророк», «Ночной зефир», «Брожу ли я вдоль улиц шумных» æмæ æндæр æмдзæвгæтæм гæсгæ». Нигер фæрсы йæхи: «Цæуыл ахуыр кæнын дарддæр Пушкиныл?». Йæхæдæг дæтты ахæм дзуапп ацы фарстæн: «Йæ хуымæтæг æмæ æмбаргæ æвзагыл, йæ адæмондзинадыл, æцæгдзинад куыд æвдисы ирд фæлгæндзтæй, арф хъуыдытæй куыд пайда кæны, ууыл».

Нафи та афтæ зæгъы Пушкины тыххæй: «Пушкины сфæлдыстады бирæ адæмты кой ис, фæлæ дзы нæй иу ахæм дзырд дæр, искæцы адæмы зæрдæ дзы кæмæй фæрисса. Пушкины гуманизм хурау рæвдауаг æмæ таваг уыд. Рухс æмæ хъарм хаста æмæ хæссы дунейы дзыллæтæн дæр, фæлæ зæгъæн ис, зæгъгæ йæм ирон адæм уæлдай хъулон  цæстæй кæсынц Къостайæ фæстæмæ. Пушкин уыд æмæ у ирон дзыл-лæйы уарзонддæр поэттæй иу».

Пушкины фӕстӕ цы уыдзӕн, уый йӕхӕдӕг фӕхатыд йӕ рӕстӕджы ӕмæ фыста:

«Мӕ кой ныхъхъӕр уыдзӕни Стыр Уырысы алкӕм,

Ӕмӕ зӕгъдзӕн мӕ ном йӕ алкæцы ӕвзаг».

Раст разынд поэты куырыхон уынынад: ныртӕккӕ йӕ кой кӕнынц алы ӕвзӕгтыл.

Поэт Гулуты Андрей афтӕ фыста Пушкины тыххӕй: «Ӕвӕццӕгӕн, иунӕг ахӕм фыссӕг дӕр нӕ разындзӕн, æмæ Пушкины поэтикон тых кӕуыл нӕ фæзынд, йе сфӕлдыстады ахсджиаг бынат кӕмӕн нӕ бацахста. Уый у уырыссаг поэзийы хур ӕмӕ йӕ тынтӕй барӕвдыдта нӕ бӕстӕйы бирӕ национ литературӕты дӕр».

Ирон литературӕиртасӕг Ардасенты Хадзыбатыр ныффыста ахӕм куыст: «Пушкин ӕмӕ ирон поэзи». Ам дзырд цӕуы ирон поэзийы алыварсон рӕзтыл, ирон поэзийӕн Пушкины хӕрзиуджытыл.

Кавказы фенддаг ӕрдзы нывтӕй тынг барухс ис Пушкины зӕрдӕ, фӕлӕ йӕ адӕмы ӕвадат цардӕй та рыст йӕ зӕрдӕ ӕмӕ афтӕ зӕгъы йе ‘мдзӕвгӕ «Кавказ»-ы:

Гъе, афтӕ фыд закъонтӕ ‘взонгад бӕттынц,

Гъе, афтӕ зындон у ныры цард Кавказы,

Гъе, афтӕ дзы адӕм ӕмырӕй дзыназы,

Ӕцӕгӕлон тыхтӕ йӕ афтӕ сӕттынц».

(Плиты Грисы тӕлмац)

Нафи ма зæгъы уый дæр: «Пушкины зæрдæйы уыдис æгас дунейы мæт. Уыдис дзы Кавказы сагъæс дæр. Уый зыдта æмæ уарзта Кавказы сæрибаруарзаг æмæ хъæбатыр адæмы.

Уыдис Цæгат Кавказы, Ирыстоны, рахызт Бæрзæфцæгыл æмæ æрцыд Гуырдзыстонмæ. Уыди Сомихы зæххыл дæр. Кавказы тыххæй ныффыста кадджытæ, æмдзæвгæтæ, фæндаггоны фиппаинæгтæ, фыстæджытæ».

Пушкин хорз æмбæрста, Кавказы сæрибаруарзаг адæм тохы руаджы нæ фæуæлахиз уыдзысты паддзахы Уæрæсейыл, фæлæ куы, ‘рбаиу уаиккой, уæд сæ царды уавæртæ Уырысы руаджы бирæ фæхуыздæр, фæрæсугъддæр уаиккой.

Ирыстон ацы аз æрлæууыд дыууæ стыр бæрæгбоны къæсæрыл. 220 азы æххæст кæны Иры дзыллæйы уарзон поэт Алек-сандр Пушкины райгуырдыл. 160 азы та – Иры номы гæнах, Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. 

Нæ уыдзæн рæдыд, куы зæгъон – куы фæдзурæм Къостайыл, уæд нæ зæрдыл лæууы Пушкин.

Куы дзурæм Пушкиныл, уæд та йын йæ фарсмæ æвæрæм Къостайы. Иры поэттæ раджы загътой уый дæр: Къоста æмæ Пушкин сæ ахуыргæнджытæ кæй сты.

Ирвæдæны егъау у Пушкины ном. Пушкин ирон хæдзары кæй уыд, ирон цæхх æмæ къæбæры хъæстæ кæй фæцис, уымæй Ир сæрыстыр сты кæддæриддæр. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, Пушкин Къостайы нæ зыдта, Къоста та хорз зыдта Пушкины.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.