Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацион Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойы номæй Президент Тыбылты Леонидæн йæ райгуырæн боны фæдыл арфæйы фыстæг æмæ номылдарæн хæцæнгарз лæварæн радта УФ-йы Федерацийы Советы æмæ РХИ-йы Парламенты Æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар Коцты Игорь.

«УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмæ мæхи номæй дын зæрдиаг арфæ кæнын 65 азы дыл кæй сæххæст, уый цытæн.

Федерацийы Советы дæу зонынц, куыд дæ бæстæйы æцæг патриот, æмæ стыр аргъ кæнынц де стыр хайбавæрдæн Республикæ Хуссар Ирыстоны хорз размæцыдмæ, нæ бæстæтæ æмæ нæ адæмты æхсæн хæлардзинад фидар кæныны хъуыддагмæ.

Фидарæй мæ уырны, дæ хъуыддагон миниуджытæ æмæ зынгæ паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæджы хъæздыг фæлтæрддзинад суыдзысты дарддæр дæр Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн дывæрсыг ахастытæ аразыны æнтысты æмæ стратегион партнерад фидар кæныны бындур. Уыдон та амад сты нæ адæмтæ æмæ нæ бæстæты арф историон æмæ монон бастдзинæдтыл.

Æппæт зæрдæйæ дын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстыты фæндиæгтæ хуссарирыстойнаг адæмы хæрзиуæгæн дæ фæстиуæгджын куысты. Ныфс дæ уæд, стыр аргъ дын кæй кæ-нын», – дзырдæуы арфæйы фыстæджы. Коцты Игорь Валениина Матвиенкойы номæй Тыбылты Леонидæн номылдарæн хæцæнгарз лæваргæнгæйæ загъта хæр-зиуджыты æмæ æнытстыты фæндиæгтæ йæ зын куысты. Президент стыр аргъ скодта Федерацийы Советы ‘рдыгæй стыр хъусдардæн æмæ сæрмагондæй та Валентина Матвиенкойы ‘рдыгæй, æмæ йын арвыста бузныджы ныхæстæ.

«Нæ бæстæтæ уадзынц разыдзинады политикæ, рæзын æмæ фидар кæнынц се ‘хсæн æмгуыстад. Мах стыр аргъ кæнæм Уæрæсейы Федерацийы æххуысæн алы фарсты  фæдыл дæр, сæрмагондæй та Валентина Иваны чызг Матвиенкойы æххуысæн. Нæ республикæ æмæ йæ къухдариуæгад йæхирдыгæй кæддæриддæр уыдзæн йæ стартегион партнеры фарсмæ», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.