РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли венок сæвæрдта Виталий Чуркины цырты раз Скæсæн Сараевойы.

Иугонд Нациты Организацийы Уæрæсейы æнæивгæ минæварæн цырт сæвæрдта Республикæ Сербийы къухдариуæгад Сараевойы, Югославийы æфсæддон архайд бауромыны тыххæй Витали Чуркины фидардзинад æмæ стыр хъару бавæрды тыххæй.

Бибылты Анатоли монументы раз сæвæрдта венок ирон æртæгъуыз тырысаимæ. Уый банысан кодта Витали Чуркины бирæ лæггæдтæ Хуссар Ирыстоны раз.

«Витали Чуркин кæддæриддæр уыд политикон тохы уылæнты, Иугонд Нациты Организацийы уый æрмæст Уæрæсейы Федерацийы интерестæ нæ хъахъхъæдта, фæлæ ма Хуссар Ирыстоны, рæстдзинады интерестæ. Нæ республикæйы уымæн уыд стыр кад, адæм æй бирæ уарзтой», – загъта Бибылты Анатоли.

Мадзалы хайад райстой Скæсæн Сараевойы муниципалитеты къухдариуæггæнæг Любиш Чосич æмæ Уæрæсейы минæвар Босни æмæ Герцоговинæйы Петр Иванцов.

Хуссар Ирыстоны делегаци ма бабæрæг кодта уæрæсейаг бархи æфсæддонты уæлмæрд.

Бон раздæр горæт Баня-Лукæйы Бибылты Анатоли дидинджытæ сæвæрдта 12 сабийы цырты раз. Уыцы ноггуырдтæ фæхъуыдысты Республикæ Сербимæ кæй не рбауагътой туаггуыр, уый аххосæй.

Уый та сæ цардæн уыд æнæмæнгхъæуæг.

Бибылты Анатолиимæ балцы сты Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ Фæсарæйнагхъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Уалыты Генæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.