Хорз хъæппæрис равдыста Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты совет, хæст, куыст, Гарзджын тыхтæ æмæ Барадхъахъхъæнæг органты тыххæй мыхуыры фæрæз «Ветеран» уадзын кæй райдыдта, уымæй. Газет кæд æрæджы фæзынд рухсмæ (рацыд уал дзы нырма дыууæ номыры), уæддæр уарзон ссис газеткæсджытæн. Уый уымæн, æмæ йæ фæрстыл æвдисы ветеран æмбæстæгты тыххæй алыгъуызон цымыдисон æрмæджытæ, зонгæ сæ кæны сæ цард æмæ хъайтарон сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уый та, æнæмæнг, хорзæрдæм æндавдзæн кæстæр фæлтæрыл, ноджы лæмбынæгдæр зонгæ кæндзысты хистæр фæлтæры æвæрццаг цаутимæ.

«Ветеран»-ы ацы номыры дзырд цæуы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг Гатыгкоты Захар Иосифы фырт цы хæстон кадджын фæндæгтыл рацыд, уыдон тыххæй цыбыртæй журналист Джиоты Ульянæйы уацы, ис ма дзы йæ къам дæр. Гатыгкойы фырт уыд Стыр Октябры социалистон революцийы æмбай. Хæсты дæрзæг фæндæгтыл рацыд хæст æмæ фæллойы ветеран, йæ Райгуырæн Ирыстоны æцæг патриот, ныртæккæ дзæнæттаг Хъуылымбегты Петр дæр. Газеткæсæг ноджыдæр базонгæ уыдзæн йæ бирæ хорзæхтимæ, йæ къам ын куы фена, уæд. Нæ республикæйы ветеранты æмхæларадыл 30 азы кæй сæххæст, уый тыххæй йæ уацы дзуры Ветеранты советы Сæрдар Бесаты Вячеслав. Бæрæг куыд у, афтæмæй хæст æмæ фæллойы Æхсæндунеон ветеранты организацийы сконды сты Уæрæсе, Казахстан, Белорус, Таджикистан, Сомихстон, Эстони, Латви, Литвæ æмæ æндæртæ – æдæппæт сты 15. Æхсызгон у уый банысан кæнын, æмæ организацийы сконды кæй ис Республикæ Хуссар Ирыстон дæр. Бесайы фырт дарддæр дзуры сæ организацийы архайды тыххæй.

«Ехх, ветерантæ!», зæгъгæ, ахæм сæры бын ветераны кадджын хъуыддæгтыл дзуры республикæйы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз. Газеты ма мыхуыр æрцыдысты Æхсæнадæмон Цæдисы 6-æм съезды делегатты сидт фæсивæдмæ, стæй Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Гаглойты Ароны уац «Нæ фыдты æмæ дадаты цæвиттоныл хъомыл кæнын» æмæ Хуыгаты Миленæйы уац «18 хосдзау хæстоны номарæн акци». Ацы мыхуыры органы фæстаг фарсыл ма газеткæсджытæ бакæсдзысты Уалыты Гайоз æмæ гимназ «Рухс»-ы 5-æм къласы ахуырдзау Коцты Лолитæйы æмдзæвгæтæ «Мады кадæг» (Беслæны скъолайы кæрты) æмæ «Дорогим защитникам Отечества».

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.