2017 азы 22 декабры Хуссар Ирыстоны Ветеранты советæн уыд рабадт. Рабадты рæстæджы РХИ-йы Ветеранты советы Президиум хыгъд сарæзта, афæдзы дæргъы цы бакуыста, уый тыххæй. Уымæй дарддæр уынаффæ цыд 2018 азы Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты фарстатыл, Ныгуылæны нæ адæмты истори кæй зыгъуыммæ кæнынц, уый фæдыл æмæ 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстиуджытыл.

Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы сæрдар Бесаты Вячеслав  банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы цæрджыты  98 проценты сты Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ æмæ æрсидт æппæт ветерантæм, цæмæй хайад райсой Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты æмæ æвзæрстыты хайад райсыны тыххæй æмбарынгæнæн куыст кæной цæрджыты ‘хсæн.

Фæстаг рæстæджы сæ сæртæ сдардтой алыгъуызон дам-думгæнджытæ æмæ нæ историйы фальсификатортæ, сæрмагондæй та, 1941-1945 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстиуджытæ зыгъуыммæ чи кæны, уыдон. Афтæмæй та нæ историйы ацы цау нырма дæр иу æмæ æнгом кæны раздæры Советон Цæдисы республикæты адæмты. Æппæт уыдæттæ ветерантæй домынц, цæмæй дам-думгæнджыты æмæ фальсификаторты рабæрæг кæныны сæраппонд активонæй, ныфсхастæй тох кæной. Ацы фарстаты фæдыл бацæттæ æрцыд æмбæлон сидт ветеранты организациты къухдариуæггæнджытæм æмæ æндæр æхсæнадон организацитæм, æппæт ветерантæм.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.