Хъæууон хæдзарады министрады ветеринарон службæтæ бæлвырд кæнынц, Хуссар Ирыстоны районты цы хуытæ амардысты, уыдонмæ африкæйаг хуыты емынæйæ зæрдæ æхсайæн ис æви нæ, уыцы хъуыддаг. Ныртæккæ ветеринартæ сгарынц цæрæгойты мæрдтæ, уагъдæуы ветеринарон-санитарон экспертизæ.

«Бынтон æрæджы ветеринартæ ацыдысты, хуытæ кæм амардысты, уыцы цæрæн пункттæм. Уыдон æмбырд кæнынц æрмæг африкæйаг емынæйы фæдыл раиртæстытæ ауадзыны сæраппонд. Фæлварæн æрмæджыты фыццаг хай уал арвыстой Ставрополы ветлабораторимæ. Кæд æмæ дзы низы нысæнттæ фæбæлвырд уой, уæд æвæрд æрцæудзæн карантин. Карантины рæстæджы нал уыдзæн хуыйы фыдæй конд продукттæ уæй кæ-нын æмæ сæ æттæмæ ласыны бар», – загътой Хъæууон хæдзарады министрады.

Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ, низы апарахаты аххос уыд, хуытæ уæгъдибарæй кæй цыдысты æмæ низджын фосимæ кæй иу кодтой, уый.

«Абоны бон махмæ нæй бæлвырд зонæнтæ, фосæй цас амард, уый фæдыл, уымæн æмæ фермертæ ницы хъусын кæнынц ветеринарон службæтæн. Хуытæм африкæйаг емынæйы низы нысæнттæ бафиппайгæйæ, фермертæ æвæстиатæй хъуамæ фехъусын кæной ветслужбæйæн», – зæгъынц пресс-службæйы.

Уыдоны ныхæстæм гæсгæ, ветслужбæйы кусджытæ райсынмæ хъавынц æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй низ дарддæр мауал апарахат уа.

«Хуыты африкæйаг емынæйы низы профилактикæйы нысанæн хъуамæ хуытæ конд уой хицæнæй, хъуамæ уæгъдибарæй ма рацу-бацу кæной æмæ ма иу кæной æндæр цæрæн пунктты цæрæгойтимæ, афтæ ма иу ранæй иннæ ранмæ ласт цæуой æрмæстдæр районы паддзахадон ветслужбæйæ бар райсгæйæ», – загътой ветслужбæйы.

Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй африкæйаг емынæ адæймагæн тæссаг нæу.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны территоримæ африкæйаг емынæ кæй æрбацыд Гуырдзыстонæй 2007 азы. 2010 æмæ 2011 азты африкæйаг емынæ Хуссар Ирыстоны куы апарахат, уæд фермерты фосæн бачындæуыд стыр зиæнттæ.

Хуыты африкæйаг емынæ (африкæйаг тæвдниз, скæсæнафрикæйаг емынæ, Монтгомерийы низ) у вирусон хæцгæниз. Фыццаг уый бахынцыдæуыд 1903 азы Хуссар Африкæйы, æмæ Хæцгæнизты æхсæнадæмон классификацимæ гæсгæ хауы уæлдай тæссагдæр низтæм. Адæмæн уыцы низ тæссаг нæу. Хуыты африкæйаг емынæйæн схосгæнæн нæй æмæ фосæн вакцинæтæ куы аразай, уæд дæр ыл нæ тых кæнынц. Низ цæмæй ма апарахат уа, уый тыххæй хъæуы цæхгæр карантинон мадзæлттæ исын – арæнтыл карантины постытæ æрæвæргæйæ.

Хъæууон хæдзарады министрады пресс-службæ      

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.