Майы мæйы фынддæсæм бон Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон кæй у, уый цытæн Ирыстоны уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзты фарстытæ ныртæккæ ахсджиаг кæй сты, уый тыххæй фæдисхъæр кæнынц нæ ахуыргæндтæ æмæ нæ разамынад. Сæйраг у, цæмæй ма бауадзæм сæфын нæ рагфыдæлты æмæ Хетæгкаты Къостайы рæсугъд, хъæздыг æмæ цардхъом æвзаг. Ирон дзырд, ирон ныхасы цæмæй дарддæр дæр фарн уа æмæ сын нæ сомбоны фæлтæр уырдыг лæууой, уый тыххæй 14-æм майы ныхас цыдис информацион агентад «Спутник»-ы пресс-центры, Мæскуы æмæ Цхинвалы ‘хсæн цы видеохид арæзт æрцыд, уым. Журналисттæ мадзалмæ æрбахуыдтой филологон зонæдты кандидат, доцент Дзиццойты Юри, историон зонæдты кандидат, журналист Хъуылымбегты Роберт æмæ ХИПУ-йы ахуыргæнæг, фыссæг æмæ журналист Годжыцаты Неллийы. Мæскуыйæ видеохиды руаджы семæ ныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады культурæйы фарстыты фæдыл атташе Владимир Сергеев.

Мадæлон æвзаджы бæрæгбоны тыххæй æппæт ирон адæмæн дæр раарфæ кодта Дзиццойты Юри æмæ йæ хъуыдытæ загъта нæ ирон æвзаджы тыххæй. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, раздæр дæр æмæ ныр дæр ирон æвзагæн кæй ис, нырма скъуыддзаггæнинаг чи сты, ахæм фарстытæ. Фæлæ абоны дуджы мадæлон æвзаг сæрибар кæй у, дæлдзиныг кæй нал цæуы æмæ дарддæр кæй хъæуы кусын йæ райрæзты тыххæй, уый, зæгъгæ, у сæйраг. Дзиццойы фырт ма банысан кодта, зæгъгæ, абон ирон æвзагæн ис паддзахадон статус, фæлæ æндæр хъуыддаг у, мах куыд æмбарæм паддзахадон статус æмæ йæ куыд æххæст кæнæм, уый. «Махмæ ис паддзахадон æвзæгты тыххæй закъон, афтæ ма къорд мадзæлттæ ирон æвзаджы райрæзт æмæ йæ бахъахъхъæныны тыххæй. Фæлæ æз зæгъдзынæн уый, æмæ ирон æвзаг æрмæст гæххæттыл у паддзахадон, фæлæ, хъыгагæн, паддзахадон æвзаджы функцитæ не ‘ххæст кæны. Абон куы азилæм, уæд фендзыстæм, паддзахадон организациты официалон документтæ арæзт кæй цæуынц æрмæстдæр уырыссаг æвзагыл. Хъыгагæн, æппæт официалон документтимæ  ирон æвзагыл мах базонгæ вæййæм бынæттон массон информацийы фæрæзты руаджы, кæцыты ратæлмац кæнынц журналисттæ.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны стыр нысаниуæджы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Хъуылымбегты Роберт. Уый йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, фæсивæд Цæгат Ирыстоны дæр æмæ нæ республикæйы дæр се ‘ргом кæй аздæхтой мадæлон æвзаг, ирон культурæмæ, йæ традицитæм. «Ирон æвзагмæ цымыдис кæнынц, Ирыстонæн æддейæ чи цæрынц, уыцы ирæттæ дæр æмæ сæ къухты цас æфты, уыйас аудынц ирон дзырд æмæ ирон ныхасыл. Ирон æвзаг махæн у, аргъ кæмæн нæй, ахæм хæзна. Фыццаджыдæр, ирондзинад, ирон æвзагыл адæм хъуамæ ахуыр кæной сæ хæдзæртты. Афтæ куы нæ уа, уæд цыфæнды тыхмитæй æмæ барамындтæй дæр ничи никæй сдзурын кæндзæнис мадæлон æвзагыл. Уый хъуамæ цæуа адæймаджы зæрдæйæ æмæ йæ уарза, куыд йæхи хъæбулы, афтæ», – загъта Хъуылымбегты Роберт.

Йæ рады Владимир Сергеев дæр Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны цытæн йæхи æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыры номæй арфæ ракодта ирон адæмæн, афтæ ма бакаст Гасситы Знауыры арфæйы фыстæг дæр.

Журналист æмæ фыссæг Годжыцаты Нелли банысан кодта, зæгъгæ, литературон преми «Булæмæргъ» стыр ахъаз фæцис йе сфæлдыстадон царды æмæ бузныджы ныхæстæ загъта йæ автортæн. «Мæнæн «Булæмæргъ»-ы преми стыр ахъаз фæцис ме сфæлдыстадон куысты. Цæмæй мæ раздæры куыстытæн саргъ кодтаин æмæ дарддæр серьезонæйдæр æрæв-налдтаин сфæлдыстадон процессмæ. Уый у тынг ахсджиаг æмæ бузныг, чи раразмæ кодта ацы преми, æппæт уыдонæн», – банысан кодта Годжыцаты Нелли.

Хъуылымбегты Роберт банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыры хайбавæрд ирон æвзаджы райрæзты хъуыддаджы у стыр æмæ уый фæрцы организацигонд кæй æрцыд литературон преми «Булæмæргъ».

Видеохиды рæстæджы ма Владимир Сергеев цыбыртæй æрдзырдта хуссарирыстойнаг минæварад цавæр куыст кæны, цæмæй ирон æвзаг æмæ культурæ популяризацигонд цæуой Уæрæсейы. «Мах, кæд алы бон нæ, уæддæр къуыри цалдæр боны æмбæлæм ирон диаспорæимæ. Зæгъæм, абон та хъуамæ бацæуон зындгонд скульптор Соскиты Владимиры равдыстмæ. УФ-йы Хуссар Ирыстоны минæварады æххуысæй стыр куыст бакодтам, цæмæй организацигонд æрцыдаиккой Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры гастролтæ. Сæ гастролон балц ацыдис бæрзонд æмвæзадыл. Режиссертæ æмæ  нæ актертæ фæфæрсынц, зæгъгæ та сын кæд уыдзæн радон гастролтæ», – загъта Сергеев. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Мæскуыйы бирæ ирон бинонты фæнды, цæмæй сæ сывæллæттæ ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг. «Мæскуыйы æрмæст бинонты ‘хсæн ирон æвзаг сахуыр кæнын фаг нæу, хъæуынц мадзæлттæ æмæ коммуникацитæ. Мæскуыйаг ирон общинæйы æмвæзадыл уæвынад кæнынц цалдæр ахуырадон программæйы ирон грамматикæ сахуыр кæныны тыххæй. Уымæн нырма паддзахадон æххуыс нæ цæуы, фæлæ ирон диаспорæ, сæ уавæртæ сæ куыд амонынц, афтæ ахуыр кæнынц сæ мадæлон æвзаг дæр. Пандемийы размæ арæхдæр уагъд цыдысты культурон мадзæлттæ, цыран сывæллæттæ æвдыстой сæ зонындзинæдтæ ирон æвзаг æмæ культурæйæ», – загъта видеохиды уазæг.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.